МХМ-ы хистæр радзырдта ПАИ-йы кусæгимæ аварийы тыххæй: йæ бынатæй ист æрцæудзæн

© Sputnik / Наталья АйриянИгорь Наниев
Игорь Наниев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты министр радзырдта ПАИ-йы кусæджы ныхмæ службæйон басгæрсты цыды тыххæй кæцы нозтджын уæвгæйæ баскъæрдта дыууæ фистæгбæлццоныл Цхинвалы

ЦХИНВАЛ, 4 авг — Sputnik. МХМ-ы кусæг, кæцы нозтджын уæвгæйæ баскъæрдта машинæ чызджытыл Цхинвалы, рæстæгмæ иуварс æрцыд йæ куыстæй, фæстæдæр æй сисдзысты йæ бынатæй, фехъусын кодта пресс-конференцийы рæстæджы Цхинвалы РХИ мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь.

"Сæрмагонд æдасдзинады управлени уадзы службæйон басгæрст ПАИ-йы кусæджы ныхмæ. Ис гæнæн æмæ хъуыддаг лæвæрд æрцæуа прокуратурæмæ дарддæры равзæрсты тыххæй. Фæлæ, куыдфæндыйæ дæр ист æрæудзæн йæ бынатæй", — загъта министр.

Уый ма банысан кодта, фыццаг хатт кæй нæу, барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ нозтджынæй машинæ куы скъæрынц, уый.

ПАИ. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Чызджытыл цы автоинспекцийы нозтджын кусӕг баскъӕрдта, уый сисдзысты йӕ бынатӕй

"Законы раз иууылдæр сты æмбар. Иу æмæ дыууæ хатты МХМ-ы кусджытæ сæхæдæг не ′скъæрдтой машинæ нозтджынæй. Ӕмæ кæд кусæг йæхæдæг халы закон æмæ дисциплинæ, уæд хъуамæ баййафа æмбæлон æфхæрд. Уыдис ахæм цаутæ æмæ иу кусджыты систой сæ бынæттæй", — бафтыдта Наниты Игорь.

Фæндагон фыдбылыз æрцыд 31 июлы æхсæв. ПАИ кусӕг Цхинвалы Ленины ӕмӕ Харебаты Исахъхъы уынгты алвӕндагыл скъуырдта йӕ машинӕйӕ дыууӕ ӕвзонг чызджы. Уыдон тагъд ӕххуысы машинӕйыл фӕхӕццӕ кодтой рынчындонмӕ, шофыр та ӕрцыд ахст. Аварийы бахауӕг чызджыты медиктæ ауагътой хӕдзармӕ цалдӕр сахаты фӕстӕ. Уыдон аирвӕзтысты рог цӕфтӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0