Æрмдæсны: аивадæй мулк саразæн нæй

© Sputnik / Руслан ТадтаевÆрмдæсны Кæсæбиты Андрей
Æрмдæсны Кæсæбиты Андрей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъæдæрмæгимæ Кæсæбиты Андрей кусын райдыдта 20 азы размæ. Ныртæккæ йæ куыстытæ сты Владимир Путин æмæ патриарх Кириллæн лæвæртты нымæцы.

ЦХИНВАЛ, 18 дек — Sputnik, Тадтаты Андрей. Йæ фыццаг хъæдæй скульптурæ — туркаг позæйы "багдадаг къæрныхимæ" лулæ" Кæсæбиты Андрей сарæзта, 25 азы йыл куы цыд, уæд. Уый размæ та фæцайдагъ ныв кæныныл, чысылæй фæстæмæ йæ зæрдæмæ афтæ цыд, æмæ бацыд ахуыр кæнынмæ Цхинвалы аивадон ахуыргæнæндонмæ.

Хъæдæрмæгимæ кусын та райдыдта ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм ӕзты æмбисы. Зымæгон бонты, уыцы уазал, хæццæ рæстæджыты пецы сыгътой, судзæн цæмæн уыд, ахæм æрмæг иууылдæр. Цхинвалы центры чидæр ралыг кодта йæ хæдзары раз лæууæг æнгузхъæд. Андрей уыцы рæстæджы рацæйцыд ацы бынаты цур æмæ хицауæй ракуырдта бæласы чысыл æнгузхъæды лыггаг.

"Алкуыдæм дæр æй хастон мемæ. Куыддæр-иу мын сæрибар рæстæг фæзынд, уæд иу райдтон ууыл кардæй аив нывæфтауын. Афтæ рауад ацы лулæ. Уый фæстæ фæцайдагъ дæн хъæдӕрмæгыл аив нывæфтауыныл", — мысы æрмдæсны Sputnik уацхæссæгимæ ныхасы.

Ныртæккæ йæ куыстытæ сты Владимир Путин æмæ патриарх Кириллæн лæвæртты нымæцы. Уыдон лæвар кодтой нæ фыццаг хуссарирыстойнаг гоймæгтæ сæ балцыты рæстæджы Уæрæсемæ, кæнæ-иу номдзыд уазджытæ нæ республикæмæ куы фæуазæг сты, уæд.

© Sputnik / Руслан ТадтаевКӕсӕбиты Андрейы куыстытӕ
Работы Андрея Касабиева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Кӕсӕбиты Андрейы куыстытӕ

Уæрæсейаг лидерæн Кæсæбиты Андрейы куыст — Уацамонгæйы нуазæн президент Тыбылты Леонид балæвар кодта сæ фыццаг фембæлды рæстæджы 2012 азы Сочийы. Йæ куыстытæ ма сты Сергея Шойгу, Рамзан Кадыров, Мамсыраты Таймураз, футболист Зæгъойты Аланмæ. Хуссар Ирыстоны президенты администраци у Андрейы куыстыты иудадзыг æлхæнæг.

"Фыццаг ницы уæй кодтон, арæзтон сæ мæхицæн, цымыдис мӕм каст. Уый фæстæ сæ адæм дæр базыдтой, зæрдиагæй сæ æлхæдтой. Къӕбӕры фаг сæ райсын, уымæй фылдæр нæ", — дзуры Андрей.

Андрей цæры цхинвайлаг микрорайонты хæдзæрттæй иу фатеры, æрмадзы бынат дзы кæй нӕй, уый тыххæй кусы йæ хæстæджы сæрмагонд хæдзары. Хæдзар у æрдæгкæлæддзаг, æрмадзы бынат сарæзта хатæнтæй иуы.

Йӕ алыварс — стъолыл, бандæттыл, пъолыл сты йæ куыстытæ. Рыгæй бахъахъхъæныны тыххæй æмбæрзт сты целлофанæй. Куы сын айста се ‘мбæрзæн, уæд хатæн фæаивдæр. Куыстыты æхсæн ис традицион нуазæнтæ, кæцыдæртæн дзы сæ алыварс æртыхстис хъæдæй рæхыс.

Куыстытыл фæлгонцтæ фæзынынц сæхигъæдæй — нæдæр ын адæмон фольклоримæ баст сты, нæдæр исты цаутимæ. Фæлæ сæ ирон мотивтæ равзарæн ис бæрæгæй.

"Сюжеттæ исын цардæй. Уыдон афтæ бирæ сты, æмæ сæ агурын дæр нæ хъæуы ", — дзуры Андрей.

© Sputnik / Руслан ТадтаевКӕсӕбиты Андрейы куыстытӕ
Работы Андрея Касабиева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Кӕсӕбиты Андрейы куыстытӕ

Хатæнмæ бацæуӕны лæууы иууыл стырдæр куыст. Фыццаг бакастæй зæгъæн ис, æмæ уый у хохы рагъ. Лыстæг æм куы ркæсай, уæд фенæн ис бæхты сæртæ — бæхрæгъау уайы цыппæрвадыгæй.

"Фыдæбон ыл кæнын ныр цыппар азы, нал мын æнтысы йӕ фæуын — нæй мын рæстæг, кæд æмæ райсомæй изæрмæ кусын, уæддæр", — загъта аивæфтауæг.

Æцæг аивадыл бирæ æхца нæ сараздзæ — уый хи фæлтæрдæй зоны. Йæ куыстытæ зынаргъ не сты — 20 минмæ æввахс, фæлæ иу куыстыл цалдæр мæйы кæй бахъæуы, æлхæнгæ дæр сæ афтæ арæх кæй нæ фæкæнынц, уымæ гæсгæ Андрей бирæ æхца нæ кусы.

"Вæййы мын заказтæ дæр, фæлæ сæйраджыдæр кусын сæрибар темæйыл. Æлхæнджытæ мæ ам агурынц. Цалдæр куысты æрæджы радтон иу дуканимæ дæр", — банысан кодта Андрей.

Ныв кæнын дзы бынтондæр рохуаты аззад:"Иуæй-иу хатт ма цыдæртæ аныв кæнын къарандасæй".

Ног хабӕртты лентӕ
0