Ӕррайы низы ныхмӕ: Цхинвалы минӕй фылдӕр фос рацыд вакцинаци

© Sputnik / Наталья АйриянМаршрут выходного дня
Маршрут выходного дня - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ветеринарон паддзахадон управлени аразы хӕдзарон фосӕн ӕнӕаргъӕй вакцинаци

ЦХИНВАЛ, 10 авг – Sputnik. Цхинвалы уагъд цӕуы хӕдзарон фосы вакцинаци ӕррайы низы ныхмӕ, загътой Sputnik хъӕууон хӕдзарады министрады пресс-службӕйы.

Африкӕйаг емынӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Африкӕйаг емынӕ цӕгъды хуыйы мыггаг Знауыры районы

"Вакцинацийы фарстыты фӕдыл хъӕуы бахатын ветеринарон дохтыртӕм паддзахадон уагдон "Управление ветнадзора"-мӕ. Ӕнӕмӕнг вакцинаци куитӕн ӕмӕ гӕдытӕн ӕррайы низы ныхмӕ цӕуы ӕнӕаргъӕй. Уыимӕ иумӕ цӕуы хӕдзарон фосы сфыст дӕр", — загътой уагдоны

Уым ма банысан кодтой, ацы азы фыццаг ӕмбис ӕррайы низӕй бахизыны тыххӕй вакцинаци рацыд иу минӕй фылдӕр хӕдзарон фос.

Цуанон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры тугдзых сырдтӕ куынӕг цӕудзысты комплексон программӕмӕ гӕсгӕ

Къӕбылатӕ ӕмӕ гӕдыйы лӕппынтӕ фыццаг хатт вакцинаци рацӕуынц дыууӕмӕйдзыдтӕй, фӕлахаттонӕй та 3-4 къуырийы фӕстӕ. Хъомыл фос вакцинаци рацӕуы аз иу хатт.

"Ӕррайы низы фӕдыл уавӕр у сабыр, фӕлӕ тӕссагдзинад ис ӕдзух. Ӕнӕмӕнг хъӕуы ӕррайы низы ныхмӕ вакцинаци рацӕуын", — балхынцъ кодтой уым.

Вакцинаци хауы ӕрмӕст хӕдзарон фосмӕ, ӕнӕхицау куиты ӕмӕ гӕдыты горӕты хицӕуттӕ кӕнынц маргӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0