25 азы æнæ донæй: Ленингоры районы хъæу æдзæрæг кæны

© Sputnik / Наталья АйрянТрасса Цхинвал –Ленингор
Трасса Цхинвал –Ленингор - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ныр 25 азы Ленингоры районы иу хъæуы цæрджытæ цæрынц æнæ донæй

 ЦХИНВАЛ, 22 авг — Sputnik, Уалыты Диана. Хуссар Ирыстоны æдзæрæг хъæутæ стæм нал сты. Цæрджытæ хъæутæ уадзынц иу хуымæтæг æмæ æмбæрстгонд аххосæджы тыххæй – æвзæр цардуагон уавæртæ.

Иу ахæм хъæу ис Ленингоры районы — Ахалдаба, цы ран ацы тæккæ ис æрмæстдæр аст хæдзары. Сæ фылдæры дзы цæры зæронд адæм, кæцытæн нæй искуыдæм ацæуыны фадат.

Хъæуы цæрджытæн проблемæтæ бирæ ис, фæлæ сæ сæйрагдæр – донифтонгады хъуагдзинад. Цалдæр азы размæ хъæуы цæрджытæ сæхæдæг æрбауагътой аслам пластикон трубæтæ, кæцытæ уайтагъд баихсыдысты.

"1992 азæй фæстæмæ нын ис стыр проблемæтæ донимæ. Афæдзæн нæм йæ фылдæр хай дон нæ вæййы. Ӕнтæфы басур вæййы, зымæджы та ныссæлы. Хъæуы алыварс ис арс, кæцы рæстæгæй рæстæгмæ ныцъæл кæны доны хæтæлтæ æмæ та сæ алыхатдæр сцалцæг кæнæм нæхæдæг. Нуазыны дон æрбаласæм хæрæгыл. Зын нын у цæрын ахæм уавæрты. Мах ацæргæ адæм стæм æмæ ныл чи ауда, уый нæй", — дзуры хъæуы 80-аздзыд цæрæг Чъыбылты Зауыр.

Проблемæ æцæгæй дæр у серьезон. Фæлæ йæ аскъуыддзаг кæнынæн фаг у иу къуыри дæр.

Сезонное отключение воды - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Водоканал" бамбарын кодта Цхинвалы доны хъуагдзинады аххосæгтæ

"Хъæуы нæ шланг æмæ трактор, цæмæй рараст кæнæм фæндаг донмæ. Хъæумæ æртæ километры дæрддзæф ис æнæсысгæ суадон. Уырдыгæй айгæрдын хъæуы цæлхвæд æмæ дзы ныппарын хæтæл, уæд дон цæудзæн æнæфескъуыйгæйæ æмæ нын алцæмæн дæр уыдзæн фаг", — дзуры бынæттон цæрæг Чъыбылты Заза.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыдон иу æмæ дыууæ хатты нæ бахатыдысты æххуысы фæдыл Ленингоры районы администрацимæ.

"Бирæ хатт бахатыдыстæм чиновниктæм, цæмæй нын рахицæн кæной трактор æмæ шланг. Дзуапп иу нын радтой, ахæм куырдиæттæ сæм арæх кæй бацæуы, фæлæ нæ хъавынц трактор дæс адæймаджы тыххæй скусын кæнын", — бафтыдта Заза.

Ног хабӕртты лентӕ
0