Хъырымы ссардтой "скифаг сыгъзæринты" хуызæн фæлындæнтæ

© Sputnik / Дмитрий Коробейников /  Ахизын медиабанкмæЗолотое украшение скифов на выставке в ГИМ
Золотое украшение скифов на выставке в ГИМ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ссарæггæгтæ баххæст кæндзысты Бахчисарайы музейы фонд

ЦХИНВАЛ, 15 авг — Sputnik. Археологон къæхтыты рæстæджы Хъырымы ссардæуыд Нидерландты уæвæг "скифаг сыгъзæринты" коллекцийы хуызæн сыгъзæрин фæлындæнтæ, фехъусын кодта РИА Новостийæн Уæрæсейаг зонæдты академийы Хъырымы археологийы институты директор Вадим Майко.

Золотые пластины - Sputnik Хуссар Ирыстон
Скифаг сыгъзӕрин цы хъырымаг музейты уыд ӕвӕрд, уыдон бахъаст кӕндзысты тӕрхондоны уынаффӕйыл

"Ацы хатт ссарæггæгтæ сты уыцы гъæд æмæ пъланыл, кæцытæн сæ иу хай ис ныртæккæ Нидерландты…Уыдон фыццаджыдæр сты фæлындæнтæ, уый нымæцы бур згъæрæй", — загъта Майко.

"Скифаг сыгъзæрины" коллекци – 2 мин артефактмæ æввахс – аласт æрцыд хъырымаг музейтæй Амстердамы Аллард Пирсоны музейы равдыстмæ 2014 азы февралы райдианы, цалынмӕ Хъырым Уӕрӕсейы скондмӕ нӕ бацыд, уый размӕ.

Уый фӕстӕ уӕрӕсейаг ӕмӕ украинаг фарсытӕн, кӕцытӕ коллекци нымайынц сӕ исадыл, нӕ бантыст аскъуыддзаг кӕнын, кӕмӕн хъӕуы раздахын артефакттӕ. 2016 азы декабры ӕмбисы Амстердамы тӕрхондон аскъуыддзаг кодта хъырымаг коллекци Украинӕйӕн адӕттын. Фæлæ Хъырым ногæй бадæтта аппеляци, ис гæнæн æмæ хъуыддаг ногæй æвзæрст æрцæуа 2017 азы октябры.

Ног хабӕртты лентӕ
0