Хуссар Иры парламенты спикер сарæзта комментарий Бурджанадзейы нывæзттæн

© Пресс-служба парламента РЮО Депутат от партии "Единая Осетия" Петр Гассиев
Депутат от партии Единая Осетия Петр Гассиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Гасситы Петр нымайы Гуырдзыстоны парламенты экс-спикер Нино Бурджанадзейы хъусинаг "хинæйдзаг фæрæзыл"

ЦХИНВАЛ, 11 авг — Sputnik, Босыкты Наталья. Гуырдзыстоны парламенты экс-спикер Нино Бурджанадзейы визит Хуссар Ирыстонмæ æрцæуæн цæмæн нæй, ахæм хъуыддаг у æмæ цы фæнды хуызы, уый ирон адæмæн ницы пайда æрхæсдзæн, загъта Sputnik хуссарирыстойнаг парламенты спикер Гасситы Петр.

Открытие совместного учебно-тренировочного центра НАТО в Грузии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир, Уæрæсе æмæ Абхазы катайы æппары Гуырдзыстон æмæ НАТО-йы æмархайд

Гуырдзыстоны парламенты экс-спикер Нино Бурджанадзе фехъусын кодта, кæй фæнд кæнын бацæуын Хуссар Ирыстон æмæ Абхазмæ æмæ ауадзын фембæлдтæ къухдариуæггæнджытæ æмæ бынæттон цæрджытимæ.

"Мæ хъуыдымæ гæсгæ, Нино Бурджанадзейы визит æрцæуинаг хъуыддаг нæу. Ирон адæмæн Бурджанадзе у Гуырдзыстоны национализм æмæ фашизмы символ. Ӕрымысын хъæуы йæ ныхæстæ, зæгъгæ, гуырдзиæгтæ Хуссар Ирыстонмæ куы ацæуой хæцынмæ, уæд йæ сывæллæттæ уыдзысты раззаг радты", — загъта Гасситы Петр.

Петр Гассиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Петр: хицауады дыууæ къабазы æхсæн конфронтацийы дуг аивгъуыдта

Уый схуыдта Бурджанадзейы хъусинаг "хинæйдзаг фæрæзыл" æмæ банысан кодта, ахæм амæлттæй уый кæй нывæнды Гуырдзыстоны политикон фæзуатмæ баздæхын.

"Ныртæккæ Бурджанадзе ахæм нысаниуæгджын фæлгонц нал у Гуырдзыстоны политикон фæзуатыл æмæ агуры пайда ахæм фадæттæй, куыд Хуссар Ирыстон æмæ Абхазмæ визиттæ. Нæ адæм цалдæр хатт баййæфтой геноцид Гуырдзыстоны æрдыгæй, уымæн ферох кæнæн æмæ ныббарæн нæй. Уый у ирон адæмы знаг", — загъта спикер.

Гасситы Петр æнæдызæрдыг у, ахæм политикон хъæзтытæ кæй сты миниуæгон Гуырдзыстонæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0