Бӕрзӕндтӕ сӕтджытӕ схиздзысты Хъазыбеджы хохмӕ

© Sputnik / фото из архиваВосхождение на гору Халаца
Восхождение на гору Халаца - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цыппæрæмы Хъазыбеджы хохы цъупмæ, 5000 метры бæрзæндмæ, араст уыдзæн 50 адæймаджы. Æппæты хистæрыл цæуы 70 азы. Æппæты кæстæрыл та 17

ЦХИНВАЛ, 17 авг — Sputnik. Цæгат Ирыстоны æппæты бæрзонддæр Хъазыбеджы хохмæ афæндараст сты альпинисттæ æмæ хуымæтæг адæм. Хохмæ фæлхатон балц арæзт цæуы 50 азы фæстæ, хъусын кæны ПТРК "Алания"

Хуссар ӕмӕ Цӕгат Иры ирвӕзынгӕнджытӕ басастой 3860 метры бӕрзӕнд

"Иу æнусы æмбисы фæстæ, республикон наукон библиотекæйы æрæмбырд сты, уæды студенттæ æмæ активисттæ 50 азы размæ Хъазыбеджы хохмæ чи ссыд, æмæ та ногæй уыцы фæндагыл ацæуын кæй фæнды. Фембæлдмæ æрбацыдысты кæстæр фæлтæр дæр. Ацы мадзал арæзт у Альпклуб "Каскад" æмæ Уæрæсейы ирвæзынгæнджыты цæдис. Хистæр фæлтæр радзырдтой 1967-æм азы хохы цъуппыл кæй ныууагътой жетонтимæ асыкк. Ног фæлтæр зæрдæ бавæрдтой, кæд æй ссарой, уæд сæ фæстæмæ ратдзысты сæ хицæуттæн", — дзырдæуы хъусинаджы.

1967-æм азы 1 500 адæймаджы ссыдысты Цæгат Ирыстоны æппæты бæрзонддæр хохы цъупмæ. Уыцы иу рæстæг альпиниадæ арæзт уыд Эвересты хохы дæр. Спортсментæ æмæ активисттæ уæд бæрæг кодтой социалистон революцийы 50 азы юбилей.

Ног хабӕртты лентӕ
0