Бесланы трагедийы амæттæгтæн Турчы сæвæрдзысты цырт

© Sputnik / Казбек Басаев /  Ахизын медиабанкмæБеслæн
Беслæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арт-лабораторийы хайадисджытæ радзырдтой, цахæм уыдзæн скульптурæйы хуыз

ЦХИНВАЛ, 22 авг — Sputnik. Цæгатирыстойнаг сфæлдыстадон лаборатори "Портал"-ы хайадисджытæ сæххæст кодтой 4000 км дæргъæн велозгъорд Туркмæ, цæмæй сæвæрой цырт Беслæны трагедийы амæттæгтæн, хъусын кæны газет "Слово".

Турчы фæзынд Беслæны зæдты къох - Sputnik Хуссар Ирыстон
Турчы фæзынд "Беслæны зæдты къох"

"Скульптурæ уыдзæн хызæджы хуызæн, кæцы мах аразæм æфсæйнаг трубæтæй. Йæ астæутыл цæудзæн дон, фæлæ йæм баххæссæн нæ уыдзæн", — радзырдтой скульптортæ мыхуыры фæрæзæн.

Цырт æрцæудзæн æвæрд ирон хъæу Poyrazli трагикон цауæн нывонд къохы. Ныридæгæн у цæттæ монументы бындур, йæ сæвæрынæн сын баххуыс кодтой бынæттон дæснытæ. Афтæ ма йæм уагъд æрцыдысты доныхæтæлтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0