Цхинвалы скульптурæты фысым

© Sputnik / Фатима ПлиеваСкульптор Бекъойты Алан
Скульптор Бекъойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Скульптор Бекъойты Алан бæрзонд хорзæхты хицау нæу, нӕдӕр закъазтæм ӕнхъæлмæ кæсы, фӕлӕ хъавы, йæ сывæллоны бонты йыл стыр тæлмæнтæ чи ныууагъта æмæ Цхинвалы символтæ чи баххæст кодта, уыдоны скульптурӕтӕ саразын.

ЦХИНВАЛ, 6 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Фӕстаг рӕстӕджы Цхинвалы уынгтӕ сфæлыстой зынгӕ ирон скульптор Бекъойты Аланы куыстытӕ — фонтантæ "Фатимӕ", "Уарзæттæ хураууоны бын", Юрий Гагарины бюст, Хетæгкаты Къостайы æмæ Ос-Бӕгъатыры горельефтæ ӕмӕ бирӕ ӕндӕртӕ фенӕн ис сӕйраг сахары хицӕн ӕмӕ хицӕн къуымты.

Хуссар Ирыстоны сӕйраг горӕт хъæзныг нæу цыртытæ æмæ скульптурӕтæй. Советон дугæй нæм баззад рухстауджытæ æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъæбатырты бюсттæ, фӕстӕдӕр сӕ нымӕц цадӕггай фылдӕр кода. Ныр ацы хъуыддаг йӕ къухтӕм райста Бекъойты Алан.

Аланы фӕстаг куыстытӕй иу ӕрӕджы срӕсугъд кодта Мамсыраты Хадзы-Умары уынг — ам нывгӕнӕг сæрæзта фонтан скульптурон композицимӕ "Уарзæттæ хураууоны бын". Уымӕй размӕ та йӕ аннӕ куыст — къæй дуримæ фонтан — ӕрбынат кодта Текстилы микрорайоны.

В Цхинвале запустили фонтан Влюбленные под зонтом - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы сарӕзтой фонтан "Уарзæттæ хураууоны бын"

Бекъойты Алан скульпутрæйы куыст райдыдта 2000 æзты, уæд уый æрбамбал кодтой хицауадон хæдзæртты комплексы раз уацамонгæйы нуазæнимæ Нарты Батрадзы скульптурæ аразынмæ. Ацы куыстыл уый афтæ фæцайдагъ, æмæ йæ йӕ фыццаг архайд рох дæр фæцис — уый размӕ та Алан кодта ныв. Ӕрмдæсны ныр бæллы Цхинвалы алкæцы къуым дæр сфæлындын цыртытæ, скульптурæтæ æмæ горельефтæй.

"Кӕд ныридӕгӕн дӕр мӕ скульптурӕтӕй Цхинвалы уынгтыл фенæн ис бирæ, уӕддӕр ме стырдæр куыстытæ уынын фидæны. Иууыл стырдæр хæрзиуæгыл нымайын, мæ уарзон горæты æфснайд лæгъз уынгтыл ме ‘рмдзæф цы цыртыл ныууагътон, уыдон адæмы зæрдæмӕ куы фӕцӕуынц, уый", — банысан кодта скульптор.

Ивгъуыд аз горæты центры Хетæгкаты Къостайы цыртрæбын æрынцади йæ иууыл хъуыстгонддæр поэмæйы хъайтар "Фатимæ"-йы скульптурæимæ фонтан. Уый дӕр рацыд Бекъойты Аланы къухтӕй. Кæд скульптурæйӕн æфхæрджытæ дæр бирæ уыд, уæддæр фонтаны алыварс сабитæ ӕмӕ сӕ ныййарджытӕй æрвыл изæр къух бавæрæн дæр нæ вæййы.

© Sputnik / Ада БагианФонтан "Фатимӕ"
Жара в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фонтан "Фатимӕ"

Йæ фæндтыл та цæст дæр нæ хæцы, скульпторы æрмадзы иу къуымы ис Цхинвалы иууыл зындгонддæр ныллæг лæг Санахъоты Исмелы скульптурæ. Кæрдгæныв æнхъæлмæ кæсы, горæты хицæуттæ йын Цхинвалы уынгтӕй, науæд та сквертӕй иуы хицæн бынат кæд рахицæн кæндзысты.

"Мæ хъуыдымæ гæсгæ, æнæмæнг нæу æмæ адæймаг исты хъуыддаджы расгуыха, хорз адæймаг чи уыд æмæ æгас горӕт кæй зыдтой, уыдон нымайын скульптурӕйы аккагыл. Ахæм уыд Исмел, ахæм лæгыл нымайын Кужийы дæр — ацы сахъхъат лæг ӕдзухдӕр лæууыд æд барæн Фарны дуканийы раз. Фæнды мæ уымӕн дӕр, мæ цæсты раз куыд баззад, афтæ йын бронзæ скульптурæ саразын", — радзырдта Бекъойты Алан.

Ӕппӕт ранымайгӕ проектты автор, скульптор Бекъойты Алан бæрзонд хорзæхты хицау нæу, нӕдӕр закъазтæм ӕнхъæлмæ кæсы, фӕлӕ хъавы, йæ сывæллоны бонты йыл стыр тæлмæнтæ чи ныууагъта æмæ Цхинвалы символтæ чи баххæст кодта, уыдоны скульптурӕтӕ саразын.

© Sputnik / Фатима ПлиеваБекъойты Аланы скульптурæ "Нарты Батрадз"
Скульптор Бекъойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бекъойты Аланы скульптурæ "Нарты Батрадз"

Скульпторы æрмадз кæд у къуындæг æмæ дзы азмæлæн дæр нæй, уæддæр дзы куыст иу уысм дæр нæ нымæг кæны. Ныридæгæн Алан архайы Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист Гæбæраты Дауыты скульптурæ сцæттæ кæныныл, фæстæдæр та йæ фæндты ис ноджы иу номдзыд адæмон актрисæ — Цоциты Нинӕйы скульптурæ саразын.

"Ацы дыууӕ артистӕн иумӕ ис къам спектаклы архайгæйæ æмæ уыцы къаммæ гæсгæ амайдзæн мæ куыст. Афтӕ ма аразын ме ‘мхæрæфырт, 90-æм æзты хъайтар Тасойты Иналы (Коммунист) горельеф дæр", — дзуры йæ куысты фӕдыл уый.

Аланӕн бирӕ ис нывтӕ дӕр, фылдӕр бӕрцӕй пейзажтӕ. Уыдонӕй иу дӕр йӕхимӕ нал ис, апарахат ын сты аивадӕн табугӕнджыты хсӕн. Йæ куыстытæй дыууæ ӕгӕрыстӕмӕй баххæст кодтой Абхазы æмæ Кæсæг-Балхъары республикæты президентты галереятӕ — уыдонӕн сӕ инаугурациты цытжын церемонитæм Хуссар Иры делегацитæ лæварæн ахастой Бекойты Аланы конд нывтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0