"Бонвӕрнон" - хуссарирыстойнаг ӕрыгон музыкантты куырдадз

© Sputnik / Алексей Ковалев"Бонвӕрнон"-ы къухдариуӕггӕнӕг Тедеты Алена йӕ ахуырдзауимӕ
Бонвӕрнон-ы къухдариуӕггӕнӕг Тедеты Алена йӕ ахуырдзауимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ивугъуыд ӕнусы 70-ӕм азты райдайӕны Ирыстоны аивады ирд стъалы ссис ВИА "Бонвӕрнон", абон та Хуссар Иры музыкантты куырдадз - скъола-студи "Бонвӕрнон" цӕттӕ кӕны сценӕйы фидӕны стъалыты. Ам 60 сывӕллонӕн амонынц музыкалон инструменттыл цӕгъдын, зарын, аив кӕсын, кафын ӕмӕ аивады ӕндӕр сусӕгдзинӕдтӕ.

ЦХИНВАЛ, 18 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Скъола-студи "Бонвӕрнон" фӕзынд Цхинвалы 15 азы размӕ, уӕд сывӕллӕттӕн музыкӕ ӕнустӕм бауарзын кӕныныл архайдтой ӕрмӕстдӕр ӕртӕ ахуыргӕнӕджы. Абон ацы уагдон ссис ӕрыгон музыкантты куырдадз. "Бонвӕрнон" концерттӕ дӕтты стӕм хатт, фӕлӕ кӕддӕриддӕр ӕрӕмбырд кӕны йедзаг залтӕ.

Скъолайӕн къухдариуӕгад кӕны музыкант Тедеты Алена. Æвзонг чызджы йӕ ахуыр фӕуыны фӕстӕ бафӕндыд, йæхæдæг аивад куыд банкъардта æмæ бауарзта, афтæ йыл фæцайдагъ кæна рæзгæ фæлтæрты дæр. Цадӕггай ӕрӕвнӕлдта йæ бæллиц ӕххӕст кӕнынмӕ — фыццаг уал сарӕзта музыкалон къласс-студи.

"Бæллыдтæн алыхатт дæр сæрмагод скъоламæ, цыран ахуыргӕнӕг æмæ ахуырдзауты иу кæна æмгардзинад æмæ аивадмæ уарзондзинад. Кусын куы райдыдтам, уæд уыдыстæм æрмӕстдæр æртæйæ. Мæнмæ ма æрбамбал сты Сланты Нина æмæ Бязырты Екатерина, афтæ хисæрмагонд скъолайы хуызы куыстам æртæ азы дæргъы", — мысы йæ фыццаг къахдзæфтæ скъолайы аивадон къухдариуæггæнæг.

"Бонвӕрнон" цалдæр аз куы акуыста, уӕд ауагъта йӕ фыццаг концерт. Мадзал афтæ æнтыстджын разынд, æмæ йæ сфӕлхатт кодтой æртæ хатты. Уый фæстæ аскъуыддзаг къласс-студийы хъысмæт æмæ йын радтой паддзахадон музыкалон скъола-студийы статус.

© Sputnik / Алексей Ковалев"Бонвӕрнон" концерттӕ дӕтты стӕм хатт, фӕлӕ кӕддӕриддӕр ӕрӕмбырд кӕны йедзаг залтӕ
Концерт школы-студии Бонварнон - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Бонвӕрнон" концерттӕ дӕтты стӕм хатт, фӕлӕ кӕддӕриддӕр ӕрӕмбырд кӕны йедзаг залтӕ

Уӕдӕй нырмӕ скъолайы æрцыд къорд ивындзинæдтæ — ныридæгæн ам кусы 14 ахуыргӕнæджы, сæ ахуырдзауты нымæц та ахызт 60-йæ.
Фæфылдӕр сты предметтæ, æнæмæнгхъæуæг дӕсныйӕдтӕй дарддæр ма сывӕллӕттӕ барвæндæй цæуынц аив бакасты, нывкæнынады, ритмикæ æмæ эстрадон хайадтæм ӕмӕ тырнынц, цӕмӕй сфӕлхатт кӕной йӕ рӕстӕджы нӕргӕ ВИА "Бонвӕрнон"-ы ӕнтыст.

"Скъолайæн нӕ фæндыд ахӕм ном радтын, кæцы æрыгон музыкантты дардтаид йæ базыры бын æмæ сӕ акодтаид аивады бæрзӕндтæм. Уыцы рæстæджы Ирыстоны музыкалон историйы йӕ кады тæмæны цы ансамбль "Бонвæрон" бацыдис, уый ныппырх ис æмæ йын йӕ ном мах нæхицæн байстам", — радзырдта скъолайы директор.

Скъола-студийы уæнгтæн æрæджы дӕр стыр æнтыстимæ ацыд юбилейон концерт, уӕдæй фӕстæмӕ гъæдджын музыкæйæн табугæнджытæ домынц ног концерт.

Бонвӕрнон-ы сӕргълӕууӕг Тедеты Аленӕ йӕ ахуыргӕнинагимӕ. - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Бонвӕрнон"-ыл сӕххӕст 15 азы

Дыккæгæм скъолайы хореографион къорд "Кафт"-имæ та сын балæвар кæндзысты аивады ног бæрæгбон сӕрды.

"Нӕ республикӕйы культурæйы министрады хæслæвæрдмæ гæсгæ Сывæллæтты хъахъхъæныны бонмæ — 1 июны Цхинвалы дыккæгæм скъолайы хореографион къорд "Кафт"-имæ иумæ ауадздзыстæм ноджы иу концерт", — радзырдта студийы ӕввахс плӕнттӕ йӕ къухдариуӕггӕнӕг.

Афтӕ ма уый радзырдта, ныридæгæн скъолайы ансамблы хистæр къорд йæ ных кӕй сарæзта Уæрæсейы фыццаг каналы алæвæрд "Голос Дети"-мæ. "Бонвæрнон"-ы хистæр къорды уæнгтæ — Пæррæстаты Анна-Мария, Цхуырбаты Анастасия, Козаты Аннæ æмæ Тъехты Зӕлинӕ хицæнтæй фæлвардзысты ацы проектмæ бахауын.

"Цалынмæ сывæллæттæ эфиры рахизынц, уæдмæ рацӕуынц вазыгджын дыууӕэтапон фæндаг, фӕлӕ мах нæ зæрдæ дарӕм, ацы чызджыты кӕй фендзыстӕм фыццаг каналы эфиры", — загъта Тедеты Алена.

© Sputnik / Алексей Ковалев"Бонвӕрнон"-ы юбилейон концерт Цхинвалы
Концерт школы-студии Бонварнон - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Бонвӕрнон"-ы юбилейон концерт Цхинвалы

Аленӕйы хъыджы ӕппары, абон сценӕ кӕй ссис хиирхӕфсӕн ӕмӕ йӕм фӕндаг гом кӕй у, музыкӕмӕ дард чи лӕууы, ахӕмтӕн дӕр.

"Хъыгагӕн, абон нӕ сценӕйыл стӕм ис, музыкалон ахуырад чи райста, ахӕм курдиатджын фӕсивӕд. Музыкӕ хъуамӕ адӕймаджы миддуне уӕлвонг ӕмӕ хъӕзныг кӕна, мах та уынӕм ӕрмӕстдӕр ирхæфсæн сценӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ис нӕм, эстрадӕйы сӕхи ирдӕй чи равдыстой, ахӕмтӕ дӕр — Хъуылымбегты Сослан, Цоциты Аннӕ, Бекъойты Вано. Ис нӕм академион музыкӕйы ирд минӕвӕрттӕ дӕр — Ӕлборты Феликс, Плиты Жаннӕ, Плиты Мурат ӕмӕ ӕндӕртӕ ", — банысан кодта уый.

"Бонвӕрнон" Нарты кадджыты нысан ӕрцыд сæууон стъалыйӕ. Ивгъуыд ӕнусы 70-ӕм азты райдайӕны Ирыстоны аивады ирд стъалы ссис ВИА "Бонвӕрнон", абон та Хуссар Иры музыкантты куырдадз — скъола-студи "Бонвӕрнон" цӕттӕ кӕны сценӕйы фидӕны стъалыты. Скъола йӕ ахырдзаутӕн афтӕ бауарзын кӕны аивад ӕмӕ бирӕтӕ сӕ фидӕн сбӕттынц музыкӕимӕ, сӕ ахуыр адарддӕр кӕнынц ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр музыкалон ахуыргӕнӕндӕтты. Ацы аз та скъолайы ӕртӕ рауагъдоны бафӕлвардзысты Санкт-Петербурджы уӕвӕг Николай Римский-Корсаковы номыл музыкалон ахуыргӕнӕндонмӕ бацӕуын.

Ног хабӕртты лентӕ
0