Ерохин: рахизæрдыгæй – Цæгат Ирыстон, галиуӕрдыгæй – Хуссар

© facebookДмитрий Ерохин
Дмитрий Ерохин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Трейлраннер Дмитрий Ерохин балхынцъ кодта Алайнаг ультрамарафон

ЦХИНВАЛ, 17 июл — Sputnik. Спортсменæн Цæгат Ирыстоныл адугъ кæныныл бахъуыд æртæ бонæй къаддæр. Ерохин алыгъд республикæйы фæндæгтæ æмæ туристон къахвæндæгтыл 230 км бæрц. Суткæйы мидæг алыгъд 80 км бæрц, хъусын кæны Ossetia News.

Бурхох, Ирыстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейаг згъорӕг фӕнд кӕны рекорд сӕвӕрын Ирыстоны хӕхты

"Тагъд цыды фыццаг рекорд. Финиш 3 350 метры бæрзондыл! Рахизæрдыгæй — Цæгат Ирыстон, галиуӕрдыгæй — Хуссар Ирыстон", — загъта Дмитрий.

Ультрамарафон арæзт æрцыд туристон клуб "Молодые ветра"-йы хъæппæрисæй. Уымæ гæсгæ, æрыгон адæм нывæндынц республикæ популярондæр саразын туристон планы.

Дмитрий Ерохин у фæлтæрдджын спортсмен, кæцы алыгъд дæсгай марафонтæ æмæ ультрамарафонтæ дунейы 20 бæстæйы. 2014 азæй райдыдта згъорын бирæбонон ультрамарафонтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0