Цхинвайлаг Бететы Зауыр - рагон цымыдисон цауты хæзнадон

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦхинвайлаг Бететы Зауыр
Цхинвайлаг Бететы Зауыр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Карджын лæг рацард цымыдисон цард, йæхи цæстæй федта, куыд арæзт цыд Цхинвал, куыд ивтой адæм, цард æмæ æгъдæуттæ.

ЦХИНВАЛ, 21 июл — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы карджындæр цæрджытæй сæ иу — Бететы Зауыр у рагон цымыдисон цауты хæзнадон. Йӕ цуры куы ӕрбадай, уӕд дӕ цымӕ рӕстӕг йӕ базыртыл ӕндӕр ӕнусмӕ аскъӕфта ӕмӕ адӕймаджы цӕстыты раз февзӕры ӕндӕрхуызон Цхинвал, рагон адӕм ӕмӕ сӕ цардуаг.

Ацӕргӕ лӕг йæхи цæстæй федта, куыд арæзт цыд Цхинвал, куыд ивтой адæм, цард æмæ æгъдæуттæ. Хуссар Иры сæйраг горæты ивгъуыд æнусы райдайæны уый бæрц цæрæг дæр нæ уыд, фылдæр бæрцæй адæм цардысты хъæуты. Зауыр дӕр хъӕууон цӕрӕг уыд, къусреттаг, стӕм хатт-иу ӕрцыд горӕтмӕ, кӕцы йæ цæсты баззад æндæрхуызонӕй.

"Тынг фæивта Цхинвал. Горæты уæллаг хай цы куырæйттæ уыд, уыдонæн сæ дон цыд Сталины уынгыл. Стæй Цхинвалы ныры бæрц цæрджытæ кæм уыд, фылдæр бæрцæй цардысты "Обком"-ы хæдзары цур. Ӕрмæст Цхинвалы Мадымайрæмы аргъуан, мæхи куы базыдтон, уæдæй нырмæ афтæ лæууы", — дзуры уый.

Зауыр банысан кодта, зӕгъгӕ, раздæры адæм бирӕ фидардӕр уыдысты куыд удыхъæдæй, афтӕ æнæниздзинадæй дӕр.

Цхинвалы фӕстаг уираг

"Къусреты мæ сыхаг Къатуша йæ лæппуйы быдырæй æрхаста. Ӕвгъӕдджын сылгоймаг райсом хъæдур къахынмæ ацыд, уым ныййардта йæ фырты, бахæрын ын кодта, йæ куыст балхынцъ кодта æмæ изæры йæ фыртимæ æрцыд. Кӕнӕ иу раздӕр карз зымӕгтӕ кодта, хæдзæрттæ-иу миты бынæй нал зындысты ӕмӕ-иу Къусретæй Цхинвалмæ æрфæд кодтам фиййагæй", — мысы дада.

Зауыр кӕд рацард чысыл цухӕй иу ӕнусы бӕрц, уӕддӕр дисы ӕфтауы йӕ хъуыдыкӕнынадӕй ӕмӕ цӕрдӕгдзинадӕй. Уый хъуыды кӕны рагон цаутӕ лыстӕггай, йӕ сывӕллоны бонтӕ, йӕ хӕлӕрттӕ ӕмӕ сыхӕгты нӕмттӕ. Хъуыды кӕны, бонӕй бонмӕ куыд ивтой ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ традицитӕ дӕр. Карджын лæг йæ зæрдыл дары, сыгъдæг бынæттæм раздæры адæм куыд табу кодтой, фæлæ, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уæды дуджы дæр-иу æруагътой рæдыдтытæ.

"Къусреты дынджыр æнгузбæласы бын нысан цыд Дзуары бон. Алкæцы адæймаг дæр-иу нывæрдта йæ мæрайы æртæ абазийы. Ацы æхцайы фæрæзтæ-иу фæстæдæр бахардз кодтой кувæндоныл. Иу ахӕмы чысыл лæппутæ систой æхцайы фæрæзтæ æмæ сæ сарæзтой хъазт, иннӕтӕ та байуæрстой кæрæдзийыл. Уыцы æхсæз лæппуйæ йæ кармæ ничиуал бахæццæ. Иу ӕнамонд цау æййæфта иннæйы æмæ се ʻхсæз дæр амардысты", — радзырдта лӕг.

Уый фæстæ ма Зауыр æрæййæфта, Андисы кувæндонæй иу лæг куыд радавта æхцайы фæрæзтæ æмæ æрдæг фæндагыл сæнттæ цæгъдын куыд райдыдта.

Карджын лæг райгуырд ӕмӕ схъомыл Къусреты хъæуы, фӕлӕ фæстæдæр æрбынат кодта Цхинвалы, Сабырдзинады уынгыл. Ам сарӕзта йӕ цард, æрхаста ус, скодта бинонтæ, йе ‘мкъайимӕ схъомыл кодтой цыппар сывӕллоны. Бететы бинонты хсæн стæм не ʻсты бирӕцӕрӕг адæм, Зауырӕн йæ фыд æмæ йе ʻфсымæр дæр фæцардысты сæдӕ азмæ æввахс. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтӕмæй сæйрагыл нымайы æрдзæй фидар æнæниздзинад рахæссын æмæ нозтæй бæрц зонын.

Ветеран Гатыгкоты Захар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ветеран: хӕст мӕ ныууагъта сахъхъатӕй, ме ‘мгӕрттӕй та бирӕтӕн аскъуыдта сӕ цард

"Наузын дæр хъæуы, фæлæ дзы æгæр хъуамæ ма кӕнай. Ӕз нозт дӕр кӕнын, тамако дӕр дымын, фӕлӕ дзы мӕ нормӕ алыхатт дӕр зыдтон. Мæ фырт мын мæ тамако уадзын кæны, фæлæ йæ фæндыл нæ ацæудзынæн — ме сиахс йæ тамако дымын ныууагъта æмæ иу къуыримæ æрбамард", — хъаст кæны Зауыр.

Зауыр даргъ ӕмӕ цымыдисон цардвӕндагыл рацыд, йӕ хъысмӕт ӕй бирӕ гакъон-макъон фӕндӕгтыл ракодта, ӕгӕрыстӕмӕй ма бахауд ахӕстонмӕ дӕр, фӕлӕ зындзинӕдтӕ нӕ асастой фидар ирон лӕджы.

"Бирæ æзты дæргъы куыстон стыр уӕзласæн машинæтыл, ластон хъæдырмæг. Иу хатт мӕ машинæ æфæлдæхт æмæ мæ бæлццон нæ фервæзт аварийы. Ацы хъуыддаджы фæазымджын кодтой мæн æмæ цыппар азы арвыстон ахæстоны. Лӕг йӕ царды хъуамӕ алцӕмӕдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕса", — дзуры уый.

Зауыр ныры дуг нымайы тынг амондджын ӕмӕ бӕллиццаг рӕстӕгыл, йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ныры адæм сты кусаг æмæ сæрæн, ног дуг сын ӕрхаста бирæ хорздзинæдтæ, алцыдæр ис ссарæн, раздӕры адӕм та цардысты "маамӕла къӕбӕрӕй".

Ног хабӕртты лентӕ
0