Хуссар Иры УУМ-ы ирвæзынгæнджытæ фервæзын кодтой "зианбаййафæджы"

© Sputnik / Пресс-служба МЧС РЮОУчения МЧС РЮО
Учения МЧС РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зынгсирвæзт ахуыссын кæнын æмæ адæймаджы цард аирвæзын кæныны хъуыддаджы сæ арæхстдзинад равдыстой Ленингоры районы УУМ-ы кусджытæ

ЦХИНВАЛ, 18 авг — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссар Ирыстоны сыгъдхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн дæлхайæдты уагъд цæуынц нывæзтон тактикон ахуыртæ, фехъусын кодта Sputnik УУМ-ы пресс-секретарь Тедеты Роза.

Алан Тадтаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
УУМ-ы сæргълæууæг: инспектортæ сгарынц ахуырадон æмæ скъолаагъоммæ уагдæттæ

Ахуырты цыд фенынмæ Ленингоры поселокмæ æрцыд уæлвæткон уавæрты министры фыццаг хæдивæг Бестауты Ацæмæз.

Сыгъдхуыссынгæнæг хъуамæ ахуыссын кодтаид зынгсирвæзт æмæ фервæзын кодтаид зианбаййафæджы.

"Сценариймæ гæсгæ, фæсидт бацыд радгæсоны пультмæ, сыгъдхуыссынгæнджытæ бахæццæ сты цауы бынатмæ рæстæгыл, ахуыссын кодтой зынг æмæ фервæзын кодтой зианбаййафæджы. Мах райгонд стæм сыгъдхуыссынгæнджыты цæттæдзинадæй, фæлæ ис къуыхцытæ дæр, кæцытæ мах иуварс кæндзыстæм", — загъта Бестауты Ацæмæз.

Министры хæдивæг банысан кодта, амæй фæстæмæ сыгъдхуыссынгæнджытæн арæзт кæй цæудзысты æнæнхъæлæджы ахуыртæ æмæ равдыста ныфс, уыдон æнцонæй кæй сæххæст кæндзысты сæ разы æвæрд хæстæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0