Транскам у æхгæд цъыфы зæйы æрцыды тыххæй

© Sputnik / Владимир ИвановРокский тоннель на Транскаме
Рокский тоннель на Транскаме - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фæндаг æрцыд æхгæд Тамискы цур цъыфы зæйы æрцыды тыххæй

ЦХИНВАЛ, 21 июн — Sputnik. Транскамы автомагистраль, кæцы иу кæны Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны, у æхгæд цъыфы зæйы æрцыды аххосагæй, хъусын кæны Цæгат Иырстоны УУМ-ы сæйраг управлени.

"Транскавказаг автомагистралыл, Тамискмæ æввахс æрцыд цъыфы зæй. Фæндаг æрцыд æхгæд Уагдоны пресс-службæйы банысан кодтой, 00.30 мск сахатæй фæндаг кæй æрцыд æхгæд", — бамбарын кодтой уагдоны.

Ведомствæйы пресс-службæйы банысан кодтой, зæгъгæ, фæндагыл цы машинæтæ баззад, уыдон рауагътой.

"Боныцъæхимæ фæндагон службæтæ райдыдтой сыгъдæг кæнын нормативон параметрты онг. Знон тас уыд цъыфы зæйы æрцыдæй, зæхх удæст кæй у тæрккъæвдаты донæй, уый тыххæй", — дзырдæуы УУМ-ы хъусинаджы.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0