Мамысангомы мæсгуытæ суыдзысты музей гом арвы бын

© 15-й регионМамисонское ущелье
Мамисонское ущелье - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Лисрийы хъæуы ис архитектурон цыртдзæвæнты æнæхъæн комплекс, уый нымæцы æфсæддон æмæ цæрæн мæсгуытæ – гæнæхтæ, рагон уникалон кувæндон Мидгау, æрдæгпырхытæ аргъуан æмæ рагон уæлмæрд

ЦХИНВАЛ, 17 авг — Sputnik. Лисрийы хъæуы мыггаджы мæсгуыты архитектурон комплексæй сараздзысты музей гом арвы бын, хъусын кæны ПТРК Алания.

Хуыджеты Азайы хӕдзар-музей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуыджеты Азайы музей

Цæгат Ирыстоны иууыл дæрддзæфтæй къуымтæй иу – мамысангомы Лисрийы хъæуы ис архитектурон цыртдзæвæнты æнæхъæн комплекс. Сæ фылдæр сты æрдæгпырхытæ, фæлæ специалистты ныхæстæм гæсгæ, уæддæр ис гæнæн бахъахъхъæнын историкон объекттæ.

Мамысангомы, денджызы æмвæзадæй 2000 метры бæрзондыл, ис æвæрд хъæу Лисри. Ам цæрджытæ рагæй нал ис, фæлæ баззадысты йæ астæузаманон бæстыхæйттæ. Ам ис архитектурон цыртдзæвæнты æнæхъæн комплекс, уый нымæцы æфсæддон æмæ цæрæн мæсгуытæ – гæнæхтæ, рагон уникалон кувæндон Мидгау, æрдæгпырхытæ аргъуан æмæ рагон уæлмæрд.

ныв Нарты цӕл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тугъанты Махарбеджы музей смӕсты ныв "Нарты цӕл"-ы равдыст КБР-йы тыххӕй алӕвӕрды

Лисрийы ис тынг бирæ рагон цыртдзæвæнтæ. Уыдонæн сæ фылдæр хай баййæфтой стыр зиан æмæ дарддæр дæр пырх кæнынц. Бирæ мыггæгты минæвæрттæ сæхæдæг сфæнд кодтой сæ мыггаджы мæсгуытæ сæндидзын кæнын æмæ сын уыцы хъуыддаджы æххуыс кæнынц специалисттæ æмæ ахуыргæндтæ.

"Ӕнæмæнг хъуыддаг нæу æмæ уыдон æххæстæй æрцæуой реставраци. Ис ахæм æмбарынад, куыд консерваци. Хъæуы сæ фæфидардæр кæнын ныры æмвæзадыл æмæ ауадзын консерваци, цæмæй дарддæр мауал пырх кæной", — загъта Цæгат Ирыстоны культурон бынты объектты хъахъхъæнынады фæдыл комитеты минæвар.

Ацы рагон астæузаманон горæт у хæххон архитектурæйы цыртдзæвæн æмæ федералон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм культурон бынты объект. Уый ис æвæрд Кавказыл иууыл популярондæр туристон маршрутыл. Рæстæджы цыдимæ Лисри суыдзæн музей гом арвы бын.

Ног хабӕртты лентӕ
0