Цхинвалы æрыгон футболисттæ стох кæндзысты Цæгат Ирыстоны фыццагады

© Sputnik / Ада БагианИгра в футбол в Цхинвале
Игра в футбол в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Турнир "Лига Надежд-2017"-ы уæлахиздзау "ИР-Цхинвал" та йæ тыхтæ бавзардзæн Хъырымы æхсæнадæмон футболы турниры

ЦХИНВАЛ, 2 авг — Sputnik. Цхинвалы сывæллæтты æмæ æрыгæтты футболы скъолайы командæтæ стох кæндзысты Цæгат Ирыстоны фыццагады æмæ æхсæнадæмон турниры Хъырымы, фехъусын кодта Sputnik футболы скъолайы директор Битеты Зауыр.

ФК Алани - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгат Ирыстоны сараздзысты "Футболы академи"

Ног сезоны сывæллæтты футболы командæтæн æрвылкъуыри уыдзæн фембæлдтæ цæгаттаг æрыгон футболисттимæ.

"Нæ фæнды ис 2004-2005 æзты гуырд сывæллæтты дыууæ командæйы сентябры акæнын Цæгат Ирыстон—Аланийы фыццагадмæ. Планмæ гæсгæ, сывæллæттæ цæудзысты ерыстæм цæгатмæ алы хуыцаубоны дæр. Нæ командæ "ИР-Цхинвал", кæцы июны рамбылдта "Лига Надежд-2017" Сочийы, азы кæрон та ногæй йæ тыхтæ бавзардзæн Хъырымы æхсæнадæмон футболы турниры", — загъта Битеты Зауыр.

Хуссар Ирыстоны сывæллæтты æмæ æрыгон фæсивæды скъолайы хъомылгæнинæгтæ ныридæгæн сты сæрдыгон улæфтыты. Командæтæ тренировкæтæм бавналдзысты 20 августæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0