СДӔК ауадздзæн скъæхтытæ æбæрæгæй фесæфджыты хъысмæт сбæлвырд кæныны нысанæн

© МКККӔбæрæгæй фесæфæг адæмы хъысмæт сбæлвырд кæныны нысанæн фембæлд
Ӕбæрæгæй фесæфæг адæмы хъысмæт сбæлвырд кæныны нысанæн фембæлд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
СДӔК-ы эгидæйы бын Хуссар Ирыстон, Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны минæвæртты фембæлд уагъд æрцыд арæнгæрон хъæу Эргнетмæ æввахс

ЦХИНВАЛ, 28 апр — Sputnik. Гуырдзиаг-ирон хъаугъайы рæстæджы æбæрæгæй фесæфæг æмбæстæгты фæдыл Координацион механизмы хайадисджытæ æруынаффæ кодтой уыдоны хъысмæт рабæрæг кæныны фæдыл дарддæры къахдзæфтыл, загътой Sputnik Сырх Дзуары пресс-службæйы.

Цхинвал, Хъайтарты уынг, август 2008 азы. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рабæрæг 2008 азы æбæрæгæй фесæфæг хуссарирыстойнаг æмбæстаджы хъысмæт

Сырх Дзуары Ӕхсæнадæмон комитет сæрдариуæг кодта фембæлды нейтралон минæвары хуызы. Уый ссис Хуссар Ирыстон, Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны минæвæртты 11-æм фембæлд, кæцы ацыд арæнгæрон хъæу Эргнеты.

"Фембæлды хайадисджытæ æруынаффæ кодтой 2017 азæн конкретон æмæ координацигонд къахдзæфтыл, цæмæй æбæрæгæй фесæфæг æмбæстæгты бинонтæн лæвæрд æрцæуа информаци", — загътой пресс-службæйы.

СДӔК-æй æмсæрдар Северина Шапазы ныхæстæм гæсгæ, нывæзты ис цалдæр бынаты скъæхтытæ ауадзын, уый та домы æнæрлæугæ цæттæгæнæн куыстытæ æмæ процессы архайджыты æрæмныхгонд архæйдтытæ. Уый ссис ацæугæ фембæлды сæйраг нысан. Фембæлды хайадисджытæ ногæй бафидар кодтой сæ æмуддзинад процессмæ æмæ адих кодтой информаци 177 гоймаджы фæдыл, кæцытæ нымад сты æбæрæгæй фесæфджытыл конфликтты.

"Уый ратдзæн фадат ивындзинæдтæ хæссын номхыгъдмæ, уæвгæ бæрæггæнæнты максималон бæлвырдад сифтонг кæныны нысанæн", — загътой Сырх Дзуары.

Æбæрæгæй фесæфæг адæмы бацагуырды фæдыл æртæвæрсыг координацион совет сырæзт Женевæйы 2010 азы СДÆК-ы эгидæйы бын. Хайад дзы исынц Хуссар Ирыстон, Гуырдзыстон æмæ Сырх Дзуары минæвæрттæ.

Æбæрæгæй фесæфæг адæмы агурыны æртæвæрсыг координацион механизм хæссы æрмæстдæр гуманитарон нысаниуæг. Женеваг дискусситы æмрæнхъ уый у ахæм фæзуат, цыран уынаффæ кæнынц, 90-æм азты райдайæнæй 2008 азы августы агрессийы онг æбæрæгæй цы адæм фесæфт, уыдоны хъысмæт сбæрæг кæныныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0