Сомихаг лæппу азарыд "Бадола" ирон æвзагыл

Рафыссын
Цæрыкъаты хотæ – Альбина æмæ Фатимæйы зарæг "Бадола" ссис æцæг хит

ЦХИНВАЛ, 15 дек — Sputnik. Цæрыкъаты хоты зарæг "Бадола" азарыд сомихаг лæппу иронау. Интернетæй пайдагæнджыты зæрдæмæ тынг фæцыд, куыд æй сæххæст кодта, уый.

Цæрыкъаты хотæ – популярон ирон зарæггæнджытæ Альбина æмæ Фатимæйы зарæг "Бадола" ссис æцæг хит. Ныр æй цалдæр азы зарынц хæдзæртты дæр æмæ караокейы дæр. Зарæджы дзырд цæуы дадайыл, кæцы хъазы йæ хъæбулы хъæбулимæ.

"Хо æмæ æфсымæр Давид æмæ Лилит Погосян ацы зарæг цы видеойыл æххæст кæнынц, уый йæ аккаунты Instagram сæвæрдта Давид", — хъусын кæны Sputnik Сомихстон.

Цыппар бонмæ видеомæ бакастысты 100 мин хатты.

"Бадола у зарæджы ном. Ирон зарæг у. Ирæттæ — æфсымæртæ зæрдиагæй", — ныффыста видеойы бын Погосян.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0