Цæмæн фиды хуссарирыстойнаг хъæу Икъорта æхца Гуырдзыстонæн

© Sputnik / Наталья АйриянСело Арцев
Село Арцев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арæнгæрон хъæу Икъортайы хъæуы цæрджытæ сафынц сæ тыллæг, донхæрæн канал гуырдзиаг хъæуы уылты кæй цæуы, уый тыххæй, фæлæ уый сæ иунæг проблемæ нæу

ЦХИНВАЛ, 13 июл — Sputnik. Хуссарирыстойнаг хъæу Икъорта электрон рухс исы Гуырдзыстонæй. Цхинвалæй сæм электрон хахх нæма ныхæццæ ис, уымæ гæсгæ йæ рухс исынц Гуырдзыстонæй. Кæй зæгъын æй хъæуы рухсы фиддонтæ дæр цæуынц уырдæм. Уый та вæййы афтæ: мæйы кæрон хъæуы цæрджытæ æрæмбырд кæнынц æхца æмæ "хъалон" ахсынц арæныл сындзтелы сæрты.

Ӕнæзаконон хъалон

Бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, сæйрагдæр у арæнхъахъхъæнджытыл ныхæй-ныхмæ ма сæмбæлын. Арæны уыцы фарсæй æрбацæуы æрвыст лæг æмæ ахæссы æхца. Коммуналон фиддонты ахæм фидыны хуыз кæд æнахуыр у хуымæтæг адæймагæн, уæддæр ыл Икъортайы хъæуы цæрджытæ сахуыр сты æмæ ма æндæр бирæ цæмæдæрты дæр.

высокогорные сёла Дзауского района - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзауы районы фондз хъæу ифтонг æрцыдысты нуазыны донæй

"Мæйы мидæг хъæуы цæрджыты электроифтонгады фиддонтæ схизынц 7500 мин соммы онг. Мах æрæмбырд кæнæм суммæ, уый фæстæ махæй исчи арæнхъахъхъæнджыты сусæгæй хъуамæ бацæуа арæнмæ æмæ сындзтелы сæрты ахса æхцатæ. Арæны уыцы фарсæй дæр æрбацæуынц æмæ сæ ахæссынц. Сæйрагдæр уыцы хъуыддаджы вæййы арæнхъахъхъæнджытыл ныхæй-ныхмæ ма сæмбæлын", — дзурынц цæрджытæ.

Зымæгон рæстæг электрохызæджы телтæ ныскъуыдтæ вæййынц æмæ хъæуы цалдæргай бонтæ нæ вæййы рухс. Уæд хъæуы цæрджытæ телефонæй адзурынц сæ зонгæтæм сыхаг гуырдзиаг хъæуы, цæмæй сын баххуыс кæной телтæ сцалцæг кæнын. Цхинвалæй электрохызæджы хахх ныридæгæн айгæрстой сыхаг хъæу Арцеумæ, фæлæ Икъортайы онг нырма ис 4 километры.

Смаггæнаг дон

Хъæуы нæй медпункт, скъола, клуб æмæ иууыл сæйрагдæр, хъæуы нæй дон — нæдæр донхæрæн, нæдæр нуазыны. Хæлцадон дуканитæ дæр дзы нæй. Ӕрмæстдæр æрдæгхус тыллæгимæ быдыртæ. Бынæттон цæрджытæ æнæдызæрдыг сты, "кæй сты рохгонд адæмæй дæр æмæ Хуыцауæй дæр". Иунæг суадонæй пайда кæнынц хæдзарон фосимæ иумæ.

"Ацы ратæдзæны сæхи найынц хуытæ, нуазынц дзы хъуццытæ æмæ мах дæр дон исæм уырдыгæй. Дыууæ сахатæй фылдæр куы алæууы мигæнæны, уæд райдайы фосы смаг кæнын, уымæ гæсгæ дзы спайда кæнын хъæуы æвæстиатæй",- дзуры бынæттон цæрæг Сергей.

Хъæусоветы хистæр дзуры хъæуы кæй ис 19 хæдзары. Цæрынц дзы ирæттæ дæр æмæ гуырдзиæгтæ дæр. Кусæгон бынæттæ дзы нæй, уымæ гæсгæ Икортайы цæрджытæ æхца райсынц æрмæстдæр сæ хæдзарадæй. Цыхт, æхсыр, нас æмæ нартхор зæрдиагæй агурынц фæлхасгæнджытæ Цхинвалы хуыцаубонон базары.

"Хуыцаубонты мах сæумæрайсомæй афæндараст вæййæм цхинвайлаг базармæ, уым ауæй кæнæм нæ продукци, балхæнæм нæхи цы хъæуы, уый æмæ раздæхæм фæстæмæ. Рейсон автобус нæ хъæуы онг нæ цæуы, уымæ гæсгæ вæййæм нæ хъæуæй искæмæн лæгъстиаг, цæмæй нæ ныккæна горæты онг", — дзуры Икъортайы цæрæг Нино.

Замок-дворец Касанских Эриставов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕмӕй цӕры Ленингор

"Махæй 300 метры дæрддзæф ис гуырдзиаг хъæу Квеши — ууылты цæуы нæ донхæрæн канал. Уыцы хъæуы цæрджытæ дон ауадзынц сæхи быдыртæм, махæн та хус кæнынц. Ацы проблемæ махæй никæмæн у йæ бон аскъуыддзаг кæнын. Ацы фарст мах истам районон хицауады æмвæзадыл дæр, афтæ арæнхъахъхъæнджыты æмвæзадыл дæр, фæлæ дон уæддæр нæй",- дзуры бынæттон цæрæг Владимир.

Бынæттон цæрджытæ бирæ хæттыты цыдысты сæ проблемæтимæ хицауады минæвæрттæм. Дзурынц, зæгъгæ сæ ницы пайда уыд. Ныр уал та уыдон катайимæ æнхъæлмæ кæсынц, иунæг æрдзон суадон кæй басур уыдзæн сæрды æнтæфы. Афтæ вæййы æрвылаз дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0