Цæлыккаты мæсыг ратдзысты мыггагæн пайдакæнынадæн

© Русский мирБашня Цаликовых
Башня Цаликовых - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæлыккаты мыггаг суыдзæн фыццаг мыггаг 57-æй, кæцытæн лæвæрд æрцæудзæн сæ мæсыгæй пайда кæныны бар

ЦХИНВАЛ, 1 ноя— Sputnik. Культурон бынты объекттæ хъахъхъæныны фæдыл æхсæнведомствæйон кусæгон къорды рабадты рæстæджы фехъусын кодтой, Цæлыккаты мæсыг лæвæрд кæй æрцæудзæн мыггагæн пайдакæнынадæн, хъусын кæны Ossetia News.

Чырыстон конкурс Бинонтæ. Мыггаг. Фыдыбæстæ-йы уæлахиздзаутæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзæуджыхъæуы фæбæрæг сты чырыстон конкурс "Бинонтæ. Мыггаг. Фыдыбæстæ"-йы уæлахиздзаутæ

Ирыстоны мыггаджы мæсгуыты проблемæйыл дзургæйæ, чиновниктæ банысан кодтой, сæ цалцæг æмæ реставрацийæн кæй хъæуы бирæ æхцайы фæрæзтæ æмæ сын алыхатт нæ вæййы ссарæн республикæйы бюджеты. Культурон бынтæ цыртдзæвæнтæ бахъахъхъæныны нысанæн, специалисттæ райстой скъуыддзаг уыдон мыггæгтæн пайда кæнынæн дæттын.

Ныртæккæ комитетмæ æрбахатыдысты 57 мыггаджы, мæсыг пайдакæнынадæн цы мыггаг æрцæудзæн лæвæрд, уый суыдзæн Цæлыккаты мыггаг.

"Кæд æмæ мæсгуытæ цы мыггæгтæн æрцæудзысты лæвæрд, уыдон хъуыды кæнынц æмæ сæ цы фæнды, уый дзы араздзысты, уæд уый афтæ нæ уыдзæн, уый у æнæзаконон. Мæсыджы мидæг æмæ йæ алыварс территорийыл цы арæзт цæудзæн, уый уыдзæн æдзух контролы бын. Мах проект Цæлыккаты мыггагæй уымæн райдыдтам æмæ уыдон уыцы барыл тох кæнынц 10 азæй фылдæр. Уыдон иунæг не ′сты, ис ма нæм активон мыггаг – Дзодзыкъатæ. Кæд æмæ Цæлыккаты мæсыгимæ алцыдæр хорз ацæуа, уæд аннæ мыггæгтæн уыдзæн æнцондæр", —загъта комитеты сæргълæууæджы хæдивæг Чехойты Людмила.

Ног хабӕртты лентӕ
0