Цаллаты Давид: ирæттæ ницы бар дарынц мæхъæлон эскортницæйы роликмæ

Рафыссын
Ирыстойнаг актер зæрдыл æрлæууын кодта, 2014 азæй фæстæмæ кæй кусы проект "Однажды в России"-йы æмæ йын ницы ахаст ис Comedy Woman-мæ

ЦХИНВАЛ, 12 дек — Sputnik, Козаты Диана. Комедион актер æмæ сценарист Ирыстонæй Цаллаты Давид фехъусын кодта Sputnik, ирæттæн кæй ницы ахаст ис роликмæ, цы ран ахынджылæг кодтой мæхъæлон эскортницæйы тыххæй. 

Мæхъæлы минæвæрттæ æфхæрдыл банымадтой ролик, цы ран шоу Comedy Woman-ы актрисæтæй иу ахъазыд эскортницæйы Мæхъæлæй. Кавказаг республикæты минæвæртты хъуыдымæ гæсгæ, ахæм миниатюрæ райгуырд ирон сценаристы æнæуынондзинады аххосæй мæхъæлон адæммæ.

Цхинвалы равдисдзысты Цаллаты Вадимы хайадистæй "Мафия"-йы премьерæ

"Алцыдæр равзæрстам. Алцыдæр сбæлвырд кодтам. Ирæттæн уымæ ницы ахаст ис!", – загъта Цаллаты Вадим æмæ банысан кодта, 2014 азæй фæстæмæ кæй кусы проект "Однажды в России"-йы.

Дыццæджы хатыртимæ Мæхъæлы иудадзыг минæварадмæ Мæскуыйы æрбацыд Comedy Club Production-ы гендиректор Андрей Левин. Уый ракуырдта хатыр иудадзыг минæвар Алихан Цечоевæй.

Уымæй раздæр та Comedy Club Production ракуырдта хатыр сценкæйы тыххæй йæ сайтыл æмæ йæ систа рауагъдæй.

Дзыллон информацийы фæрæзтæ хъусын кæнынц, дыццæджы телеканал ТНТ-ы мæскуыйаг офисы раз кæй æрæмбырд сты ЦКФЗ-ы минæвæрттæ æмæ домдтой хатыртæ. Телеканалы кусджытæ тарстысты офисæй рахизын, фæстæдæр бынатмæ бацыд ОМОН.

Ног хабӕртты лентӕ
0