Бибылты Анатолий Абхазы хæсты тыххæй: уый уыд ирд уæлахиз

© Sputnik / Цагарели /  Ахизын медиабанкмæАбхазские ополченцы обороняются от грузинских боевиков
Абхазские ополченцы обороняются от грузинских боевиков - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий загъта æмзæрдæдзинады ныхæстæ йæ абхазаг коллегæйæн, Абхазы Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты Мысæн бон нысан кæй цæуы, уый фæдыл

ЦХИНВАЛ, 14 июл — Sputnik. Абхазы хъæбатыр адæм дыууын фондз азы размæ растадысты сæ бæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад бахъахъхъæнынмæ, 413 боны цы Фыдыбæстæйон хæст адарддæр ис, уый ахицæн агрессоры худинаг састæй. Уый тыххæй дзырдæуы Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы телы Абхазы президент Рауль Хаджимбамæ, къуырисæры Абхазы Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты Мысæн бон нысан кæй цæу, уый фæдыл.

УФ президент Владимир Путин. Архивон къам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Путин: Саакашвили 2008-æм азы хæст йæхæдæг нæ райдыдтаит

"Ацы бон 1992 азы æфсымæрон Абхазы территоримæ æрбабырстой Гуырдзыстоны хотыхджын къордтæ, мæлæт æмæ заууат æрхæсгæйæ. Абхазы хъæбатыр цæрджытæ бæстæйы разамонæг Владислав Ардзинбайы сæргълæудæй растадысты сæ бæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад бахъахъхъæнынмæ. Афтæ райдыдта абхазаг адæмы Фыдыбæстæйон хæст, кæцы адарддæр ис 413 боны æмæ ахицæн агрессоры худинаг састæй. Уый уыд сæрибаруарзаг абхазаг адæмы ирд уæлахиз", — хъусын кæны Бибылты Анатолийы ныхæстæйæ абхазаг коллегæмæ йæ пресс-службæ.

Хуссарирыстойнаг лидер банысан кодта, республикæйы ацы бон кæй мысынц фæмардуæвæг Абхазы хъахъхъæнджыты æмæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ, кæцытæ фыццæгты нымæцы æрцыдысты æххуысмæ абхазаг адæмæн.

Здание ООН в Нью-Йорке - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз фехъусын кодтой ООН-ы куысты хайадисты сæ барты тыххæй

Фыдыбæстæйон хæст Абхазы райдыдта 1992 азы 14 августы, гуырдзиаг æфсад республикæмæ куы бабырста, уæд. Абхаз ацы архæйдтытæн саргъ кодта, куыд республикæйы территорийы оккупаци æмæ растад йæ суверенитет хъахъхъæнынмæ.

"Ирыстоны авд саггуырд хъæбулы радтой сæ удтæ æфсымæрон Абхазы хæдбардзинад æмæ сæрибардзинады сæрвæлтау",- дзырдæуы телы.

Æфсæддон архæйдтытæ адарддæр сты 13 мæйы æмæ фесты гуырдзиаг гарзджын тыхты басастыл 1993 азы 30 сентябры. Абхазæгты æрдыгæй хæсты амæттæгтæ фесты æртæ мин адæймагæй фылдæр, фондз мин адæймагæй фылдæр райстой цæфтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0