Рох хъайтар

© Sputnik / Руслан ТадтаевДзудцаты Арсен
Дзудцаты Арсен - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
1990 ӕзты ирон-гуырдзиаг хӕсты архайӕг Дзудцаты Арсен ӕрдзырдта дӕргъвӕтин хӕсты цыбыр уӕлахизыл - Знауыры центры иу хай Гуырдзыстоны хотыхджын ӕфсад фондз сахаты ӕмгъуыдмӕ куыд бацахстой, йӕхиуыл ын куыд ӕрхъула кодтой, фӕлӕ йӕ хъахъхъӕнджытӕ нӕ басастысты ӕмӕ удуӕлдай тохы фӕсырдтой фыдӕзнаджы сӕ зӕххӕй.

ЦХИНВАЛ, 24 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ 23 ноябры банысан кодтой сӕ ног историйы иууыл нысаниуӕгджындӕр бӕрӕгбӕттӕй сӕ иу — Ӕхсардзинады ӕмӕ адӕмон иудзинады бӕрӕгбон. Уӕд, 1989 азы, райгуырӕн бӕстӕ гуырдзиаг хотыхджын ӕфсадӕй бахъахъхъӕныны тыххӕй растадысты стырӕй-чысылӕй, сылгоймагӕй-нӕлгоймагӕй. Уыдоны ӕхсӕн уыд Дзудцаты Арсен дӕр.

Знауыры районы Хъорнисы хъӕуккаг ӕвзонг лӕппу ныууӕй кодта йӕ хӕдзары мулк, балхӕдта иу зӕронд пулемет ӕмӕ слӕууыд знаджы ныхмӕ.

"Уӕззау рӕстӕг уыд, нӕ уыд хӕцӕнгарз, нӕмыг. Лӕппутӕ уӕй кодтой сӕ фос, цыдысты Уӕрӕсемӕ арӕзтӕдты кусынмӕ ӕмӕ сӕ мыздӕй ӕлхӕдтой хӕцӕнгарз. Ӕз дӕр ацыдтӕн, фӕкуыстон дзы дыууӕ мӕйы, ӕмӕ мӕ дыууӕ мӕйы мыздӕй рацыд иу зӕронд пулемет. Иууыл хотыхджындӕр уыдтӕн къорды", — мысы йӕ хабӕрттӕ Дзудцаты Арсен.

Ныры фӕсивӕдӕй бирӕтӕ фӕхъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ "90 азты тугӕй ӕмӕ фыдӕбӕттӕй ӕлхӕд хӕдбардзинад" — сты ӕрмӕстдӕр рӕсугъд ныхӕстӕ. Бирӕ ӕдӕм ӕнӕууӕнк кӕныц, абоны сабыр царды адӕймаджы зынтӕй уырны, уӕды уӕззау рӕстӕджы лӕппутӕ сӕ бинонты мулк, сӕ фос, машинӕтӕ кӕй уӕй кодтой ӕмӕ ӕлхӕдтой хӕцӕнгарз.

"Уӕд адӕм иууылдӕр сӕ тыхтӕ радтой ӕрмӕстдӕр фыдыбӕстӕ бахъахъхъӕнынмӕ, ӕгӕрыстӕмӕй фӕстӕ нӕ фӕлӕууыдысты кӕстӕртӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дӕр. Хӕствӕллад республикӕйы цӕрджыты иу кодта хӕдбардзинады бӕллиц ӕмӕ сӕ нысанмӕ цӕугӕйӕ бынтондӕр ницӕуыл ауӕрстой. Уӕрӕсейӕ ӕххуысмӕ ничи ӕнхъӕлмӕ каст. Ӕмӕ ацы уӕззау рӕстӕджы йӕ райгуырӕн бӕстӕйыл йӕ къух ничи систа махӕй", — дзуры Арсен.

© Sputnik / Руслан ТадтаевЗнауыры районы Хъорнисы хъӕуккаг ӕвзонг лӕппу ныууӕй кодта йӕ хӕдзары мулк, балхӕдта иу зӕронд пулемет ӕмӕ слӕууыд знаджы ныхмӕ.
Арсен - Sputnik Хуссар Ирыстон
Знауыры районы Хъорнисы хъӕуккаг ӕвзонг лӕппу ныууӕй кодта йӕ хӕдзары мулк, балхӕдта иу зӕронд пулемет ӕмӕ слӕууыд знаджы ныхмӕ.

Сӕйрагдӕр проблемӕтӕй, Арсены ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕ иу уыд, гуырдзиаг ӕмӕ ирон хъӕутӕ фӕрсӕй-фӕрстӕм кӕй лӕууыдысты. Раздӕры хӕлӕрттӕ гадзрахатӕй рацыдысты ирон лӕппутыл ӕмӕ сӕ бахъуыдис хи хъахъхъӕнын.

"Ӕндӕр бон нӕ нӕ уыд, гуырдзиӕгтӕ нын нӕ хъӕутӕ сыгътой. Уӕд Хъорнис, Цъорбис ӕмӕ Бехъмары хъӕуты фӕсивӕд иумӕ ӕрӕмбырд сты ӕмӕ радгай хъахъхъӕдтой Хӕрисджыны ӕрбацӕуӕн. Уым тӕссаг уыд, Аунеуӕй куы ӕрбабырсой гуырдзиӕгтӕ", — банысан кодта уый.

Фӕлӕ сӕйраг удуӕлдай тохы ӕвзонг лӕппутӕ бахаудысты Ног азмӕ ӕввахс Знауыры.

Знауыры арӕнгӕрон хъӕу Оконайы уыд гурдзиаг хотыхджын ӕфсады штаб. Уыдон Хуссар Ирыстоны фӕнд кодтой сӕхи фӕтк сӕвӕрын.

"Иуахӕмы нӕм хӕрзгӕнӕг фӕцис, зӕгъгӕ 12 автобусыл гарзджын ӕфсӕддонтӕ Хуссар Ирыстоны арӕны ӕрдӕм ӕрбацӕуынц. Знауыры районы уӕд хъахъхъӕдтой сӕхи лӕппутӕ Тыбылты Славикы сӕргълӕудӕй ӕмӕ Къуыдаргомы фӕсивӕд. Уӕд бынӕттон гуырдзиаг лӕджы арвыстой арӕны цурмӕ, цӕмӕй знаджы домӕнтӕ базыдтаид", — загъта Арсен.

Уыдон домдтой Знауыры районмӕ сӕ ӕфсад ӕрбакӕнын ӕмӕ Алдарты Знауыр ӕмӕ Ленины цыртытӕ ныппырх кӕны.

"Домӕныл не сразы сты лӕппутӕ, ӕмӕ та гуырдзиаг лӕджы сӕ дзуаппимӕ арвыстой. Фӕстӕмӕ ма йӕм ӕнӕхъуаджы ӕнхъӕлмӕ кастысты ӕрбаздӕхынмӕ — уый ӕрбацыд ӕрмӕстдӕр гуырдзиаг ӕфсады сконды йӕ ӕмхъӕуккӕгты, сыхӕгты ныхмӕ хӕцынмӕ", — Арсенмӕ нырма дӕр диссаг кӕсы ахӕм мӕнгарддзинад.

Фыдбылыз иунӕгӕй нӕ цӕуы, дзуры ирон ӕмбисонд. Афтӕ рауад районы хъахъхъӕнджыты хабар дӕр. Къуыдаргомы тæлтæг фӕсивӕд домдтой Оконамӕ бабырсын. Ууыл бынӕттон адӕм не ‘сразы сты, ӕмӕ уӕд къуаисайӕгтӕ ныууагътой Знауыр ӕмӕ ацыдысты сӕ хӕдзӕрттӕм. Поселочы ма чи баззад, уыдон та сӕ хӕцӕнгарз ныууагътой фондзуӕладзыгон хӕдзары ӕмӕ ацыдысты аходӕн кӕнынмӕ. Хӕцӕнгарз хъахъхъӕнынӕн бынаты баззад иу лӕппу. Гуырдзиӕгтӕм йӕ цӕст дардта Дзудцаты Арсен йӕ пулеметимӕ.

Уалынмӕ дын знаг тонын райдыдта поселокмӕ. Ацайдагъ тох.

"Фондзуӕладзыгон хӕдзары сӕрӕй уыцы лӕппу хъӕбатырӕй лӕууыд гуырдзиӕгты ныхмӕ. Мӕн дӕр мӕ хӕцӕнгарз куыд амыдта, афтӕ архайдтон. Пулемет зӕронд кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ-иу хаттӕй-хатт нал ӕхста ӕмӕ-иу ӕй хъуыд райхалын. Уыцы лӕппу та уӕды ныхмӕлӕуды аирвӕзт, фӕлӕ фӕстӕдӕр хӕсты бабын. Хъыгагӕн, йӕ ном ын нал хъуыды кӕнын ", — дзуры Арсен.

Уӕдмӕ Знауырмӕ гуырдзиӕгтӕ кӕй ӕрбабырстой, уый ӕгас районыл ахъӕр ис. Растад ӕгас ком. Зар, Хъорнис, Цъорбис, Бехъмар ӕмӕ сӕ алыварс хъӕуты цӕрджытӕ ӕрӕмбырд сты ӕмӕ рафсад кодтой Знауырмӕ ӕххуысмӕ ӕмӕ ссӕрибар кодтой районы центр.

"Тынг хъӕбатырӕй сӕхи равдыстой Тедеты Гиви, Дзудцаты Уырызмӕг, Козаты Ушанг, Цхуырбаты Людвиг ӕмӕ ӕндӕртӕ. Дыууӕ знауыраг лӕппу ӕмӕ Козаты Ушанг та фӕцӕфтӕ сты, фӕлӕ, Хуыцауы фӕрцы, уды зиӕнттӕ не ‘рцыд. Ӕз фыццаг цы бынатӕй ӕхстон, уырдӕм гуырдзиӕгтӕ срӕмудзӕн баппӕрстой ӕмӕ мӕн иууылдӕр ӕнхъӕлдтой мард, фӕлӕ ӕз та уый хӕдразмӕ мӕ бынат раивтон сабидоны уӕлхӕдзармӕ", — мысы йӕ хӕстон ивгъуыд Арсен.

Ууыл хӕст нӕ фӕцис, фӕстӕдӕр уыд стырдӕр тохтӕ Цхинвалы. Арсен уыдоны дӕр райста активон хайад. Иудзырдӕй, бирӕ сты йӕ лӕггӕдтӕ йӕ райгуырӕн бӕстӕйы, йӕ адӕмы раз. Фӕлӕ, кӕйдӕртау, бӕрзонд паддзахадон хорзӕхтӕ нӕ райста, нӕдӕр ӕй хъӕуынц, никуы сӕм банхъӕлмӕ каст. Иууыл хуыздӕр хӕрзиуӕг ӕмӕ хорзӕхыл нымайы Ирыстоны хӕдбарзинад ӕмӕ сабыр цард.

"Уӕды дуджы нӕ уырнгӕ дӕр нӕ кодта, нӕ тох ахӕм бӕллиццаг фӕстиуджытӕм кӕй ӕркӕндзӕн", — загъта уый.

© Sputnik / Руслан ТадтаевБирӕ сты Арсены лӕггӕдтӕ йӕ райгуырӕн бӕстӕйы, йӕ адӕмы раз.
Арсен - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бирӕ сты Арсены лӕггӕдтӕ йӕ райгуырӕн бӕстӕйы, йӕ адӕмы раз.

Бирӕ йӕхихуызӕн хъайтартау Арсен абон аззад рохуаты. Сӕ хъайтардзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад ма сын сӕ зӕрдыл дарынц сӕ хӕстон ӕмгӕрттӕ. Кусы Арсен Цхинвалы автомеханикӕй, арвылбон дӕр сцалцӕг кӕны цалдӕр машинӕйы моторы ӕмӕ уымӕй дары йӕ бинонты. Сабыр ӕмӕ хӕдӕфсӕрм адӕймагӕй 1990 ӕзты хъайтары ничи рахатдзӕн.

"Макуыуал нӕ бахъӕуӕд хӕцыны сӕр. Уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕнгомдӕр уыдыстӕм, фӕлӕ мӕ фидарӕй уырны, бахъуыды рӕстӕджы абон дӕр фӕсивӕд фӕстӕ нӕ фӕлӕудзысты", — ныфсджынӕй дзуры Арсен.

Ног хабӕртты лентӕ
0