Путин бафыста барамынд Аланийы дзуарæфтыдыл 1100 азы сæххæст банысан кæныны фæдыл

© Sputnik / Наталья АйриянДзæуджыхъæу
Дзæуджыхъæу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг райста УФ-йы хицауады æнхъарæн ацы бæрæгбон паддзахадон æмвæзадыл банысан кæныны фæдыл

ЦХИНВАЛ, 17 окт — Sputnik. Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путин бафыста барамынд Цæгат Ирыстон-Аланийы дзуарæфтыдыл 1100 азы сæххæсты бæрæгбон 2022 азы банысан кæныны фæдыл, фехъусын кодтой къуырисæры Цæгат Ирыстоны хицауады пресс-службæйы.

Чырыстон конкурс Бинонтæ. Мыггаг. Фыдыбæстæ-йы уæлахиздзаутæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзæуджыхъæуы фæбæрæг сты чырыстон конкурс "Бинонтæ. Мыггаг. Фыдыбæстæ"-йы уæлахиздзаутæ

Бæстæйы субъектты паддзахадон органты æмæ бынæттон хиуынаффæйады разамонджытæн президент бахæс кодта, цæмæй æххуыс кæной бæрæгбонмæ цæттæгæнæн хъуыддаджы.

Алантæ райстой чырыстон дин II æнусы, фæлæ уæрæх дзуарæфтыд æрцыд 1100 азы размæ. Ацы цауы цытæн баконд æрцæудзæн Хæрзгæнæг къниаз Александр Невскийы сыгъдæг номыл аргъуан – уый Цæгат Кавказы уыдзæн æппæты стырдæр.

Уымæй дарддæр ма, Дзæуджыхъæуы Сыгъдæг Георгий-Уæлахизхæссæджы номыл кафедралон аргъуаны та сараздзысты цымыдисаг нывæфтыд. Уым Византийаг классикон сюжеттæ баиу уыдзысты националон орнаментимæ.

Цæгат Ирыстонæн нысаниуæгджын бон федералон æмвæзадыл сбæрæг кæныныл дзырд цыд 2017 азы уалдзæджы республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ УФ-йы президент Владимир Путинимæ фембæлды рæстæджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0