Мыдгӕс Сиукъаты Алан ӕмӕ йӕ ног рецепттӕ

© Sputnik / Сергей Мамонтов /  Ахизын медиабанкмæДемонстрационная пасека в Кузьминском парке в Москве
Демонстрационная пасека в Кузьминском парке в Москве - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сиукъаты Алан цыппар азы дæргъы хорз сахуыр кодта мыдыбындзыты хицæндзинæдтæ æмæ сæ дарыны сусæгдзинæдтæ.

ЦХИНВАЛ, 21 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Присаг мыдгæс Сиукъаты Алан мыддарыны куыст хоны зивæггæнæджы иууыл пайдахæссæгдæр амалиуæгад, Присы къуылдым та бары Альпаг уыгӕрдӕнтимӕ ӕмӕ йӕ нымайы мыдыбындзытӕн иууыл хуыздӕр бынатыл.

Алан йæ къæртатæ сбирæ кæнынмæ нæ тырны, кæд ацы амалиуæгад нымайы æнтыстджыныл, уæддæр. Мыд уæй нæ кæны, йӕхӕдӕг куыд банысан кодта, афтӕмӕй йæ тыллæг æххæссы йе ʻмгæрттæ æмæ йæ хæстæджытыл, уымӕй фылдӕр ӕй хъӕугӕ дӕр нӕ кӕны.

"Ме ʻввахс адæмыл æххæссы, уымæй фылдæрæй цы кæнын?! Фæлæ мыды куыст у зивæггæнæджы иууыл пайдахæссæгдæр амалиуæгад. Кусын дзы бирæ ницы хъæуы, æфтиаг та хорз цæуы. 100 къæрта куы дарай, уæд уыдзынӕ æнтыстджын бизнесмен", — дзуры мыдгæс.

© Sputnik / Михаил ХасиевАлан йæ къæртатæ сбирæ кæнынмæ нæ тырны, кæд ацы амалиуæгад нымайы æнтыстджыныл, уæддæр
Пчеловодство в с.Прис - Sputnik Хуссар Ирыстон
Алан йæ къæртатæ сбирæ кæнынмæ нæ тырны, кæд ацы амалиуæгад нымайы æнтыстджыныл, уæддæр

Сиукъаты Аланӕн йæ ивгъуыд царды фылдæр хай баст у æфсæддон службæимæ. Архайдта Ирыстоны зынгхуыст хъайтар Хуыбылты Валерийы къорды. Уый фæстæ разамынад лæвæрдта Хъахъхъӕнынады министрады фæндзæм батальоны присаг къордæн, 1999 азæй фæстæмæ кусы скъолайы дæр — рæзгæ фæлтæрты цайдагъ кæны æдасдзинады нормæтæ æмæ райдайæн æфсæддон цæттæдзинадыл.

Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй Хуссар Ирыстоны хæсты хъæр куы ныннымæг, уæд уый дæр ӕрӕвӕрдта йӕ хæцæнгарз ӕмӕ сабыр царды райдыдта фӕллой кӕнын йæ зæрдæмæ æввахс куысты. Уыцы бонтӕй мысинаджы хуызы ма йӕ кæрты ныууагъта ӕрмӕстдӕр хæстон цатыры скъуыддзæгтæ, 2008 азы йӕ уынджы цы гуырдзиаг рӕмудзӕн ӕрмӕг ӕрхауд, уымӕй та сарӕзта нуазӕн.

"Хæст фæцис, æфсæддон службæ аззад фæстейæ æмæ мæхицæн агуырдтон исты уæлæмхас куыст. Фыццаг мын ме ʻмгар æнхъардта мыды куыст райдайын. Æппынфæстаг мæхæдæг дæр аскъуыддзаг кодтон мыд дарыныл ныххæцын æмæ балхæдтон мӕ фыццаг æртæ къæртайы", — радзырдта Алан.

Уый уыд цыппар азы размӕ æмæ уæдæй нырмæ мыдгӕсы дӕсниад Аланӕн ссис йæ уарзон куыст. Банысан кодта, мыдыбындзытимæ архайд йын, кæд æй цалдæр хатт фæнадтой, уæддæр кӕй хæссы æхцондзинад æмæ суры æрхæндæг зӕрдӕйы уаг.

"Мӕ бындзытӕм кæсын иттæг æхсызгонæй, уарзын семӕ архайын. Стæй сæ азæй азмæ хуыздæр райдыдтон æмбарын. Ӕнӕуый мӕ цалдæр хатт фæнадтой, иу мыдыбындз мын мæ цæстыгагуы дæр ныццавта. Йæ фат та йын мæ цæстæй рынчындоны сластой. Ныррæсыдтæн ӕмæ мæ ничиуал зыдта. Уæдæй фæстæмæ сæм æнæ сæрмагонд дарæсæй нал хизын", — зӕгъы уый.

© Sputnik / Михаил ХасиевСиукъаты Алан хорз сахуыр кодта мыдыбындзыты хицæндзинæдтæ æмæ сæ дарыны сусæгдзинæдтæ
Пчеловодство в с.Прис - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сиукъаты Алан хорз сахуыр кодта мыдыбындзыты хицæндзинæдтæ æмæ сæ дарыны сусæгдзинæдтæ

Мыдыбындзыты хуыздæр бамбарынæн Алан кæсы сӕрмагонд литературæ, фæлæ ацы куысты иууыл ахсджиагыл нымайы теоретикон зонындзинæдтæ фидар кæнын практикæйӕ дæр.

"Фæрсын литературӕ, интернеты агурын цымыдисгæнæг фарстытæн дзуаппытæ, фæлæ, семæ архайгæйæ, мӕхӕдӕг хорз сахуыр кодтон сæ уагахаст. Нæ уарзынц фæрсаг тæф — духийы, нозты. Хуыздæр у, асæст боныгъæды æмæ сæм фæсхурныгуылд ма ʻвналай", — бафтыдта йæ ныхæстæм уый.

Алан куыд дзуры, афтӕмӕй мыды чыргъӕдтӕм æппынæдзух хъæуы кæсын, хъахъхъӕнын — тæссаг сын у дыдынбындз, мыст æмæ æндæр цæрæгойтæй.

"Дыдынбындз сæм куы баирвæзы, уæд сын разнаггад кæны, стæй йе ‘ссарын дæр къӕртайы зын вæййы. Тæссаг сын у цъупфындз мыстæй дæр. Уымæ гæсгæ сӕ рæстæгæй рæстӕгмæ абӕрæг кæнын. Уазал зымæг мыдыбындзæн у иууыл хуыздæр, ацы рæстæг кæнынц фынæй æмæ сæ хæрд дæр хъæуы къаддæр", — банысан кодта уый.

Сиукъаты Аланӕн йӕ мыддарыны хъуыддаг алыхатт афтӕ нывыл нæ цыд. Йæ чыргъӕдтӕ фыццаг куы бабирæ сты, уӕд сыл схæцыд цавӕрдӕр низ ӕмæ йын се ‘мбисыл банцадысты. Хабар хуыздӕрырдӕм фӕивта, чыргъӕдтыл Алайнаг епархийы динамонгæг фыд Георгий куы саргъуыдта, уӕд.

© Sputnik / Михаил ХасиевМыдгӕс йӕ бындзытӕм кæсы иттæг æхсызгонæй, уарзы семӕ архайын
Пчеловодство в с.Прис - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мыдгӕс йӕ бындзытӕм кæсы иттæг æхсызгонæй, уарзы семӕ архайын
Алан мыддарды куыст нымайы иууыл æфтиагджындæр бизнесыл Хуссар Иры. Фӕлӕ, уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, йӕхӕдӕг йæ мыды хæдзарад фӕуæрæхдӕр кæныны фæнд нæ кæны. Фӕззӕджы ӕхсӕз къæртайӕ систа 80 килограммы бæрц мыд æмæ йæ нымайы хорз тыллӕгыл.

Мыд та нымайы иттӕг пайдаджын продуктыл, ӕфтауы йӕ алы ӕмӕ алы хӕринӕгтыл, ӕгӕрыстӕмӕй туагыл дӕр. Туаджы ацы ног рецептӕн Аланы ӕмгӕртты хсӕн уайтагъддӕр фӕзынд бирӕ табугæнджытæ.

"Туаг куы сфыцӕм, уæд ма хъæрмуст куы вæййы, афтæ йæм бафтауӕм мыд ӕмӕ рацæуы тынг хæрзад. Фæстæдæр мæ фæнды бафæлварын мыдæй карз нозт саразын дæр", — дзуры мыдгӕс.

Бындзытӕ ма, банысан кодта уый, мыдæй дарддæр хæссынц æндæр пайдаджын ӕфтиаг дӕр, уыдонæй сæйрагдæр у бындзы къуыртт. Алан йӕхӕдӕг никуы бафæлвæрдта къуыртт сисын, фæлæ йын йæ диссаджы хосгӕнӕн æууæлтæ зындгонд сты.

"Мыдыбындз цы продукт дæтты, уыдонӕй йæ химикон æууæлтæм гæсгæ иууыл хуыздӕр у къуырттæй ист тæнгъæд. Йе сконды ис сӕдӕйы онг пайдахæссæг элементы. Йæ фондз граммы лæууы 50 мин сомы онг. Фæлæ къуыртт куы исай, уæд бындзы мыггаг кæныс цæгъдгæ", — балхынцъ кодта уый.

Ныр та уал Сиукъаты Алан "Альпаг (Присаг) уыгæрдæнты" мыдæй ифтонг кæны йе ʻввахс ӕмгӕртты ӕмӕ хӕстӕджыты.

Ног хабӕртты лентӕ
0