Уӕрӕсейы ЦӔК-ы цӕстдарджытӕ нӕ рафӕлгъаудтой фӕткхалӕн цаутӕ

© SputnikВыборы
Выборы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы ЦӔК-ы цӕстдарджытӕ бабӕрӕг кодтой20-ӕй фылдӕр ӕвзарӕн фадыджы, уыдон нымӕцы районты дӕр, уыдонӕй иуы дӕр фӕткхалӕн цаутӕ бӕрӕг не рцыдысты

ЦХИНВАЛ, 9 апр — Sputnik, Козаты Диана. Уӕрӕсейы Центрӕвзӕрсткъамы минӕвӕрттӕ, кӕцытӕ сӕ хъус дарынц Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрстыты ӕмӕ референдумы цыдмӕ, ницы серьезон фӕткхалӕн цаутӕ рафӕлгъаудтой ӕвзарӕн фадгуыты, загъта УФ ЦӔК-ы уӕнг Сиапшах Шапиев.

Выборы - Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦӔК: Хуссар Ирыстоны æвзæрстытæ нымад æрцыдысты

Республикӕйы президентон ӕвзӕрстытӕм сӕ хъус дарынц 80 ӕхсӕнадӕмон цӕстдарӕджы дунейы ӕхсӕз бӕстӕйӕ. Уыдон ныры онг ницы фӕткалды тыххӕй фехъусын кодтой.

"Мах бабӕрӕг кодтам 20-ӕй фылдӕр ӕвзарӕн фадыджы, уыдон нымӕцы районты дӕр. Фадгуытӕ иууылдӕр байгом сты рӕстӕгыл, сты дзы алкӕцы кандидаты минӕвӕрттӕ дӕр. Мах банысан кодтам ӕвзарджыты активон ӕрбацыд, фӕткхалӕн цаутӕ бӕрӕг не рцыдысты", — загъта Шапиев.

Уый ма банысан кодта, ЦӔК иттӕг хорз кӕй бацӕттӕ кодта ӕвзӕрстытӕ, уыдон уагъд цӕуынц бӕрзонд ӕмвӕзадыл.

Президентон æвзæрстытæ æмæ республикæйы ном раивыны фæдыл референдум уагъд цæуынц 77 æвзарæн фадыджы. Уыдонæй 72 æрбайгом Хуссар Ирыстоны территорийыл, æртæ — Цæгат Ирыстоны, фæйнæ иу та — Мæскуы æмæ Сухумы минæварадты.

Ног хабӕртты лентӕ
0