Таймæзты Артур: Цæгат Ирыстоны хъуыд фылдæр фадгуытæ æрбайгом кæнын

© Sputnik / Наталья АйриянТаймæзты Артур
Таймæзты Артур - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгат Ирыстоны æвзарæн фадгуыты цур æрæмбырд æвзарджыты тынг бирæ нымæц

ЦХИНВАЛ, 9 апр — Sputnik, Болататы Алина. УФ Паддзхадон Думæйы депутат Таймæзты Артур, кæцы Хуссар Ирыстоны президенты æвзæрстыты ис æхсæнадæмон цæстдарæджы хуызы, банысан кодта Цæгат Ирыстоны кæй нæ фаг кæнынц æвзарæн фадгуытæ.

Избирательный участок в мкр. Московский - Sputnik Хуссар Ирыстон
МХМ: ӕвзӕрстытӕ Хуссар Ирыстоны цӕуынц сабырӕй

РЦИ-Аланийы æртæ фадыгыл ис тынг бирæ æвзарджыты нымæц, кæцыты фæнды æвзæсртыты хайад райсын, уыдоны бахъæуы барæ рæстæг æддейæ лæууын стыр радты тыххæй. Уыимæ иумæ ма ам ис æвзæр боныгъæд.

Таймæзты Артур нымайы, кæй хъуыд фылдæр фадгуытæ бакæнын Цæгат Ирыстоны.

"Иумæгай æвзæрстытæ цæуынц сабыр уавæры, æвзæрстытæм æрбацыд тынг бирæ адæм, уыдон активонæй хъæлæс кæнынц. Фæлæ мæ фæнды зæгъын, кæй хъуыд фылдæр фадгуытæ саразын, уымæн æмæ активондзинад у тынг бæрзонд", — загъта Таймæзты Артур.

Выборы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны ЦӔК: хъæлæскæнынад райдыдта

Паддзахады уæлдæр постмæ ис æртæ кандидаты —архайгæ президент Тыбылты Леонид, парламенты спикер Бибылты Анатолий æмæ ПӔК-ы кусæг Гаглойты Алан.
Хъæлæскæнынад адарддæр уыдзæн

20:00 сахатмæ бынæттон рæстæгæй (кæцы мæскуыйагимæ у иугъуызон).Хуссар Ирыстоны хъæлæскæнынадмæ сæ хъус дарынц 80 цæстдарæджы Уæрæсе, ДАР, ЛАР, Хæххон Карабах, Днестргæрон республикӕ ӕмӕ Цæгат Ирыстонæй.

Ӕвзæрстытæ æрцæудзысты нымад, регистрацигонд æвзарджытæы æрбацыд 50%-æй къаддæр куы нæ уа, уæд.

Ног хабӕртты лентӕ
0