Гуырдзыстон сдепортаци кодта Хъобы дзуармæ цæуæг ирæтты

© Sputnik / Владимир Иванов /  Ахизын медиабанкмæУадзæн пункт "Уæллаг Ларс"
Уадзæн пункт Уæллаг Ларс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕвылаз дæр бынæттон цæрджытæ саразынц националон бæрæгбон Хъобы дзуары цытæн, уый рагæй фæстæмæ ирон адæммæ нымад цæуы иууыл кадджындæр дзуæрттæй иуыл

ЦХИНВАЛ, 22 июл — Sputnik. Гуырдзыстон сдепортаци кодта фондз азы æмгъуыдмæ Уæрæсейы цæрæг ирæтты, кæцытæ цыдысты сæ райгуырæн хъæумæ Хъобы дзуарыбонмæ, уый тыххæй хъусын кæны Градус Осетии.

Уӕллаг Ларс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Ирыстоны ӕрцахстой къорды, кӕцы уӕй кодта бынӕттӕ Ларсы бирӕкилометрон рады

Хъобы цæрджытæ сфæнд кодтой националон бæрæгбон сæ райгуырæн хъæуы банысан кæнын – уый у æвæрд Дзæуджыхъæуæй 60 км дæрддзæф. Фæлæ Гуырдзыстоны арæнмæ куы бахæццæ сты, уæд сæм æнхъæлмæ каст æнæнхъæлæджы цау. Фæндзай адæймаджы раздæхтысты фæстæмæ Цæгат Ирыстонмæ, кæцыдæртæн дзы, аххосæгтæ æнæ бамбарынгæнгæйæ, сæвæрдтой штамптæ 5 азы æмгъуыдмæ депортацийы тыххæй.

"Ахӕм цӕхгӕр тобӕйы аххосаг раиртасын нын нӕ бантыст – арӕнхъахъхъӕнджытӕ сӕ дзыхтӕй ныхас дӕр не "ппӕрстой. Фӕстӕдӕр уыдон бартхъирӕн кодтой, зӕгъгӕ, сӕ сӕргълӕуджыты уынаффӕмӕ гӕсгӕ Хъобы хъӕуы территоримӕ иу ирон адӕймаг дӕр нал бахиздзӕн", — радзырдтой депортацигонд ӕмбӕстӕгтӕ.

Ирон хъӕу Хъоб ис Дзӕуджыхъӕуӕй 60 километры дӕрддзӕфӕн. Ӕрвылаз дӕр бынӕттон цӕрджытӕ саразынц националон бӕрӕгбон – Хъобы дзуары бон, кӕцы фыдӕлтӕй фӕстӕмӕ ирӕттӕм нымад уыд иууыл кадджындӕр сыгъдӕджытӕй иуыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0