Туаты Леуан ӕмӕ Присы иннӕ цӕрджыты ӕнхъӕлцтӕ

© Sputnik / Алексей КовалевПрис
Прис - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кӕддӕры нæргæ хъæу Присы цæрæгад йе ‘мбисыл банцад, бавзæрста Гуырдзыйы цалдæр карз хӕсты ӕмӕ кæд республикӕйы столицӕйӕ хӕдтулгӕйыл фондз-авд минуты цыд йеддæмæ нæу, уæддæр цӕрджыты проблемӕтæ сты рохуаты. Уымӕ гӕстӕ Цхинвалмӕ иууыл хæстæгдæр хъæуы алæмæттаг æрдзы хъæбысы цæрджыты нымæц азӕй азмӕ кæны къаддæр.

ЦХИНВАЛ, 29 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Присы цӕрӕг карджын лӕг Туаты Леуан ивгъуыд æнусы 90-æм æзты æмæ 2008 азы Гуырдзыстоны агресситӕн бафыста уæззау хъалон — йæ фарсмæ нал сты йæ бинойнаг æмæ йӕ хъӕбул, ныппырх, цӕрӕнбонты цы хӕдзарыл фӕфыдӕбон кодта, уый.

Йæ бинонтæн раздахæн нал ис, фæлæ ныр аст азы уазæгуаты кæй цæры, уый зæронд лæджы схъыгзæрдæ кодта æмæ йæ хӕдзар арæзтæй феныны ныфс фесæфт.

Цхинвалы районы Присы къуылдымæй рафæлгæсгæйæ Цхинвал армытъæпæны уынæгау зыны. Хуссар Ирмæ-иу знаг куы бырста, уæд-иу фыццаг ацы хъæуы бæрзæнд бацахсыны нысан æвæрдта йæ разы. Уымӕ гӕсгӕ хъӕуы цӕрджытӕ хӕсты фыццаг цӕф истой сӕхимӕ.

© Sputnik / Алексей КовалевПрисы къуылдымæй рафæлгæсгæйæ Цхинвал армытъæпæны уынæгау зыны
Прис - Sputnik Хуссар Ирыстон
Присы къуылдымæй рафæлгæсгæйæ Цхинвал армытъæпæны уынæгау зыны

Сӕ иу — карджын цардвӕллад Туаты Леуанӕн Гуырдзыстонимæ хæст ныппырх кодта йæ цæттæ цард æмæ бинонты. Ивгъуыд ӕнусы 90-æм æзты хæсты рæстæджы Хуссар Ирыстоны æдас кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ Леуаны фырт Валерий йӕ чысыл сывӕллоны акодта Цæгат Ирыстонмæ.

"Фæстæмæ цӕугæйæ йæ фæндаг уыд гуырдзиаг хъæутыл æмæ йæ æрцахстой. Ӕрмæст ирон кæй уыд, знагæн уый дæр уыд фаг. Мæ хъӕбулӕн стæрхон кодтой амарын, фæлæ сӕм уый дæр фаг нæ фӕкаст æмæ йын развæлгъау фæфыдмитæ кодтой — надтой йæ, хуыдыг ӕй кодтой Леуахийы", — дзуры зæронд лæг.

Фыдгæнджыты ‘хсæн разынд Валерийæн зонгæ гуырдзиаг лæг, уый йæхимæ райста ирон лæппуйы тæрхон сæххæст кæнын æмæ йæ акодта Леуахийы былмæ.

Присаг сæндуцæг: Хуссар Ирыстон у идеалон бынат сæнуадзынæн

"Мӕ хъӕбулы тæригъӕд мын йӕхимӕ нӕ райста уыцы лӕг, уæлдæфмæ дыууæ ӕхст фæкодта æмæ йæ ссæрибар кодта, лидзгӕ дам кӕн ныр. Лæппуйӕн æнæнхъӕлæджы лæвард цард ‘снæад, ӕдзух тырныдта тохы цæхæрмæ, ныссаст йӕ удыхъæд. Хæсты азар æмæ йын уацары тас фæцудын кодтой йæ психикӕ æмæ бирæ нал ахаста — ахицӕн йӕ цардӕй", — æрымысыд йе ‘дзард фырты Леуан.

Дыккаг хатт фыдбылыз зӕронд лӕджы къæсӕрыл æрбалæууыд 2008 азы. Бинонтæ хæсты азарæй æмбæхстысты сыхæгты арфдæр æмæ фидардæр ныккæнды. Сӕхӕдӕг сæрæгасæй аивæрзтысты, фæлæ ма сӕ дыууæуæладзыгон хæдзарæн аззадысты æрмæстдæр йæ систæ. Ӕрбынат кодтой сыхæгты æдзæрæг хæдзары. Ацӕргӕ ӕмкъӕйттӕ кӕйдӕр къуымы цардысты ныфсытимӕ, сӕ хӕдзар сын кӕй сараздзысты ӕмӕ сӕ зынгхуыст хъӕбулы фырт уӕддӕр кӕй нал уыдзӕн рахау-бахауаг. Къамис ивта къамисы, рӕстӕг цыд, Леуаны бинонты уавӕр та бынтондӕр никӕй ӕндӕвта.

"Ме ‘мкъайӕн йæ цæрæнбонты фыдæбон фесафын стыр трагедийæ хъавджыдæр нæ уыд. Ӕрвылбон цыд йæ хæдзары пырхæнтæм æмæ йæ саразыны ныфс куы фесæфт, уæд йæ сисы кæлӕддзагыл йæхи æрцауыгъта", — йӕ цӕссыгтӕ нӕ уромы нӕлгоймаг…

© Sputnik / Алексей КовалевПрисы цӕрӕг Туаты Леуан
Прис - Sputnik Хуссар Ирыстон
Присы цӕрӕг Туаты Леуан

Дада Леуан йæ чындз æмæ йæ фырты фырты бинонтимæ ныр дӕр цæры сыхаджы хӕдзары, ныфс дӕр ӕй нал ис, йæ хæдзары арæзтад ма кæй æрыййафдзæн.

"Иу рæстæджы хъавыдысты арæзтадмæ бавналын дæр. Ӕгӕрыстӕмӕй нын æмбонд дæр айсын кодтой, цæмæй дам кусджытæн арæзтадон æрмæг æнцондæр ласæн уа. Фыр цинæй мыл ӕхсæв хуыссӕг дæр нал хæцыд. Фæлæ та уыдон дӕр баззадысты ныхӕстӕй — нӕ ныфсӕвӕрджытӕ уый адыл фæтары сты", — радзырдта Леуан.

Цӕрӕнуаты проблемӕ Присы ӕрмӕст Леуанӕн нӕй. Хъæуы ис бирæ хæдзæрттæ, кæцытæ хъыгдард æрцыдысты хæстыты рæстæджы, фӕлӕ сӕ абоны онг иу дӕр арӕзт не ‘рцыд. Цæрджыты нæхæстæм гæсгæ, уыдонæй æндидзын кæныны нывæзтмæ никӕцы бахауд, кæд сæ зианæн саргъ кæныны къамистæ азæй-азмӕ кæрӕдзи ивтой æмæ ныфсытæ æвæрдтой, уæддæр.

© Sputnik / Алексей КовалевПрис
Прис - Sputnik Хуссар Ирыстон
Прис

Уый адыл раздæры нæргæ хъæу Присы цæрæгад йе ‘мбисыл банцад, бавзæрста Гуырдзыйы цалдæр карз хӕсты ӕмӕ кæд республикӕйы столицӕйӕ хӕдтулгӕйыл фондз-авд минуты цыд йеддæмæ нæу, уæддæр цӕрджыты проблемӕтæ сты рохуаты. Уымӕ гӕстӕ Цхинвалмӕ иууыл хæстæгдæр хъæуы алæмæттаг æрдзы хъæбысы цæрджыты нымæц азӕй азмӕ кæны къаддæр.

"Проблемӕтӕ нӕм тынг бирӕ ис, фæлæ сӕ иууыл стырдæр ацы хъæуæн у, хæсты фæстæ ам иу хæдзар дæр кæй нæ сарæзтой, цыма махæн æндæр хæсты бахъыгдард сты, уыйау", — дзуры присаг æрыгон чызг Яралова Анна.

Йӕ ныхӕстӕн ӕвдисӕнтау хъӕуы къуымты лӕууынц хæдзæртты пырхӕнтӕ, ӕрхӕндӕгдӕр кӕнынц хъӕуы ӕнӕуый дӕр мӕгуырау бакаст. Ӕндидзын кæныны процесс ардӕм дӕр ӕрбахæццæ уыдзæн искуы, уый ныфс тайы бонæй-бонмæ.

© Sputnik / Алексей КовалевПрис
Прис - Sputnik Хуссар Ирыстон
Прис

Уымӕй дарддӕр ма Присы цæрджытæ тыхсынц донифтонгады ӕмӕ фӕндӕгты æвзæр уавæрӕй дӕр. Бæлгӕ та кӕнынц æрдзон газы фæзындмæ.

"Нæ цурты ацыд газы хæтæл, дзурынц, Ленингоры районмæ дам æй ауагътой, мах та горæты къæсæрыл уымæй дæр стæм æнæхай. Зындзинæдтæ æвзарæм нуазыны донæй. Цӕрджытӕ фылдӕр бӕрцæй дарынц дыргъдæттæ, фос, кусынц сӕ цæхæрæдæттæ ӕмӕ уымӕй цӕрынц. Хъæу сæдзæрæг ис, тагъд нын сыхæгтæ дæр нал уыдзӕн", — банысан кодта Анна.

Фӕлӕ хъæууон администрацийы кусæг Туаты Лариса та, ӕрӕджы республикӕйы цы ӕппӕтадӕмон сфыст ӕрцыд уагъд, уый бӕрӕггӕнӕнтыл ӕнцойгӕнгӕйӕ радзырдта, ныртӕккӕ хъæуы кӕй ис 77 хæдзары, цæрæгады нымæц та ахызт 200-йæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0