Дзыкка: куыд цæттæ кæнынц рагон хæринаг нырыккон Ирыстоны

Рафыссын
Sputnik Хуссар Ирыстоны къамисæг федта, куыд цæттæ кæнынц ирон къæбицы рагон хæринаг æмæ нын æй равдыста йæ къамты.

Цыхт, ссад, цæхх æмæ гомыгдзинад — æнæмæнгхъæууæг ингредиенттæ, цæмæй рауайа хæрзад "цыхты кас". Дзыкка у ирон националон къæбицы хæринаг рагон уидæгтимæ. Алантæ-ирæтты чырыстонагъоммæ историмæ гæсгæ, ацы хæринаг-иу фыййæуттæ арæзтой уалдзæджы фосы бардуаг Фæлвæрайы цытæн.

Чырыстон дуджы дзыкка райдыдтой аразын афæдзы мидæг дыууæ хатты: уалдзæджы æмæ сæрды кæрæтты.

Хæринаг фынгмæ хæссынц тæвдæй æмæ нæ домы фынджы гарзæгтæ. Хæрын æй хъæуы луасиимæ.

P.S. Sputnik Хуссар Ирыстон зæгъы бузныг дохтыр æмæ поэт Хуыджеты Азæйæн æцæг ирон дзыккайы тыххæй, кæцы уый бацæттæ кодта йæ уазджытыл узæлд æмæ аудындзинадимæ.

© Sputnik / Наталья АйриянНогарæзт цыхт у дзыккайы сæйраг ингредиент.
Дзыкка - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/9
Ногарæзт цыхт у дзыккайы сæйраг ингредиент.
© Sputnik / Наталья АйриянФыццаг уал хъæуы ныцъæл кæнын ногахст цыхт.
Дзыкка - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/9
Фыццаг уал хъæуы ныцъæл кæнын ногахст цыхт.
© Sputnik / Наталья АйриянСсад – дзыккайы дыккаг ингредиент.
Дзыкка - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/9
Ссад – дзыккайы дыккаг ингредиент.
© Sputnik / Наталья АйриянЦыхт куы бадон уа, уæд æм хъæуы бафтауын ссад.
Дзыкка - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/9
Цыхт куы бадон уа, уæд æм хъæуы бафтауын ссад.
© Sputnik / Наталья АйриянӔфсинты æхсæн ис уырнындзинад: дзыкка хъæуы аразын æнæдзургæйæ.
Дзыкка - Sputnik Хуссар Ирыстон
5/9
Ӕфсинты æхсæн ис уырнындзинад: дзыкка хъæуы аразын æнæдзургæйæ.
© Sputnik / Наталья АйриянӔцæг дзыкка хъуамæ уа ивæзаг.
Дзыкка - Sputnik Хуссар Ирыстон
6/9
Ӕцæг дзыкка хъуамæ уа ивæзаг.
© Sputnik / Наталья АйриянКуыддæр дзыккайы сой рахицæн уа, афтæ йæ хъæуы райсын артæй.
Дзыкка - Sputnik Хуссар Ирыстон
7/9
Куыддæр дзыккайы сой рахицæн уа, афтæ йæ хъæуы райсын артæй.
© Sputnik / Наталья АйриянДзыкка у тынг æфсæдæн хæринаг.
Дзыкка - Sputnik Хуссар Ирыстон
8/9
Дзыкка у тынг æфсæдæн хæринаг.
© Sputnik / Наталья АйриянХъæуы йæ хæрын луасиимæ.
Дзыкка - Sputnik Хуссар Ирыстон
9/9
Хъæуы йæ хæрын луасиимæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0