Абхазы президент: Хуссар Иры чи бахъахъхъæдта, уыдон нæмттæ цæрдзысты æнустæм

© Sputnik / Алексей Никольский /  Ахизын медиабанкмæПрезидент Абхазии Рауль Хаджимба.
Президент Абхазии Рауль Хаджимба. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гуырдзиаг хотыхджын дæлхайадты æрбалæбурдыл фараст азы сæххæсты бон, уыд телефонон ныхас Рауль Хаджимба æмæ Бибылты Анатолийæн

ЦХИНВАЛ, 8 авг — Sputnik. Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны президенттæ Рауль Хаджимба æмæ Бибылты Анатолий æрдзырдтой фараст азы размæ æрцæугæ цаутыл телефонон ныхасы, хъусын кæны Sputnik Абхазия.

Хуссар Ир, Абхаз, Донецк æмæ Луганскы парламенттæ бафыстой æмгуыстады фæдыл бадзырд

"Ацы бон æнустæм баззайдзæн Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы цæрджытæй алкæй зæрдæйы дæр. Ацы бон Гуырдзыстон бафæлвæрдта нæ адæмтимæ ахастдзинæдты фарст тыхы руаджы аскъуыддзаг кæнын. Уæрæсейы политикон къухдариуæгад райста æхсарджын скъуыддзаг Хуссар Ирыстон бахъахъхъæныны фæдыл æмæ йæ ма бауадзын зæххимæ сраст кæнын. Рухсаг уæт, хæдбардзинад æмæ сæрибардзинады сæрвæлтау сæ удтæ чи радтой, уыдон", — загъта Рауль Хаджимба.

Фараст азы размӕ 7 августы хæст райдыдта æмбисæхсæвмæ æввахс, Цхинвалы æмæ горæты алыварс хæдæфсады позициты карз ракетон-артиллерион æхстæй. Æхст нæ сабыр кодта цалдæр сахаты дæргъы, 8 августы райсом раджы горæты æмæ йæ алфамбылæйтты гуырдзиаг Æфсæддон-уæлдæфон тыхты "штурмовик"-тæ райдыдтой калын бомбæтæ. Уый фæстæ Цхинвалмæ бабырстой танктæ æмæ гуырдзиаг тыхон структурæты равзаргæ хæйттæ. Æхсты бын фесты уæрæсейаг фидауынгæнджытæ дæр: сæ батальоны æвæрд æнæхъæнæй ныппырх танкты æхстæй, амæттæгты нымæц кодта фылдæрæй фылдæр.

8 августы боны дыккаг æмбисы Уæрæсейы хицауад аскъуыддзаг кодта тугкалд æрлæууын кæнын. Хуссар Ирыстонмæ бацыдысты 58-æм æфсады дæлхæйттæ æмæ

Æфсæддон-десантон тыхтæ. Райдыдта Гуырдзыстоны сабырадмæ тыхæй æркæныны операци. Уый кæронмæ бахæццæ 12 августы гуырдзыстоны капитуляцийæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0