Бибылты Анатолий хицауады тыххæй: кадрон бынативдтытæ нæ уыдзæн

© Sputnik / Алексей КовалевХицауады бæстыхай
Хицауады бæстыхай - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президент фехъусын кодта, хицауады ныры сæргълæууæджы куыстæй райгонд кæй у

ЦХИНВАЛ 28 дек— Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауады фидæн аз нæ уыдзæн ницы бынативдтытæ, загъта пресс-конференцийыл президент Бибылты Анатолий.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, хицауады ныры сæргълæууæджы куыстæй райгонд кæй у, уый у хорз æмæ фæлтæрдджын къухдариуæггæнæг, кæцыйæн ис цыткæнынад æхсæнады.

Эрик Пухаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Пухаты Эрик: нæ бабыхсдзæн, цæмæй бардзырдтæ ма цæуой æххæст

"Ницы серьезон бынативдтытæ уыдзæн хицауады. Мах алкæмæн дæр дæттæм фадат хи равдисын. Кæд фæзына иу кæнæ иннæ министры баивыны æнæмæнгхъæуындзинад, уæд æргомæй фехъусын кæндзыстæм йæ аххосæгтæ, æнæ дам-думтæй",- загъта Бибылты Анатолий.

Хицауады куыстæн аргъ кæнгæйæ, президент банысан кодта, ацы аз уый бюджетмæ кæй бахаста 250 млн сомæй фылдæр, Инвестпрограммæ æххæст æрцыд 90 проценты бæрц.

"Уымæ гæсгæ, министрты кабинеты куыстæн саргъ гæнæн ис, куыд зæрдæмæдзæугæ", — бахахх кодта Бибылты Анатолий.

Уый бафтыдта, хицауад кæй фæактивондæр кæндзæн йæ архайд алы фæдыздæхтты дæр æмæ æххæст æрцæудзæн президент цы хæслæвæрд сæвæрдта, уый – иу адæймаг дæр Хуссар Ирыстоны кæй ма хъуамæ иса куыстмызд фæцæрæн минимумæй къаддæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0