Бибылты Анатолий: Ирыстоны цæгат æмæ хуссар иумæ хъуамæ кусой мадæлон æвзаджы райрæзтыл

© Sputnik / Наталья АйриянРХИ-ы президент Бибылты Анатолий
РХИ-ы президент Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Къамис хъуамæ æрæмбырд кæна ахуыргæндты, фысджыты æмæ æвзагзонджыты Хуссар æмæ Цæгат Ирæй, нымайы президент

 ЦХИНВАЛ, 18 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий банхъардта ирон æвзаджы райрæзты фæдыл иумæйаг къамис саразын, кæцыйы скондмæ бацæуиккой ахуыргæндтæ æмæ æвзагзонджытæ Хуссар æмæ Цæгат Ирæй.

Хуссар Ирыстоны хицауад къуырисæры рабадтыл сфидар кодта ирон æвзаджы райрæзты фæдыл 2012 азы арæзт къамисы ног сконд. Республикæйы сæргълæууæг бахæс кодта премьер-министр Пухаты Эрикæн, цæмæй йæ цæгатирыстойнаг коллегæимæ æруынаффæ кæной ирон æвзаджы райрæзты фæдыл иумæйаг къамис саразыны фарстыл.

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав - Sputnik Хуссар Ирыстон
Битарты Вячеслав æрлæууыд ирон æвзаг бахъахъхъæныны фæдыл къамисы сæргъ

"Мах æруынаффæ кодтам Битарты Вячеславимæ мадæлон æвзаджы размæцыды фæдыл иумæйаг къамис саразыны фадатыл. Ӕвзаджы размæцыд хъуамæ райса иу здæхт Ирыстоны цæгаты дæр æмæ хуссары дæр. Иу къамисы скондмæ хъуамæ бацæуой Ирыстоны дыууæ хайы ахуыргæндтæ æмæ фысджытæ æмæ иумæ кусой æвзаджы райрæзтыл", — загъта Бибылты Анатолий.

Ацы аз октябры Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав æрлæууыд ирон æвзаг бахъахъхъæныны æмæ райрæзты фæдыл къамисы сæргъ.

Ирон æвзаджы райрæзты фæдыл къамис Хуссар Ирыстоны арæзт æрцыд 2012 азы ноябры. Йæ нысан у Хуссар Ирыстоны паддзахадон æвзæгты фæдыл законы уагæвæрд куыд æххæст цæуы, уымæ хъус дарын. Законмæ гæсгæ, хъуыддагкæнынад республикæйы паддзахадон уагдæтты хъуамæ æххæст цæуа дыууæ паддзахадон æвзæгтыл – ирон æмæ уырыссаг.

Ног хабӕртты лентӕ
0