Кӕсагджыны хъӕу, Гӕджиты Леонид, æргъай ӕмӕ еугӕф

© Sputnik / Алексей КовалевЛосось
Лосось - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гæджиты Леониды продукцийы 5 мин иуæджы ныридӕгӕн æнхъæлмæ кæсынц этикеткæтæм. Амалиуæггæнæг фæнд кæны фидæны Цхинвалы бакæнын дукани æмæ бæллы уæрæсейаг базары тæрхджытыл фенын кæсагджынаг æргъай, валергæсаг æмæ еугæф фенынмæ, йæ амалиуæгады бынатӕй та дзæнæттаг къуым саразынмӕ.

ЦХИНВАЛ, 11 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Къуыдаргомы бынӕттон цӕрӕг Гæджиты Леонид бындур ӕрӕвӕрдта йæ амалиуӕгад ООО "Южный ветер"-æн ӕмӕ цыбыр æмгъуыдмæ йæ æргъай, валергæсаг æмæ еугæфы кой айхъуыст ӕппӕт республикӕйыл.

Гæджиты Леонид райгуырд æмæ схъомыл Къуыдаргомы Кæсагджыны хъæуы. Ӕвӕццӕгӕн ын чысылӕй фӕстӕмӕ кӕсӕгтӕм уарзондзинад дӕр уырдыгӕй фӕзынд. 2010 азы лӕгӕн бантыст йӕ бӕлицц сӕххӕст кӕнын. Уый ӕрбынат кодта Къуайсамæ фæндаджы былыл ӕмӕ уынгæг комы хъæбысы Сусæг цæугæдоныл сарæзта йæхицæн чысыл амалиуӕгад — кæсаджы хæдзарад "Южные ворота".

© Sputnik / Алексей КовалевКæсаджы хæдзарад "Южные ворота"
Лосось - Sputnik Хуссар Ирыстон
Кæсаджы хæдзарад "Южные ворота"

Райдианы Леонид æсхæвиуат кодта вагоны, ныридæгæн дзы сарæзта хъæдын хæдзар æмæ æрцард ам. Ӕрдæгарæзтæй ма йын лæууынц ӕндӕр, стырдӕр хæдзар æмæ кæсаджы фыд рацаразæн цех. Йæ къаннæг хъæуы (рахуыдта йӕ Гыццыл Кæсагджын) нырма у иунгæг цæрæг, фӕлӕ йӕ ныфс ис, тагъд ын кӕй фӕзындзӕн сыхӕгтӕ дӕр.

"Фыццаг ам сæвæрдтон иу чысыл вагон, лæугæйæ иу дзы цæугæ дæр нæ кодтон. Кæсагджынæй рацæугæ лæг кæсаджы куыст хъуама кæна. Ирыстоны кæсаджы хæдзарадæн цы цæугæдæттæ бæззынц, уыдоныл æрзылдтæн æмæ дзы ахастон экспертизæмæ Дзæуджыхъæумæ. Фараст донæй иууыл хуыздæр разынд Сусæг дон æмæ ам æрбынат кодтон", — мысы йæ фыццаг къахдзæфтæ уый.

Азæй азмæ Леониды хæдзарад кæны уæрæхӕй уæрæхдæр. Сусæг донмæ рауагъта æххуысгæнæн доны къалиу Шихантуры æфцæгæй, айгæрста йын фæндаг дæр, сарӕзта бассейнтӕ. Хӕдзарад Цхинвалӕй у 20 километры дӕрддзæф, фæлæ уæддæр Леониды æргъай æмæ валергæсаг ӕлхӕнынмӕ цæуынц куыд бынӕттон дӕрддзӕф районтӕй, афтӕ Уæрæсейæ дæр.

© Sputnik / Алексей КовалевГӕджиты Леонид
Гӕджиты Леонид - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/7
Гӕджиты Леонид
© Sputnik / Алексей КовалевӔргъай
Ӕргъай - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/7
Ӕргъай
© Sputnik / Алексей КовалевГæджиты Леониды продукцийы 5 мин иуæджы ныридӕгӕн æнхъæлмæ кæсынц этикеткæтæм.
Гæджиты Леониды продукцийы 5 мин иуæджы ныридӕгӕн æнхъæлмæ кæсынц этикеткæтæм. - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/7
Гæджиты Леониды продукцийы 5 мин иуæджы ныридӕгӕн æнхъæлмæ кæсынц этикеткæтæм.
© Sputnik / Алексей КовалевӔргъай
Ӕргъай - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/7
Ӕргъай
© Sputnik / Алексей КовалевЛеонид Sputnik журналистты дӕр суазӕг кодта йӕ кӕсӕгтӕй
Леонид Sputnik журналистты дӕр суазӕг кодта йӕ кӕсӕгтӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
5/7
Леонид Sputnik журналистты дӕр суазӕг кодта йӕ кӕсӕгтӕй
© Sputnik / Алексей КовалевГæджиты Леонид йӕ хӕдзар дӕр аразы йӕхи къухтӕй
Гæджиты Леонид йӕ хӕдзар дӕр аразы йӕхи къухтӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
6/7
Гæджиты Леонид йӕ хӕдзар дӕр аразы йӕхи къухтӕй
© Sputnik / Алексей КовалевНыр та уал Леониды фарсмæ лæууы иууыл æнувыд æмбал – йæ цуанон Шарик, уый хъахъхъæны хъæдзар къæрныхæй, кæсаджы та уырдæй.
Ныр та уал Леониды фарсмæ лæууы иууыл æнувыд æмбал – йæ цуанон Шарик, уый хъахъхъæны хъæдзар къæрныхæй, кæсаджы та уырдæй. - Sputnik Хуссар Ирыстон
7/7
Ныр та уал Леониды фарсмæ лæууы иууыл æнувыд æмбал – йæ цуанон Шарик, уый хъахъхъæны хъæдзар къæрныхæй, кæсаджы та уырдæй.
1/7
Гӕджиты Леонид
2/7
Ӕргъай
3/7
Гæджиты Леониды продукцийы 5 мин иуæджы ныридӕгӕн æнхъæлмæ кæсынц этикеткæтæм.
4/7
Ӕргъай
5/7
Леонид Sputnik журналистты дӕр суазӕг кодта йӕ кӕсӕгтӕй
6/7
Гæджиты Леонид йӕ хӕдзар дӕр аразы йӕхи къухтӕй
7/7
Ныр та уал Леониды фарсмæ лæууы иууыл æнувыд æмбал – йæ цуанон Шарик, уый хъахъхъæны хъæдзар къæрныхæй, кæсаджы та уырдæй.

Ацы амалиуæгад цæмæй ӕппæт гуырахстæй скуса, уый тыххӕй хъæуы 50 милуаны. Уæд рауæрæх уыдзæн продукцийы гуырахст, хицæнæй уадздзæн еугæф, стад кæсаджы фыд, æмæ кæсаджы чысыл цæхджын фыд.

"Сарæзтон 50 милуаны аргъ нывæзт, банымадтон мæ хæрдзтæ æмæ æфтиаг. 5-10 азмæ раздахин хицауадæн сæ фæрæзтæ. Фæлæ, цæмæдæр гæсгæ, нæ разы кæнынц. Абхазы ахӕм æнгæс проект æнтыстджын нæ разынд æмæ уымæ гæсгæ ме ‘вдисæйнагтыл не ʻууӕндынц", — дзуры уый.

Инвестицион агентады уылты Леонидӕн йӕ хъуыддаг куы нæ цыд, уæд бафæлвæрдта Националон банкæй райсын кредит. Амалиуæггæнæг ныридæгæн хицауадæй хæсджын у дыууæ милуан сомы, уыдон дæр ын бантыст райсын фыдæбæттимæ, фæлæ дзы уӕддӕр йæ хæдзарад райтынг.

"Балхæдтон уазалгæнæнтæ, фæздæгдзыдгæнæн, афтæ цадæггæай мæ хъуыддаг кæнын. Президентимæ дæр фембæлдтæн, уый банчы къухдариуӕгадӕн бахæс кодта, цæмæй мын мæ къух саразой, фæлæ цæмӕдæр гæсгæ хъуыддаг нӕ рауад. Националон банчы фондз милуан кредитæн домдæуы, цӕмӕй мын хицауад фидарæй (поручитель) слæууа, уый та ахæм разыдзинад нæ равдыста. Уымæ гæсгæ ма мын радтой æрмæстдæр иу милуан, фæлæ уый дæр феххуыс ис мæ хъуыддаджы", — радзырдта уый.

Ныридæгæн ӕлхӕнджытӕй Леониды кæсæгтӕй чи фӕхъæстæ вæййы, уый йын йæ диссаджы ад нæ рох кæны æмæ йæм æппынӕдзух цæуынц бынатмæ. Фидæны йæ фæнды Цхинвалы дæр саразын хисæрмагонд дукани.

"Ӕргъай æмæ валергæсаджы килограмм лæууы 600 сомы. Валергæсаг вæййы чысыл, фæлæ æргъай вӕййы фондз-авд килограммы уӕзӕн дӕр, вæййы дзы ахæмтæ, кæцыты уӕз ахизы 20 килограммы онг дӕр. Еугæфы кило та ауæй кодтон цыппар мин сомыл, кæд Дзæуджыхъæуы авд мин у, уæддæр", — банысан кодта амалиуӕггӕнӕг.

© Sputnik / Алексей КовалевӔргъай
Лосось - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕргъай

Гæджиты Леонид йæ амалиуӕгад æппæт гуырахстæй куы скусын кæна, уæд фæнд кæны æрхонын куыстмæ 12 адæймаджы. Ныр та уал йæ фарсмæ лæууы иууыл æнувыд æмгар — йæ цуанон Шарик, уый хъахъхъæны хъæдзар къæрныхæй, кæсаджы та уырдæй.

Йӕ фӕндтӕ йӕхи фӕндиаг куы ацӕуой, уӕд Леонид фæнд кæны йæ продукци хæццæ кæнын Уæрæсейы базæрттæм дӕр. Фæстæдæр ма йæ амалиуæгады цур, фæндагæн йæ дæллаг фарс, цæугæдон Пацъайы былгæрон фæнд кæны самайын ресторан æмæ уазæгдон дæр.

Леонидмæ хæдзары телевизор фæзынд бынтон рæджы, фæлæ йæм ис хъæздыг литературæ — фæсарæйнаг ӕмӕ уырыссаг классикты, Ирыстоны историйы чингуытæ, афтӕ ма ӕрмдӕснытӕн амонӕн чингуытæ. Цивилизацийӕ дæрддзæф цард ын феххуыс ис æмæ ма Леонид райдыдта хъæдӕрмæджы куыст. Йӕ хъæдын хæдзар мидæгæй дæр йемыдзаг у мигæнæнтӕ æмæ дзаумайæ — хъæдын тæрхæг, скъапп, фынгтæ ӕмӕ æндæр рæсугъд хæдзарон дзаума. Уыдон се ‘ппæт дæр рацыдысты йæхи къухтæй. Уымӕй дарддӕр ма уарзы шахмӕттӕ ӕмӕ сын фынг ӕмӕ фигурӕтӕ дӕр аразы йӕхӕдӕг.

"Шахматон фигурæтæ арæзтон æртæ азы дæргъы. Ӕлхæнæг дæр сын фæзынд, фæлæ сæ мæ цæст уæй кæнын нæ бауарзта. Хæдзары цы мигӕнӕнтӕ ис, уыдон иууылдӕр мæхи арæзт сты", — загъта Леонид.

© Sputnik / Алексей КовалевШахматон фигурæтæ Леонид арæзта æртæ азы дæргъы
Лосось - Sputnik Хуссар Ирыстон
Шахматон фигурæтæ Леонид арæзта æртæ азы дæргъы

Ацы цымыдисон нӕлгоймаг зындзинæдтæй нæ тæрсы. Иу æмæ йӕ дыууæ хатт нӕ бахъуыд йӕ хъуыддаг ногӕй райдайын. Зындзинӕдтӕ сфӕлдӕрдтой Леониды, уый нымайы, алкæцы адæм дæр сæхи дарын хъуамæ фæразой сæхæдæг.

"Цыппар хатты мæ бахъуыд мæ амалиуӕгадтæ ногæй, нолӕй саразын. Бæллæхты иу бахаудтæн Узбекистан, Уырыс æмæ æндæр бӕстӕты. Фæлæ фæсмон ницӕуыл кæнын. Мæ сывæллæттæ фесты сӕ ахуыр, мæ бинойнаг кусы ахуыргæнæгӕй, æз та мæхицæн æрымысдтæн кæсаг дарыны куыст. Нæ зонын, ӕнæ уымæй ныр куыд цардаин", — балхынцъ кодта йæ ныхæстæ уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0