Присаг шампайнаг ӕмӕ зараг "Машка"

© Sputnik / Алексей КовалевВинодел из села Прис Павел Сиукаев
Винодел из села Прис Павел Сиукаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Sputnik ма айразмӕ дӕр фыста Хуссар Ирыстоны у иунӕг шампайнаг сӕн аразӕг, Присы хъӕуы цӕрӕг Сиукъаты Павелы тыххӕй, кӕцы фӕстӕ нӕ лӕууы хъуыстгонд сӕндуцджыты продукцийӕ. Ацы аз Павел фӕфылдӕр кодта йӕ продукцийы гуырахст ӕмӕ балхӕдта машинӕ.

ЦХИНВАЛ, 19 окт — Sputnik, Тадтаты Андрей. Сиукъаты Павелыл майы сӕххӕст 70 азы. Юбилейон датӕ уый сфӕнд кодта ног машинӕ балхӕдӕй банысан кӕнын — присаг пенсиисӕг Mitsubishi Pajero Pinin-ӕн ӕхцатӕ ӕрӕмбырд кодта уӕззау, фӕлӕ сфӕлдыстадон куыстӕй. Павел у иунӕг сӕндуцӕг Хуссар Ирыстоны, кӕцы аразы шампайнаг сӕн, йӕ продукци ницӕмӕй хицӕн кӕны зындгонд шампайнӕгтӕй.

"Ацы аз мын сӕнӕфсиримӕ ис бӕллӕх. Тынг цъус у, чи срӕгъӕд, уый та тынг донджын нӕу. Сæнæфсиры дон рауайы 50 процентӕй фылдӕр, ныр та йӕ ӕртыккаг хай дӕр нӕ рауад", — катай кӕны сӕндуцӕг.

Сӕнӕфсир Павел цъӕл кӕны йӕ хӕдзары ныккӕнды, сӕрмагондӕй бетонӕй арӕзт дуцӕны. Ам ма ис цалдӕр тулдзы боцкъайы, сӕ иу — 560 литрӕн — ныридӕгӕн у йедзаг. Иннӕ дыууӕ байдзаг кӕнын ацы аз нал бантысдзӕн — мӕгуырау тыллӕг.

Присаг сæндуцæг: Хуссар Ирыстон у идеалон бынат сæнуадзынæн

Фӕлӕ шампайнаг сӕны фаг суыдзӕн — иннӕ ныккӕндон бӕстыхайы ӕнхъизы уӕздан нозт. Алы боцкъайы сӕрыл дӕр лӕууы литрон авг йӕ цыппӕрӕм хайы бӕрц донимӕ. Уыдон сты сӕндуцӕн процессы ӕнӕмӕнгхъӕуӕг хӕйттӕ.

Ацы процессы нӕй исты механизаци ӕмӕ иууылдӕр цӕуы хӕдзары, раст зӕгъгӕйӕ та цалдӕр хайыл ныддихгонд ныккӕндон бӕстыхайы. Цалынмӕ сау æмæ урс сæнæфсиры сорттæ — "Изабелла" ӕмӕ "Ливадия" дуцӕнмӕ нӕ бахауынц, уӕдмӕ цупӕлттӕ рӕгъӕд кӕнынц Павелы хӕдзары фӕстӕ стыр сӕндоны. Тыллӕг ӕфснайыны афон куы ӕрхӕццӕ вӕййы, уӕд Павел баххуырсы бригадӕ цыппар адӕймаджы скондӕй, уыдон ма йын ӕххуыс кӕнынц сӕн дуцынӕн.

"Ныр цалдӕр азы баххуырсын цыппар узбекы. Куыстуарзон лӕппутӕ сты, хистӕр — Мурӕт — мӕнӕй ӕвзӕрдӕр нӕ кусы. Боны мидӕг сын фидын фӕйнӕ иу мин сомы. Ӕндӕр гӕнӕн нӕй, иунӕгӕй нал тых кӕнын — уыйас уӕргътӕ мӕ бон нал у хӕссын", — дзуры сӕндуцӕг.

Сӕн боцкъайы ӕнхъизы ӕхсӕз мӕйы, уый фӕстӕ йӕ ныккӕны ӕвгты, уым процесс адарддӕр вӕййы ноджы цыппар мӕйы.

© Sputnik / Алексей КовалевСӕрмагонд ныккӕнды ӕнхъизы присаг шампайнаг сӕн
Подвал с бочками вина для присского игристого  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сӕрмагонд ныккӕнды ӕнхъизы присаг шампайнаг сӕн

Уыцы рӕстӕджы фарсыл хуыссӕг ӕвгты ӕрӕмбырд вӕййынц бынтӕ ӕмӕ сӕ хъӕуы афтӕ райсын, цӕмӕй ӕвгты уӕлдӕф ма бацӕуа. Фӕлӕ уыдон сты процессы сусӕгдзинӕдтӕ, кӕцытӕ Павел нӕ хъавы раргом кӕнын.

Шампайнаг куы сцӕттӕ вӕййы, уӕд уый бандадзы ӕвгтыл йӕ этикеткӕтӕ, батухы сын сӕ хъуыртӕ пробкӕ ӕмӕ фольгайӕ — ӕмӕ уыдӕттӕ иууылдӕр къухӕй.

© Sputnik / Алексей КовалевПрисаг сӕндуцӕг Сиукъаты Павел
Винодел из села Прис Павел Сиукаев  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Присаг сӕндуцӕг Сиукъаты Павел

Куыд алцы эксклюзивон ӕмӕ гъӕджын продукци, афтӕ йӕ сӕн дӕр бирӕ не ′нхъӕлмӕ кӕсы йӕ фӕлхасгӕнӕгмӕ.

"Ацы аз, фаронимӕ абаргӕйӕ, шампайнаг сӕн рауагътон ӕртӕ хатты фылдӕр, фӕлӕ заказтӕ сты ноджы фылдӕр — ныридӕгӕн продукци иууылдӕр у дихгонд. Мӕскуыйӕ мын цы этикеткӕтӕ ӕрласынц, уый тыххӕй ӕхца дӕр нӕ фӕисынц, зӕгъгӕ нын сӕн ратт. Ӕз стыр ӕхцаты фӕдыл нӕ цӕуын, сӕйрагдӕр мын у процесс. Азӕй азмӕ мӕ шампайнаг сӕн архайын фӕхуыздӕр кӕнын, ӕмӕ мын куы бантысы, уӕ вӕййын амондджын", — дзуры Павел райгондӕй.

Йæ райгонд цæсгом ма рухс калы йӕ фыццаг машинӕйы койӕ дӕр, кӕцы балӕвар кодта йӕхицӕн 70 азы юбилеймӕ. Машинӕйӕн радта ном "Машка" ӕмӕ у ӕнӕдызӕрдыг, уымӕй хуыздӕр машинӕйӕн ссарӕн кӕй нӕй.

© Sputnik / Алексей КовалевПавел йӕ 70 азы юбилеймӕ балӕвар кодта йӕхицӕн машинӕ, радта йын ном "Машка"
Винодел из села Прис Павел Сиукаев  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Павел йӕ 70 азы юбилеймӕ балӕвар кодта йӕхицӕн машинӕ, радта йын ном "Машка"

Куыддӕр мотор скусы, афтӕ ӕвиппайды скусы автомагнитолӕ дӕр ӕмӕ райдайы цӕгъдын музыкӕ, рахицӕн гӕнӕн та йын ис ӕрмӕстдӕр машинӕ ахицӕнгӕнгӕйӕ. Электроникӕйы цухдзинад Павел нӕ тындзы цалцӕг кӕнын, фӕлӕ йӕ нымайы йӕ зӕрдӕйы уагы хъӕлдзӕг миниуӕгыл, раст йӕхи хуызӕн.

"Сӕйрагдӕр у, цӕмӕй сӕн рацӕуа хорз ӕмӕ "Машка" куса, афтӕ та цӕуылнӕ хъӕуы цӕрын, ӕмӕ цин кӕнын?", — худы уый.

© Sputnik / Алексей КовалевСӕнӕфсир тонынӕн къалати Павел сбыдта йӕхӕдӕг 25-аздзыдӕй
Сӕнӕфсир тонынӕн къалати Павел сбыдта йӕхӕдӕг 25-аздзыдӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/5
Сӕнӕфсир тонынӕн къалати Павел сбыдта йӕхӕдӕг 25-аздзыдӕй
© Sputnik / Алексей КовалевСӕрмагонд ныккӕнды ӕнхъизы присаг шампайнаг сӕн
Сӕрмагонд ныккӕнды ӕнхъизы присаг шампайнаг сӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/5
Сӕрмагонд ныккӕнды ӕнхъизы присаг шампайнаг сӕн
© Sputnik / Алексей КовалевСӕнӕфсиры тыллӕг ацы аз мӕгуырау уыд, фӕлӕ шампайнагы фаг у
Сӕнӕфсиры тыллӕг ацы аз мӕгуырау уыд, фӕлӕ шампайнагы фаг у - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/5
Сӕнӕфсиры тыллӕг ацы аз мӕгуырау уыд, фӕлӕ шампайнагы фаг у
© Sputnik / Алексей КовалевПроцессы сусӕгдзинӕдтӕ Павел нӕ хъавы раргом кӕнын
Процессы сусӕгдзинӕдтӕ Павел нӕ хъавы раргом кӕнын - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/5
Процессы сусӕгдзинӕдтӕ Павел нӕ хъавы раргом кӕнын
© Sputnik / Алексей КовалевКуыд алцы эксклюзивон ӕмӕ гъӕджын продукци, афтӕ сӕн дӕр бирӕ не ′нхъӕлмӕ кӕсы йӕ фӕлхасгӕнӕгмӕ
Куыд алцы эксклюзивон ӕмӕ гъӕджын продукци, афтӕ сӕн дӕр бирӕ не ′нхъӕлмӕ кӕсы йӕ фӕлхасгӕнӕгмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
5/5
Куыд алцы эксклюзивон ӕмӕ гъӕджын продукци, афтӕ сӕн дӕр бирӕ не ′нхъӕлмӕ кӕсы йӕ фӕлхасгӕнӕгмӕ
1/5
Сӕнӕфсир тонынӕн къалати Павел сбыдта йӕхӕдӕг 25-аздзыдӕй
2/5
Сӕрмагонд ныккӕнды ӕнхъизы присаг шампайнаг сӕн
3/5
Сӕнӕфсиры тыллӕг ацы аз мӕгуырау уыд, фӕлӕ шампайнагы фаг у
4/5
Процессы сусӕгдзинӕдтӕ Павел нӕ хъавы раргом кӕнын
5/5
Куыд алцы эксклюзивон ӕмӕ гъӕджын продукци, афтӕ сӕн дӕр бирӕ не ′нхъӕлмӕ кӕсы йӕ фӕлхасгӕнӕгмӕ
Ног хабӕртты лентӕ
0