Цоциты Злата хъахъхъӕндзӕн Уӕрӕсейы кад музыкалон фестивалы Флоридайы

© FacebookЦоциты Злата
Цоциты Злата - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Не ‘мбӕстаг Цоциты Злата хъахъхъӕндзӕн Уӕрӕсейы кад ӕхсӕнадӕмон музыкалон фестивалы Флоридайы. Куысты ӕнгом нывӕзты тыххӕй пианискайӕн нырма нӕй фадат Цхинвалмӕ концертимӕ ӕрцӕуын.

ЦХИНВАЛ, 13 июл — Sputnik, Хъотайты Мария. Ирон пианистка Цоциты Злата сӕххӕст кӕндзӕн йӕ музыкалон программӕ ӕхсӕнадӕмон музыкалон фестивалы Флоридайы, фехъусын кодта Sputnik пианисткӕ.

"Ӕз ратдзӕн концерт Майамийы фортепианон музыкӕйы фестивалы фӕлгӕтты. Сӕххӕст кӕндзӕн Моцарт, Лист ӕмӕ рахманиновы уацмыстӕ", — радзырдта Злата.

Майамийы Фортепианон музыкӕйы ӕхсӕнадӕмон фестиваль уагъд цӕудзӕн штат Флоридайы университет "Nova Southeastern"-ы. Цоциты Злата фестивалы хъахъхъӕндзӕн Уӕрӕсейы кад.

Фӕсарӕйнаг прессӕ стыр ӕхсызгонӕй фыссы Цоциты чызджы тыххӕй, куыд диссаджы курдиат ӕмӕ музыкалон уацмыстӕ ӕххӕст кӕныны цымыдисон техникӕйы хицау.

© FacebookЦоциты Злата
Злата Чочиева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цоциты Злата

Злата сценæмæ фыццаг хатт рахызт фондзаздзыдæй æмæ дыууæ азы фæстæ та Мæскуыйы консерваторийы стыр залы сæххæст кодта Моцарты 17-ӕм концерт оркестримæ иумæ. Дыууадæс азы кары радта концерт Мæскуыйы консерваторийы Рахманиновы залы, кæцы æвдыст цыд уæрæсейаг телеканалтыл.

Пианисткæйы сфæлдыстадыл стыр фæд ныууагъта музыкант Михаил Плетнев. Уый йæ фæхуыдта уæрæсейаг националон оркестримæ цалдæр концерты хайад райсынмæ.

Пианисткæ Цоциты Злата райгуырд Мæскуыйы. Фæлæ æрвылаз дæр йæ сæрдыгон улæфт бонтæ æрвыста Цхинвалы йæ нанаимæ. Ацы рæстæг дæр уый цыд Цхинвалы музыкалон скъоламæ æмæ ам сахатгай цагъта музыкалон инструменттыл. Хуссар Ирыстоны культурæйы министрады загътой Sputnik, Златайы кæй фæхуыдтой Хуссар Ирыстоны концерт раттынмæ. Пианистка йæхæдæг дӕр ныфс радта Цхинвалмæ æрцæуынæй.

"Цхинвалмæ æнæмӕнгæй æрцæудзæн, фæлæ фидарæй мæ бон нæу зæгъын, кæд", — загъта уый.

Цоциты Злата у 14 æхсæнадæмон конкурсты лауреат. Фыццаг фортепианойы конкурсы Санта-Катаринайы (Бразилия) Златайы банымадтой Шопены музыкæйы иууыл хуыздæр æххæстгæнæгыл.

2005 азы Цоциты Злата ссис РЦИ-А иууыл æвзонгдæр сгуыхт артист.

Ног хабӕртты лентӕ
0