Транскам байгом ис

© Sputnik / Екатерина ВалиеваСход сели на Транскаме
Сход сели на Транскаме - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тæрккъæвдатæ æмæ зæйты рцæуыны тасæй бæрнон органтæ хуыцаубоны æрæхгæдтой фæндаг, райсомæй фæндагон змæлд тобæ нал у.

ЦХИНВАЛ, 24 апр — Sputnik. Транскамы автомагистрал фæндагон змæлдæн æрбайгом ис райсом 06:30 сахатыл, хъусын кæны РЦИ-Аланийы УУМ пресс-службæ.

Уагдоны бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фæндагон змæлдыл тобæ сæвæрдтой тæрккъæвдайы аххосагæн.

Цæгат Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады банысан кодтой, ныр дæр тæссаг кæй у зæйтæ 'рцæуынæй.

Транскавказаг магистраль цæуы бæрзонд хæххон бынæтты æмæ у иунæг фæндаг, кæцы иу кæны Хуссар Ирыстоны Уæрæсеимæ.

Хуыцаубоны æвзæр боныгъæды аххосæй ʻрцыд авари электронон рухсы хæтæлыл, кæцыйыл рухс цæуы Хуссар Ирыстонмæ. Дзæуджыхъæуы тыхдымгæ афæлдæхта бæлæстæ, систа хæдзæртты агъуыстытæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0