"Победа"-йы хæдтæхæгæн нæ бантыст Дзæуджыхъæуы аэропорты æрбадын

© Sputnik / Игорь Зарембо /  Ахизын медиабанкмæАвиакомпани "Победа"
Авиакомпани Победа - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Авиаборт аивта йæ маршрут æмæ æрбадт Минводы аэропорты

 ЦХИНВАЛ, 15 дек — Sputnik. Авиакомпани "Победа"-йы хæдтæхæг, кæцы тахт Мæскуы-Дзæуджыхъæу маршрутыл, сахатмæ æввахс зилдух кодта Беслæны аэропорты сæрмæ, хъусын кæны Осетия-Ирыстон. Уый фæстæ райст æрцыд скъуыддзаг хæдтæхæг Минералон дæтты аэропорты сбадын кæнын.

Дзæуджыхъæуы аэропорты сентябры фӕуыдзысты арӕзтадон куыстытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзæуджыхъæуы аэропорты сентябры фӕуыдзысты арӕзтадон куыстытӕ

Хæдтæхæгæн нæ бантыст Дзæуджыхъæуы аэропорты æрбадын æвзæр боныгъæды аххосæй — аэродромы уыд мигъ. Уæлдæфон науы командир райста скъуыддзаг, хæдтæхæг Минералон дæтты бахъуаджы аэродроммæ акæнын.

Авиакомпанийы минæвæрттæ пассажиртæн сарæзтой трансфер автобустыл Ирыстонмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0