Уалыты Георгий: нæ размæ æрбацӕуджыты фенгæйæ мæхи фенхъæлдтон киностъалы

© Sputnik / Михаил ХасиевУалыты Георгий
Уалыты Георгий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
11 азы фæстæ Георгий фембæлд йæ бинонтыл. Дзуры, цыфæнды куыст кæнынмæ дæр кæй у цæттæ, æрмæстдæр Хуссар Ирыстонæн уа пайдахæссæг.

ЦХИНВАЛ, 22 мар — Sputnik, Козаты Дианæ. Уалыты Георгийæн 1991 азы гуырдзиæгтæ амардтой йæ фыд æмæ ‘фсымæры. Йæ мад уыцы маст не сфæрæзта æмæ амард. Уыдон цардысты Гуырдзыстоны Карелы районы, Георгий та ахуыр кодта финансон-экономикон факультеты Санкт-Петербурджы (Ленинграды) уæлдæр ахуыргæнæндонтæй иуы.

Йæ ахуыр кæронмæ нæ фæцис, райгуырæн уæзæгмæ кæмæ æрыздæхтаид, уый дӕр нал уыд. Уæдмæ Гуырдзыстоны сцырын ксенофобон арт, ирæтты тынг æфхæрдтой. Георгий нырма ацард Мæскуыйы, Цæгат Ирыстоны, уый фæстæ аскъуыддзаг кодта Цхинвалы æрцæрын. Æркодта бинонтæ, райгуырд ын лæппу.

Георгиий у, 10 марты Гуырдзыстоны ахæстæттæй цы ирон лæппуты ссæрибар кодтой, уыдонæй иу. 2005 азы уый æрцахстой гуырдзыстойнаг сæрмагонд службæтæ æмæ йæ фæаххосджын кодтой Гуры теракт саразыны хъуыддаджы.

Турашвили Борис: нæ федтон, куыд райгуырд ӕмӕ рæзт мæ чызг

"Мæ фыды фæндыд, цæмæй ахуыр адæймаг рацæуон æмæ æз дæр ахуыр кодтон. Мæ фыд æмæ ме ‘фсымæры куы амардтой, уæд ныууагътон мæ ахуыр дæр — кӕй тыххӕй ма ахуыр кодтаин?", — мысы уый.

2000-æм æзты райдайæны уый бацыд кусынмæ басгæрстон управленимæ. Уыцы аз, июлы уый бахауд Гуырдзыстоны ахæстонмæ. Зассеты Георгиимæ сӕ ‘рцахстой Аунеуы. Уыцы боны цаутæ мысгæйæ, Георгий дзуры, зæгъгæ, уый уыд развæлгъау æмæ хорз спълангонд акци.

"Æмбæрстгонд уыд, не ‘рцахсынмæ сæхи развæлгъау кæй цæттæ кодтой. Мах уыдыстæм машинæйыл, сарæзтой нын авари. Машинæйæ куы рахызтæн, уæд ауыдтон, махырдæм кæй æрбацæуы тагъд æххуысы машинæ ирон номыртимæ. Ахъуыды кодтон, зæгъгæ дохтырты бригадæ фæцæйцыд ирон хъæутæй иумæ, фæндагыл авари фенгæйæ, фездæхт махæн баххуыс кæнынмæ. Фæлæ машинæ куы æрурæдта, уæд дзы дохтырты бæсты рагæпп кодтой хæцæнгæрзтимæ адæм", — дзуры Георгий.

Тынг æй фæнадтой, асастой йын йæ фæрсчытæй. Баппæрстой ма йын наркотиктæ дæр. Аластой сæ Гурмæ, цыдæр хос сын сарæзтой, уый фæстæ та сæ акодтой Тбилисмæ. Се ‘рцахсты аххосæг цы у, уымæн ницы дзуапп райстой. Алцыдæр рабæрæг, Георгийы æрфарстмæ куы бакодтой æмæ йæ куы райдыдтой рафæрс-бафæрс кæнын, цалдæр мæйы размæ Гуры цы теракт арæзт æрцыд, уый тыххæй.

Зассеты Георгий: ныр мæ бон у ныфсджынæй зæгъын, цард дарддæр кæй цæуы

"Тæрхондонон процесс адард иу азы бæрц, вердикт фехъусын кодтой 2006 азы августы. Тæрхоныл нал хъуыды кодтон, удæгасæй ма куы баззадаин. Дыууæ азы арвыстон карз режимы ахæстоны. Уыцы рæстæджы бавзæрстон бирæ цыдӕртӕ — физикон, психологон æмæ моралон хъомыс. Ахæстоны администраци, спецназ æмæ хицауад арæзтой, цы сæ фæндыд, уый", — загъта Георгий.

2008 азы августы Хуссар Ирыстоны цæуæг цаутæ ирон лӕппу уыдта гуырдзиаг телеуынынадæй. Йæ хиуæттимæ йын бастдзинад кæй нæ уыд, уый тыххæй нæ зыдта реалон уавæр.

Дзуры, зæгъгæ, ацы 11 азы уый никуы сæфта ныфс сæрибармæ рахизынæй.

"Ахæстæтты баивыныл официалон æмвæзадыл уынаффæтæ кæй цæуынц, уый базыдтон 2008 азы хæсты фæстæ. Зыдтон, гуырдзиæгтæ цæхгæр кæй нæ разы кодтой мах раттыныл. Махæй дарддæр алкæй дæр разы уыдысты баивын. Хъуыстон адæймаджы барты фæдыл бынæттон экспертты, политикты ныхæстæм, кæцытæ дзырдтой, хъаугъайы зонæйы баивæн кæй ис уацайрæгтæн, цæрæнбонтæм ахæстоны фæбадыны тæрхон кæмæн рахастæуыд, уыдоны дæр. Мургай æмбырд кодтон информаци, арæзтон анализ — ууыл мын ацыд аст азы. Нæ мæ фæндыд мæ ныфс сæттын, уый уыд цавæрдæр хъахъхъæнæн механизм. Фæлæ факт уæддæр факт уыд — æз уыдтæн ахæстоны", — дзуры Георгий.

Куы иу базыдта, уыдон тыххæй кæй фыссынц газетты, интернеты, дзурынц сыл телеуынынады, уæд дзырдта: "Цыфæнды дæр дзурæт æмæ фыссæт, æрмæстдæр рохуаты ма уæм". Йæ ныхæстæм гæсгæ, республикæйы ныры къухдариуæгад активонæйдæр куы райдыдта архайын сæ хъысмæтыл, баивыны ныхæстæ цыдысты арæхæй арæхдæр, уӕд сæ бацыд стыр ныфсытæ.

"Ссæрибар кæныны размæ мæм ахæстоны администрацимæ куы фæдзырдтой, уæд ахъуыды кодтон, кæй та æрбацыдысты цавæрдæр европæйæгтæ, кæнæ барадхъахъхъæнджытæ. Фæлæ нын радтой бардзырд, цæмæй нæ дзаумæттæ æрæмбырд кæнæм, зæгъгæ, уырдыгæй цӕугæ кæнын", — мысы Георгий.

Освобожденных из грузинских тюрем граждан РЮО встречали в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гуырдзыстоны ахӕстӕттӕй ссӕрибаруӕвӕг лӕппутыл сӕмбӕлдысты Цхинвалы

Ссæрибар кæныны размæ сæ ракодтой Кутаисы ахæстонмæ. Дзуры, зæгъгæ цаутæ афтæ тагъд ивтой кæрæдзи, афтæмæй та сын ничи ницы æмбарын кодта. Æхсæвы дыууæ сахатыл ын ныффыссын кодтой ныххатыр кæныны тыххæй куырдиат, ахæстоны кусджытæ та сæхи дардтой "æнæнхъæлæджы зæрдæхæлар".

"Дыккаг бон фембæлдтæн Зассеты Георгиимæ, æмæ æндæр ницæуыл дзырдтам. Æхсæвы дæр фынæй нал фæрæзтон. Райсом куы сыстадыстæм, уæд нын систон не ‘нгуылдзты тæлмæнтæ. Уый фæстæ нæ ракодтой камерæйæ, радтой нын гæххæттытæ, кæй нæ ссæбир кодтой æмæ нын раарфæ кодтой. Ахæстоны раз уыд бирæ машинæтæ, нæлгоймæгтæ галстукты, спецназ. Сбадын нæ кодтой джипыл æмæ нæ аластой Сухуммæ", — дзуры Георгий.

Нæ цин кодта, сæрибардзинады не ‘нкъардта. Нæ йæ уырныдта, сæ ахæсты бонтæ ууыл кæй фесты. Фыртыхстæй нæ бафынæй, Цхинвалмæ цы æхсæв цыдысты, уæд дæр. Фæндагыл сæ бафæдзæхстой, фæзуаты сыл кæй сæмбæлдзысты се ‘ввахс адæм, уый фæстæ та схиздзыстæм президентмæ.

Коцты Иосиф: кӕй нӕ ссӕрибар кӕндзысты, уый махӕй никӕй уырныдта

"Хъуыды кодтон, кæй æрбацæудзысты фондз-æхсæз адæймаджы. Машинæ центрмæ куы бахæццæ æмæ фæзуатыл уыйбæрц адæм куы федтон, уæд мæм афтæ фæкаст, кæйдæр зиан у, зæгъгæ, æмæ шофырмæ бахатыдтæн, цæмæй чысыл дæрддзæф баурома æмæ адæмы ма бахъыгдарæм", — худы Георгий.

Фæзуатмæ æрбацыдысты æрмæст амондджын хиуæттæ нæ, фæлæ бирæ æнæзонгæ адæм. Цы цины ӕнкъарæнтимæ сыл æмбæлынц, уый фенгæйæ, Георгий афтæ фæтыхст æмæ цы сарæзтаид, цы загътаид, уый нал зыдта.

"Цæргæ-цæрæнбоны уæды хуызæн никуы тыхстæн. Мæхи киностъалы фенхъæлдтон. Куы федтон, ци цин æмæ уарзтимæ мыл æмбæлынц, уæд ахъуыды кодтон, разы кæй дæн ацы адæмы тыххæй ноджы иу хатт цæрæнбонты ахæстоны фæбадын. Мæ адæмæй ахæм сæрыстыр дæн, æмæ йæ ныхæстæй зæгъæн нæй. Æрмæстдæр банкъарӕн", — дзуры уый.

Георгий йæ бинонтыл сæмбæлд æрмæстдæр 11 азы фæстæ. Дзуры, цыфæнды куыст кæнынмæ дæр кæй у цæттæ, æрмæстдæр Хуссар Ирыстонæн уа пайдахæссæг.

Ног хабӕртты лентӕ
0