Хуссар Ир, Уæрæсе æмæ Абхазы катайы æппары Гуырдзыстон æмæ НАТО-йы æмархайд

© Sputnik / Георгий Базаев /  Ахизын медиабанкмæОткрытие совместного учебно-тренировочного центра НАТО в Грузии
Открытие совместного учебно-тренировочного центра НАТО в Грузии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фæскавказы æдасдзинады фæдыл женеваг дискусситы 40-æм раунд уагъд æрцыд 20-21 июны, уынаффæты сæйраг темæ ссис, цæмæй Гуырдзыстон ма спайда кæна тыхæй Хуссар Ирыстон æмæ Абахазы ныхмæ

ЦХИНВАЛ, 22 июн — Sputnik. Уæрæсе, Абхаз æмæ Хусар Ирыстоны делегацитæ Фæскавказы æдасдзинады фæдыл женеваг дискусситыл равдыстой катай, Гуырдзыстон æмæ НАТО-йы æмархайд кæй фæарфдæр ис, уый фæдыл, хъусын кæны РИА Новости УФ-йы ФХМ-ы хъусинаг.

Женевæйы 20-21 июны уагъд æрцыдысты Фæскавказы фæдыл æхсæнадæмон дискусситы фæлгæтты радон консультацитæ. Хайад дзы райстой Хуссар Ирыстон, Абхаз, Уæрæсе, Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы, афтæ ма ООН, ОБСЕ æмæ Евроцæдисы минæвæрттæ. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лæууыд фæсконфликтон уавæр æрбиноныг кæнын фæдыл РХИ президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурæт.

Здание правительства - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир фæаххосджын кодта Гуырдзыстоны тыхæй ма спайда кæныны уынаффæйы фехæлды

"Альянсы парламентон ассамблейы резолюци, кæцы райст æрцыд Тбилисы, радон хатт равдыста НАТО-йы шаблонон æмæ иуварсон ахаст Фæскавказы уавæрмæ", — дзырдæуы уæрæсейаг ФХМ-ы хъусынгæнинаджы.

Уагдон ма нысан кæны, УФ, Хуссар Ир æмæ Абхазы делегацитæ кæй здæхтой хайадисджыты хъусдард гуырдзыстоны политикон агрессийы фæтыхджындæрмæ, йæ æрæджыйы конфронтацион ралæудтæм алыгъуызон æхсæнадæмон фæзуæттыл.

Фембæлды ма нысан цыд, ООН, Евроцæдис, ОБСЕ æмæ Уæрæсе кæй нымайынц Фæскавказы æдасдзинады фæдыл уавæр сабыр æмæ стабилоныл. Ацы къабазы ма, дзырдæуы хъусинаджы, Гуырдзыстоны æрдыгæй бындурон къахдзæфтæй иу кæй уаид Абхаз æмæ Хуссар Иримæ арæны делимитаци æмæ демаркацийы фæдыл иумæйаг куыст.

Фæскавказы фæдыл женеваг дискусситы радон раунд ацæудзæн 10-11 октябры.

Ног хабӕртты лентӕ
0