Плиты Азæ: сабитимæ кусын у стыр хорзæх

© Sputnik / Наталья БосиковаВоспитатель Аза Плиева
Воспитатель Аза Плиева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бирӕ ӕзты дӕргъы ацы хъомылгӕнӕджы ӕнувыд ахаст бандӕвта цалдӕр фӕлтӕр сабитыл. Сабидоны хицӕн ӕзты рауагъдонтӕ йӕм ныр дӕр ӕрбацӕуынц ӕмӕ йын фӕдзурынц, цы сын бантыст саразын, афтӕ сӕ дарддӕры плӕнтты тыххӕй дӕр.

ЦХИНВАЛ, 27 сен — Sputnik, Босыкты Наталья. Хъомылгæнæг Плиты Азæ 24 азы дæргъы кусы Цхинвалы рæвдауæндоны, уый æмрæстæджы ӕххӕст кӕны хъомылгæнæджы æмæ методисты куыст дӕр.

Хъомылгæнæджы æмæ скъолайы агъоммæ уагдоны кусæджы бон æрвылаз дӕр нысан цæуы 27 сентябры.

Аза цалынмæ хъомылгæнæгæй райдыдта куысын, уæдмæ уыд архивон службæйы кусæг. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уæд уый бирæ нæ зыдта сабидæтты куысты тыххæй, фӕлӕ фæстæдæр ӕнувыдӕй бауарзта ацы куыст.

РХИ сгуыхт ахуыргӕнӕг Джиоты Мария Федоры чызг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуыцауысконд ахуыргӕнӕг

Йæ куыст бæрнон кæй у æмæ йыл бирæ тыхтæ кæй хардз кæны, уымæ æнæкæсгæйæ, сабийы куыд рæзы, хъомыл кӕны, зонгӕ кӕны дунеимӕ — уымæ хъус дарын, Азæйы ныхæстæм гæсгæ, у тынг зынаргъ удæн.

"Сабитæ нæм æрбацæуынц æдзæттæйæ, фылдæр сæ зонындзинæдтыл цайдагъ кæнынц хъомылгæнджытæ. Уыдон сты сыгъдæг сыфы æнгæс æмæ сын мах фидар кæнæм сæ ахаст дунемæ, сæ миддуне фидар кæныны хъуддаджы исæм хайад", — загъта хъомылгæнæг.

Азæйы ныхæстæм гæсгæ, хъомылгæнæджы куыст у уæздан дæсниад, "дæхицæй дæр бирæ цæуы, фæлæ ноджы фылдæр та райсдзынæ". 

Хъомылгæнджытæ, кæцытæ нæ уарзынц сабиты, науæд семæ нæ фидауынц, хъуамæ ацы фадыджы ма кусой. Фæлæ ма хъомылгæнæг хъуамæ уа тызмæг дæр, цӕмӕй дзы аргъуц кӕной.

"Нымайын, ацы кары сабитæ кæронмæ не ʻмбарынц уарзондзинад æмæ цыт æмæ чысыл тæрсгæ дæр хъуамæ кæной хъомылгæнæгæй. Ӕз тызмæг хъомылгæнæг дæн, фæлæ мæ куысты нырма никæцы ныййарæджы хъыджы бацыдтæн, не ʻхсæн хъаугъа никуы рацыд. Мæ хъомылгæнинæгтимæ мын ис хорз ахастытæ, кæрæдзи хорз æмбарæм", — дзуры Азæ Михаилы чызг.

Сабидоны ныртӕккӕ ис 200 сывӕллоны, группӕтӕ иууылдӕр сты семыдзаг. Ацы хорз демографион уавӕр чысыл вазыгджын кӕны хъомылгӕнджыты куыст, кӕцытӕ, сабиты нымӕцмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, уыдонӕй алкӕцымӕ дӕр хъуамӕ аздахой хъусдард индивидуалон ӕгъдауӕй.

Цхинвалы байгом ног сабидон

"Ахӕм проблемӕ уӕвы алы сабидоны дӕр. Нӕ кусджытӕ тырнынц алы сабимӕ дӕр индивидуалон хъусдард здахын. Фӕлӕ нын арӕх нӕ фыдӕбонӕн нӕ аргъ кӕнынц, уый та у иууыл вазыгджындӕр ӕмӕ сӕйрагдӕр куыст", — банысан кодта уый.

Бирӕ ӕзты дӕргъы ацы хъомылгӕнӕджы ӕнувыд ахаст бандӕвта цалдӕр фӕлтӕр сабитыл. Сабидоны хицӕн ӕзты рауагъдонтӕ йӕм ныр дӕр ӕрбацӕуынц ӕмӕ йын фӕдзурынц, цы сын бантыст саразын, афтӕ сӕ дарддӕры плӕнтты тыххӕй дӕр. Азӕ Михаилы чызджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕ рауагъдонтӕ иууылдӕр ахуыр кӕнынц хорз, ӕмӕ йӕ ис ныфс, фидӕны сӕ хорз гоймӕгтӕ кӕй рауайдзӕн.

"Ӕз уарзын мӕ професси, афтӕ йыл сахуыр дӕн ӕмӕ мӕхи ӕндӕр никӕцы бынаты уынын. Сывӕллӕттимӕ кусын стыр хорзӕх у, уыдон сты тынг сыгъдӕг, ӕнӕхин, нӕй сӕм, сабидоны къӕсӕрӕй ахизгӕйӕ цы бирӕ ӕппӕрццаг миниуджытыл ӕмбӕлӕм, уыдонӕй", — балхынцъ кодта Плион.

Ног хабӕртты лентӕ
0