Зассеты Георгий: ныр мæ бон у ныфсджынæй зæгъын, цард дарддæр кæй цæуы

© Sputnik / Диана КозаеваЗассеты Георгий
Зассеты Георгий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Георгий сæтты, бынтондæр кæй ницы æмбары нырыккон гаджеттӕн, интернет æмæ нырыккон популярон уæлæмхасæнтӕн. Дзуры, зæгъгæ, нырма мæ бирæ цыдæртæ хъæуы базонын.

ЦХИНВАЛ, 21 мар — Sputnik, Козаты Дианæ. Гуырдзиаг ахæстæттæй ссæрибаргонд лæппутимæ микроавтобус Ручъы уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг арæныл куы рахызт, æрмæстдæр уæд бахъардта Зассеты Георгиймӕ, сæрибар кæй у.

2005 азы Георгийы æрцахстой гуырдзыстойнаг сæрмагонд службæтæ æмæ йæ фæаххосджын кодтой Гуры теракт саразыны хъуыддаджы. Гуырдзыстоны тæрхондон ын аскъуыддзаг кодта цæрæнбонты ахæстоны фæбадын.

Георгий ахæстоны фæбадт даргъ 11 азы. Цалдæр боны размæ уый æрыздæхт йæ райгуырæн бæстæмæ. Георгий æмæ ма ноджы æртæ хуссарирыстойнаг æмбæстаджы баивтой 12 гуырдзыстойнаг æмбæстагыл.

Турашвили Борис: нæ федтон, куыд райгуырд ӕмӕ рæзт мæ чызг

"Мæ бон нæу ныхæстæй бамбарын кæнын, цы æнкъардтон. Æрмæстдæр тоннелæй куы рахызтæн æмæ Рукъмæ куы баввахс стæм, уæд бамбæрстон, кæй дæн сæрибар", — дзуры Георгий.

Ссæрибары размæ йæ ‘ндæр бынатмæ куы ракодтой, уæд Георгий ахъуыды кодта, ахæстоны администраци кæй базыдта, ахæстытæ кæй цæттæ кæнынц æнæхæрын расидын, сæ бартæ хæлд кæй цæуынц, уый тыххæй.

2012 азы ног закъонмæ гæсгæ, кæд уыдон хаудысты амнистимæ æмæ сæм æмбæлд се ‘мгъуыд фæцыбыр кæнын, уæддæр Гуырдзыстоны " рæсттæрхон" аскъуыддзаг кодта æндæрхуызон.

"Ахъуыды кодтон, администраци кæй базыдта нæ пълæнтты тыххæй æмæ нæ тæрхондоны къухдариуæгад аскъуыддзаг кодта фæдих кæнын. Хъуыды дæр никуы акодтаин, цалдæр боны фæстæ хæдзары кæй уыдзæн", — дзуры Георгий.

11 азы иууылдæр уый уыд иу камерæйы Уалыты Георгиимæ, кæцыимæ йæ ‘рцахстой 2005 азы июны. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Гия æппæт ацы азты дæргъы уыд стыр æххуыс æвзонг лæппуйæн.

"Уый цы бавзæрста, уый æз дæр бавзæрстон. Иухатт уыд афтæ, æмæ нын загътой, æртæ боны фæстæ нæ кӕй ауадздзысты. Хъуыддаг куы фæмæнг, уæд нæ ныфсы фылдæр бæрц фесæфт. Уый уыд 2008 азы августы хæсты фæстæ", — мысы Георгий.

Гуырдзиаг ахæстонмæ цалынмæ нæ бахауд, уæдмæ Георгийæн уыд уарзон чызг. Георгийы хо Аннæ дзуры, цæрæнбонты бузныг кæй уыдзæн уыцы чызгæй, кæцы ахæм "хæццæ" рæстæг нæ фæтарст ныццæуын Тбилисмæ, цæмæй фена Георгийы æмæ йын фæхæццæ кæна æрвитæггаг.

Коцты Иосиф: кӕй нӕ ссӕрибар кӕндзысты, уый махӕй никӕй уырныдта

"Сæттын, мæхæдæг кæй нæ сарæзтаин ахæм уæндон ми. Никæмæн ницы зæгъгæйæ, уый студентон билетæй сбадт автобусыл æмæ ныццыд иунæгæй Тбилисмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, чызджы нæ бауагътой изолятормæ. Нæ дæр ын йæ æрвитæггаг разы кодтой фæхæццæ кæнын, уымæн æмæ йын ницы хæстæг уыд. Фæлæ уый уым арвыста æнæхъæн бон кæугæйæ, зæгъгæ, нæ ацæудзæн, цалынмæ йын йæ æрвитæггаг нæ айсой, уæдмæ", — дзуры Аннæ.

Æрвитæггаг кæмæй у, уый базонгæйæ, Георгий тынг фæдис, уымæн æмæ æввахс хиуæттæй дæр нæ истой æрвитæггæгтæ. Бирæ даргъ сахаттæ æнхъæлмæ кæсгæйæ фервыста йæ мад ахæстоны дуæртты раз, кæд ын айсдзысты йе ‘рвитæггæгтæ.

Уый æмбæрста, æнæхъæн цард кæй арвитдзæн ахæстоны, уымæ гæсгæ ацы чызгмæ райдыдта гуымир ахаст дарын, цæмæй йæм ма æнхъæлмæ кæса.
Георгий сæтты, бынтондæр кæй ницы æмбары нырыккон гаджеттӕн, интернет æмæ нырыккон популярон уæлæмхасæнтӕн.

"Вацап та цы у? Бынтондæр ницы æмбарын ацы нырыккон телефонтæн. Фæстаг хатт ма мобилон телефонæй куы пайда кодтон, уæд уый уыд хуымæтæг телефон кънопкъæтимæ. Тынг бирæ рæстæг рацыд, уый ма бамбарын, зноны сывæллæттæ кæй сырæзтысты, уымæй", — худы Георгий.

Георгийы йæ ног царды бирæ цыдæртæ хъæуы базонын, бирæ цыдæртæ ногæй сахуыр кæнын. Нырма нæ зоны, дарддæр цы араздзæн, уый — фæнды йæ йæ ахуыр университеты адарддæр кæнын. Сæйрагдæр у уый, æмæ йын ныр фадат кæй ис алцыдæр ногæй райдайынӕн.

"Ныр мæ бон у фидарæй зæгъын, цард дарддæр кæй цæуы", — дзуры уый ныфсджынæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0