Фыццӕгӕм сентябрьмӕ хӕрдзтӕ

© Sputnik / Ада БагианФыццаг сентябрь
Фыццаг сентябрь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сывӕллоны скъоламӕ сцӕттӕ кӕныны тыххӕй хуссарирыстойнаг бинонтӕн 20 мин сомӕй къаддӕр нӕ бахардз уыдзӕн.

ЦХИНВАЛ, 15 авг — Sputnik, Босыкты Наталья. Фыццӕгӕм сентябры агъоммӕ ныййарджытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ цӕттӕ кӕнынц ног ахуыры азмӕ. Цхинвалы дуканиты, цы ран уӕй кӕнынц скъолӕйы дарӕс ӕмӕ къанцыларон ӕрмӕджытӕ, къух батъыссӕн дӕр нӕй. Sputnik уацхӕссӕг бацымыдис кодта бынӕттон дуканиты, цас слӕудзӕн сывӕллоны скъоламӕ сцӕттӕ кӕнын ацы аз.

Скъолӕйон формӕ ӕмӕ къахдарӕс

Скъолайы дарӕсы иу комплект фаг нӕу ӕнӕхъӕн ахуыры азӕн, уымӕ гӕсгӕ ныййарджытӕ балхӕнынц дыгай фӕлысттӕ.

Бирӕсывӕллонджын мад Ӕлборты Лейлӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, горӕты дуканиты ис ӕгӕр бӕрзонд ӕргътӕ ӕмӕ стыр зиан сты бинонты бюджетӕн.

"Фарон иу сывӕллон ахуыры азмӕ сцӕттӕ кӕнынӕн мын бахардз 20 мин сомы. Ацы аз ӕргътӕ нӕ фӕивтой, фӕлӕ дарӕсы гъӕд ӕмбӕлон кӕй нӕу, уый тыххӕй иу комплект не ′сфаг вӕййы ӕнӕхъӕн азӕн, уымӕ гӕсгӕ фӕзыны уӕлӕмхас хӕрдзтӕ", — дзуры сылгоймаг.

Зонындзинæдты бон банысан кодтой гимнази "Альбион"-ы

Лӕппуйӕн иууыл асламдӕр костюмы аргъ у фондз мин сомы. Чызджы къаба дӕр слӕудзӕн цыппар мин сомы. Хъӕуы ма цалдӕр хӕдоны, кӕцыты аргъ у иу минӕй уӕлдӕр.

Чызджыты ӕмӕ лӕппуты къахдарӕс слӕудзӕн ӕртӕ минмӕ ӕввахс. Къахдарӕсӕй дарддӕр ма скъоладзауы бахъӕудзӕн спортивон дарӕс — уый та ноджы дыууӕ мин сомы.

Уымӕ гӕсгӕ, дарӕсы комплектыл хардз ӕрцӕудзӕн 15 мин соммӕ ӕввахс. Уыимӕ иумӕ, нымад не ′рцыдысты зымӕгон уӕлӕдарӕс ӕмӕ къахыдарӕс.

Ахуыры чингуытӕ

Хӕрдзты сӕрмагонд статья — ахуыры чингуытӕ ӕлхӕнын. Фӕстаг рӕстӕджы ныййарджытӕ арӕх райдыдтой пайда кӕнын интернет-дуканиты лӕггӕдтӕй, цы ран балхӕнӕн ис спайдагонд чингуытӕн асламдӕр аргъыл. Кӕд Хуссар Ирыстоны паддзахадон скъолатӕй кӕцыдӕртӕ хицӕн кӕнынц сӕ скъоладзаутӕн цавӕрдӕр чингуытӕ ӕнӕаргъӕй, уӕд сӕрмагонд скъолаты ахуыргӕнинӕгты ныййарджытӕ та бахъӕуы ӕнӕхъӕн комплект ахуыры чингуытӕ, уый та абоны бон слӕудзӕн фондз мин сомы кӕстӕр кълӕсты ахуыргӕнинӕгтӕн ӕмӕ авд мин сомы та — хистӕр кълӕсты.

Канцыларон ӕрмӕджытӕ

Ӕнӕмӕнгхъӕуӕг канцыларон ӕрмӕджытӕ, тетрӕдтӕ ӕмӕ чингуытӕй дарддӕр, балхӕнынӕн бахъӕудзӕн дыууӕ мин соммӕ ӕввахс. Ацӕугӕ азы мидӕг сӕ аргъ нӕ фӕфылдӕр, уымӕ гӕсгӕ ныййарджыты нӕ бахъӕудзӕн уӕлӕмхас хӕрдзтӕ кӕнын.

Чингуыты хызын, рюкзак

Скъоладзауӕн чингуыты хызын равзарын хуымӕтӕг хӕслӕвӕрд нӕу. Кӕцыдӕр ныййарджытӕ стыр хъусдард здахынц ортопедикон рюкзактӕм, кӕцытӕ, уӕйгӕнджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, сты астӕуы низты профилактикӕ ӕмӕ иуварс кӕнынц гуырыкондимӕ проблемӕтӕ. Ахӕм рюкзакты аргъ у фондз мин сомӕй уӕлдӕр. Стандартон хызынтӕ та слӕудзысты 2-3 мин сомы.

Афтӕмӕй, иуывӕллоны скъоламӕ сцӕттӕ кӕныны тыххӕй хуссарирыстойнаг бинонтӕн 20 мин сомӕй къаддӕр нӕ бахардз уыдзӕн.

Фаронӕй фӕстӕмӕ хӕрдзты аргъ кӕд нӕ фӕивта, уӕддӕр бинонты бюджетыл бакӕндзӕн ахадгӕ ӕндӕвдад.

© SputnikМӕ зынаргъ фыццагкъласон
Мӕ зынаргъ фыццагкъласон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мӕ зынаргъ фыццагкъласон
Ног хабӕртты лентӕ
0