Хуссар Иры районты иуварс кæнынц тæрккъæвдаты фæстиуджытæ

© Sputnik / Алексей КовалевСтроительство дороги в Квайса
Строительство дороги в Квайса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тыхджын тæрккъæвда æмæ их, кæцытæ æруарыдысты ивгъуыд улæфт бонты, фехæлдта Дзауы æмæ Знауыры районы цалдæр хъæуы фæндæгтæ

ЦХИНВАЛ, 13 июн — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы администраци дыццæджы æрæвнæлдта тæрккъæвдаты фæстиуджытæ иуварс кæнынмæ, кæцытæ фехæлдтой бынæттон фæндæгтæ æмæ ссисты цæугæдæтты доны æмвæзады фæбæрзонддæры аххосæг, фехъусын кодтой Sputnik районон администрацийы пресс-службæйы.

"Районы хæлд сты фæндæгтæ иууылдæр. Дæлдзырæтты фæстиуджытæ аиуварс кæнынмæ æрæвнæлдой улæфтыты фæстæ — дыццæджы райсомæй. ЦКХ-ы техникæ иууылдæр кусы, куыст дарддæр кæндзыстæм. Параллелонæй администраци аразы аргълæвæрд бакæнгæ зианæн", — банысан кодтой пресс-службæйы.

Дзауы районы тæрккъæвдайы фæстæ фæбæрзонддæр цæугæдæтты æмвæзад, уый та бакодта стыр зиан горæт Къуайсайы фæндæгтæ æмæ электрозæджы хæххытæн. Горæты æмæ районы администрацитæ хъуамæ саразой былгæрон-фидаргæнæн агъуысттæ, доны æмвæзад куыддæр фæкъаддæр уа, афтæ.

Донивылд фехӕлдта фӕндаг сылгоймӕгты моладзандоны Алагиры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Донивылд фехӕлдта фӕндаг сылгоймӕгты моладзандоны Алагиры

Ведомствæйы ма банысан кодтой, æрдзон бæллæх кæй нæ бахъыгдардта хъæуты цæрджыты исад æмæ хуымгæндтæ, уый та бæрæг ахъаз у æвзæр боныгъæды фæстиуджытæ иуварс кæнынæн.

Сыхаг Знауыры районы, бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, тыхджын их æмæ тæрккъæвдатæ фесæфтой хуымгæндтæ æмæ ацух кодтой хъæуы цæрджыты тыллæгæй. Уымæй дарддæр ма, цалдæр хъæуы фæфæлдæхдысты бæлæстæ. Катаклизмы фæстиуджытæ цæрджытæ иуварс кодтой сæхи тыхтæй.
Администрацийы къухдариуæгад æмæ пресс-службæ разындысты æнæбафтгæ коментаритæ саразынæн.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0