Дыгъуызты Вика: мӕ тыхӕй пайда кӕндзӕн ӕрмӕстдӕр рингыл

© Sputnik / Фатима ПлитыӔвзонг спортсменкӕ Дыгъуызты Вика
Ӕвзонг спортсменкӕ Дыгъуызты Вика - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыгъуызты Виктория 12 хатты схызт уӕлахиздзауы пьедесталмӕ ӕмӕ 17-аздзыдӕй ссис ӕмбуар хӕсты спорты мастер. Ныр та бӕллы мидхъуыддӕгты министрады академимӕ ахуырмӕ ацӕуын ӕмӕ ӕнӕфӕткон тохы дунейы бӕрзӕндтӕ басӕттын.

ЦХИНВАЛ, 4 май- Sputnik, Плиты Фатимӕ. Дыгъуызты Виктория бынтон ӕвзонгӕй йӕ фидӕн сбаста, чызгӕн ӕнахуыр чи у, спорты ахӕм хуызимӕ — бацыд ӕмбуар хӕсты секцимӕ. Къæмдзæстыг, рӕсугъд, къӕсхуыр чызг ныфсджынӕй ӕвзары нӕлгоймаджы дӕсныйӕдтӕ — ахуыр кӕны Кадетон скъолайы, цӕуы ӕмбуар хӕсты секцимӕ ӕмӕ тырны Мидхъуыддӕгты министрады академимӕ бахауынмӕ.

Сывӕллӕтты ӕмӕ ӕрыгон фӕсивӕды спорты скъолайы дыккаг уӕладзыгы 30 лӕппуйы хсӕн Вика дӕр цӕттӕ кӕны йӕхи. Ӕгас секицийы ис ӕрмӕстдӕр дыууӕ чызджы. Вика архайы 65 килограммы уӕзы. Ӕрвылбон дӕр ӕртӕ сахат кусы йӕ цӕттӕдзинадыл, ӕнӕ уый та спорт ӕппынӕдзух ис йӕ хъуыдыты.

Изӕры 7 сахатыл йе ‘мбӕлттӕ тезгъо кӕнынмӕ ӕмӕ кафтытӕм сӕхи куы рацӕттӕ кӕнынц, уӕд уый та йӕ спортивон дарӕсимӕ хызын йе ‘уӕхскыл баппары ӕмӕ смидӕг вӕййы тренировкӕты.

"Кафджытӕм алчидӕр цӕуы, фӕлӕ чызджытӕй ӕмбуар хӕсты ничи архайы ӕмӕ алкӕй дӕр дисы бафтауын. Фыццаг уӕлахиз мӕ къухы бафтыд 14-аздзыдӕй, уый фӕстӕ фӕныфсджындӕр дӕн ӕмӕ ма мӕ цы хъуамӕ баурӕдтаид", — мысы йӕ фыццаг къахдзӕфтӕ ӕрыгон спортсменкӕ.

© Sputnik / Плиты ФатимаӔвзонг спортсменкӕ Дыгъуызты Вика
Ӕвзонг спортсменкӕ Дыгъуызты Вика - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕвзонг спортсменкӕ Дыгъуызты Вика

Вика кӕд нырма уадиссаг фӕлтӕрд спортсмен нӕу, уӕддӕр ӕм йӕ фыццаг ӕнтыстытимӕ ӕрцыд ӕмбарынад, йӕ тыхӕй рингӕй дарддӕр пайда кӕнын кӕй никуы ис гӕнӕн. Фидӕны та йӕ фӕнды архайын ӕнӕфӕткон тохы.

"Ме ‘мбӕлттимӕ мын, куыд чызджытимӕ, афтӕ лӕппутимӕ дӕр ис хорз ахастытӕ, уымӕ гӕсгӕ хыл никуы фӕкӕнӕм. Фӕлӕ мӕ исчи куы фӕхъыг кӕна, уӕддӕр ӕй ӕмбарын, мӕнӕн тыхӕй пайда кӕнын раст кӕй нӕу. Мӕ физикон фӕлтӕрддзинад мӕ ныр та фӕндид ӕнӕфӕткон тохты рингыл бафӕлварын", — дзуры йӕ бӕллицтӕ Вика.

Ӕвзонг чызг спорты фӕндаг йӕхицӕн равзӕрста авд азы размӕ. Фыццаг йӕхи фӕлвӕрдта дзюдойы, фӕлӕ цыппар азы дӕргъы ӕхсӕнадӕмон ерыстӕм никуы афтыд. Сыхаг хатӕны та сӕхи цӕттӕ кодтой ӕмбуар хӕсты спортсментӕ, уыдонӕн се ‘нтыстытыл ӕгас спорты скъола цин кодта. Вика дӕр сфӕнд кодта уыдонмӕ йӕхи бамбал кӕнын.

"Ӕмбуар хӕсты секцийы спортсментӕ арӕх цыдысты турниртӕм. Мӕхимидӕг иу ӕз дӕр бӕллыдтӕн афтын ахӕм ерыстӕм. Уымӕ гӕсгӕ сфӕнд кодтон раивын мӕ секци ӕмӕ йыл иу уысм дӕр нӕ фӕфӕсмон кодтон. Нӕ тренер Хъуылымбегты Мамед нӕ йӕхи сывӕллӕттау хъомыл кӕны", — дзуры Дыгъуызты чызг.

© Архивон къамВиктория 12 хатты схызт уӕлахиздзауы пьедесталмӕ
Ӕвзонг спортсменкӕ Дыгъуызты Вика - Sputnik Хуссар Ирыстон
Виктория 12 хатты схызт уӕлахиздзауы пьедесталмӕ

Хъуылымбегты Мамед дӕр нымайы, Викайы ӕнтыстыты тыххӕй бузныг дзурын кӕй хъӕуы ӕрмӕстдӕр чызджы ӕрвылбонон фыдӕбонӕн.

"Спорты сгуыхтдзинӕдтӕ баст сты ӕппынӕдзух куыстимӕ. Вика афтӕ хорз кӕй архайы, уымӕн йӕ 99% сты йе ‘рвылбонон тренировкӕтӕ ӕмӕ 1% та курдиат. Бӕргӕ, куы ма нӕм уаид ахӕм цӕттӕ чызджытӕ, уӕд ын ӕнцондӕр уаид — лӕппутӕ йын кӕм тӕригъӕд кӕнынц, кӕм дзы ӕфсӕрм фӕкӕныц", — банысан кодта йӕ къухдариуӕггӕнӕг, сгуыхт тренер Хъуылымбегты Мамед.

Ацы аз чызг скъола фӕуыдзӕн ӕмӕ ахуырмӕ ацӕудзӕн Уӕрӕсемӕ. Тренеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, фыццаг курсыты ахуыргӕнгӕйӕ, хъыгагӕн, йӕ цӕттӕ кӕныны процессӕй фиппӕрд уыдзӕн, фӕлӕ йӕ уӕддӕр уырны, Викайӕн хорз спортивон фидӕн кӕй ис.

Ног хабӕртты лентӕ
0