Хуссар Ирыстоны парламент 1 январæй суыдзæн профессионалон

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстоны Парламент
Хуссар Ирыстоны Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Профессионалон бындурмæ рахызты фæдыл законыпроект ныридæгæн æрвыст æрцыд парламентмæ æмæ райст æрцæудзæн афæдзы кæронмæ

ЦХИНВАЛ 28 дек— Sputnik, Козаты Диана. Ног азы райдианæй Хуссар Ирыстоны парламент рахиздзæн профессионалон бындурмæ, загъта президент Бибылты Анатолий хатдзæгон пресс-конференцийыл.

РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Парламент профессионалон бындурмæ рахызты фæдыл закъон арвыстой президентмæ

Президенты ныхæстæм гæсгæ, æмбæлон законыпроект ныридæгæн æрвыст æрцыд парламентмæ æмæ райст æрцæудзæн æввахсдæр сессийыл афæдзы кæронмæ.

Уымæй дарддæр ма президент банысан кодта, кæй бафыста закон чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады кредиткæнынады фæдыл, кæцымæ гæсгæ фидæн аз амалиуæггæнджытæ райсдзысты æххуыс хицауадæй 20 милуан сомы бæрц.

"Нæ мидæггагон æфтиæгтæм гæсгæ ацы суммæ фылдæр кæндзæн", — загъта президент.

Уый ма радзырдта, парламентмæ бавдыст кæй æрцыдысты Арбитражон æмæ Уæлдæр тæрхондæтты тæрхонгæнджыты кандидатурæтæ.

"Ног азы райдианы тæрхонгæнджытæ иууылдæр нысан æрцæудзысты æмæ нæ тæрхондонон системæ райдайдзæн кусын æххæстбæрцæй", — бафтыдта паддзахады сæргълæууæг.

Ног хабӕртты лентӕ
0