Рынчын сабийы мад: ӕз кӕронмӕ тох кӕндзӕн мӕ чызджы цардыл

© Sputnik / Ада БагианРынчын сабийы ныййарӕг
Рынчын сабийы ныййарӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны дарддӕр цӕуы рынчын сывӕллӕттӕн ӕххуысы хӕрзаудӕн акци. Фӕрӕзты ӕмбис хицӕн ӕрцӕудзӕн 11-мӕйдзыд Багаты Илонайӕн.

ЦХИНВАЛ, 15 янв — Sputnik, Козаты Диана. Чысыл Илонæ цымыдисимæ кæсы æнæзонгæ уазджытæм. Сывæллон ӕппынӕдзух йæ рæстæг æрвиты хæдзары, йæ ныййарджыты хъусдарды бын. Илонайæн уæззау диагноз сæвæрдтой, цыппар мæй йыл куы цыд, уæд — йæ астæумагъзы функцитæ нæ кусынц. Уый фæстиуæгæн сывæллоны хæцъæфтæ дзæбæх нæ кусынц — чысыл хъазæн дæр 11-мæйдзыд чызг йæ къухы цалдæр минуты бæрцæй фылдæр нæ уромы.

Илонæйы хæстæджытæ бахатыдысты "Социологон анализы центр"-мæ, кæцы "МегаФон — Хуссар Ирыстон"-имæ уадзы хæрзаудæн акци рынчын сывæллæттæн æхцайы фæрæзтæ æмбырдгæнгæйæ.

"Сывæллоны райгуырдыл иу мæй куы сæххæст, уæд дохтыры зæрдæ ахсайдта, кæй йын ис лæмæгъ хæцъæфтæ. Уый фæстæ рацыдыстæм цалдæр курсы массаж, рафыстой йын сæры магъзы куыст чи хуыздæр кæны, ахæм хостæ. Фæлæ УЗИ равдыста, йæ сæры магъз кæй у æнæниз", — загъта Илонæйы мад, Багаты Вандæ.

© Sputnik / Ада БагианУӕззау диагноз Илонӕйӕн сӕвӕрдтой, цыппар мӕй йыл куы цыд, уӕд
Илона тихо сидит на коленях у мамы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕззау диагноз Илонӕйӕн сӕвӕрдтой, цыппар мӕй йыл куы цыд, уӕд

Рæстæджы цыдимæ разынд, низ размæ кæй цæуы, хостæ та ницы æххуыс кæнынц хæцъæфтæ фæфидар кæнынæн. Ацы низы фæстиуæгæн сывæллонæн йæ бон рæстмæ улæфын нæу, йӕ хъуыр ын иудадзыг хъæуы сыгъдæг кæнын хæппæрæй. Уый тыххæй сывæллоны ныййарджытæ балхæдтой зынаргъ аппарат, кæцы нæ разынд республикæйы иу хосгæнæн уагдоны дæр.

Низы хатт сбæрæг кæныны æмæ уымæн схос кæныны тыххæй Илонайы ныййарджыты бахъуыд ацæуын Цæгат Ирыстонмæ, уый фæстæ Гуырдзыстоны клиникæтӕй иумæ, цыран сын загътой, кæй йын ис генетикон низ. Фæлæ сывæллоны ныййарджытæй ничи хъуыды кæны, æмæ сæ хæстæджытæй исчи уыдаид рынчын ацы низæй.

Тбилисы дохтыр цалдæр анализы фæстæ загъта ныййарджытæн, ахæм низимæ сывæллæттæ бирæ кæй нæ цæрынц — иууыл фылдӕр дыууæ азы.

"Ис ма нын дыууæ чызджы — фондз- æмæ цыппараздзыд. Дыууæ дæр сты бынтон æнæниз. Уыимæ ма нæ мыггаджы фараст фæлтæрмæ никæмæн уыд ахæм низ", — дзуры сывæллоны фыд Бекъойты Алик.

Сывæллонæн лæмæгъ иммунитет кæй ис, уый тыххæй йæ нæй гæнæн уынгмæ кæнын, уæлдайдæр та уазал боныгъæды.

Илона у сабыр сывæллон. Йæ фыды ныхæстæм гæсгæ, уарзы телевизорæй мультфильмтæм кæсын æмæ зарджытæм хъусын.

"Музыкæмæ хæргæ дæр хуыздæр кæны. Музыкалон чызг нын у", — дзуры Алик.

Бинонтӕ ӕмбырд кӕныц фӕрӕзтӕ Мӕскуыйы хоскӕнынӕн. Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады цӕттӕ сты къаннæг квота рахицӕн кӕнынмӕ. Сабийы ныййарӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, амӕй размӕ ма сын паддзахады ‘рдыгӕй хицӕн ӕрцыд 30 мин сомы ӕххуыс.

Хуссар Иры расидтысты хæрзаудæн акци уӕззау рынчын сабиты ӕххуысӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры расидтысты хæрзаудæн акци уӕззау рынчын сабиты ӕххуысӕн

Бинонтӕн сӕхимӕ уыййас фӕрӕзтӕ нӕй ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ республикӕйы цӕуы хӕрзаудӕн акци. Йӕ ауадзыны иницатор у "Академия социологического анализа".

"Ӕз кӕронмӕ тох кӕндзӕн мӕ чызджы фервӕзын кӕныныл", — дзуры Вандӕ.

Илонӕйӕн баххуысы сӕраппонд хӕрзаудӕн акцийы хайад райсын у ӕнцон — хъӕуы мобилон телефонӕй текст арвитын, йӕ аргъ у ӕрмӕстдӕр 33 сомы.

Бӕстондӕрӕй куыд гӕнӕн ис баххуыс кӕнын, уый тыххӕй базонӕн ис Республикӕ Хуссар Ирыстоны офицалон порталыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0