Амардтой Дудайты Марикы: Гуырдзыстоны раздæры ахæсты ссардтой йæ хъæуы

© ГУ МВД России по Московской обла /  Ахизын медиабанкмæПистолет
Пистолет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дудайты Марик арвыста гуырдзиаг ахæстоны мæнг дауты фæдыл аст азы. Йæ мард ын ссардтой Арцеуы хъæуы

ЦХИНВАЛ, 17 янв— Sputnik. Хуссар Ирыстоны амардтой Дудайты Марикы. Йæ амæлæт ын бафидар кодтой республикæйы барадхъахъхъæнæг органтæ.Республикæйы МХМ-ы Sputnik куыд фехъусын кодтой, афтæмæй Дудайты Марикы буар ссардтой Арцеуы хъæуы раздæры клубы бæстыхайы.

"Марæг фехста Марикы æртæ хатты. Йæ мард ссардтой райгуырæн хъæу Арцеуы. Раздæры хъæууон клубы территорийыл Марик дардта фермæ. Развæлгъау информацимæ гæсгæ, клубы дыккаг уæладзыгыл минасы рæстæджы, уымæ æрбацыд йе ′мхъæуккаг æмæ йæ æртæ хатты фехста. Марик фæмард бынаты", — загътой МХМ-ы.

Фыдгæнæг йæхи бааууон кодта фыдракæнды бынатæй.

"Марæджы ныртæккæ агурынц барадхъахъхъæнæг органтæ. Фыдракæнды бынаты кусынц прокуратурæ æмæ МХМ-ы кусджытæ", — загътой ведомствæйы.

Дудайты Марик арвыста гуырдзиаг ахæстоны аст азы. Уый гуырдзиæгтæ æрцахстой 2004 азы 16 марты æмæ йын Гуырдзыстоны рахастой зылыны тæрхон цалдæр уæззау фыдракæнды, уый нымæцы æртæ адæймаг амарыны хъуыддаджы фæдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0