Гасситы Мурӕт: мæ уæлахизтæ иууылдæр нывонд кæнын Ирыстонæн

© Фото: Элина Габараева Встреча Мурата Гассиева с болельщиками в Цхинвале
Встреча Мурата Гассиева с болельщиками в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гасситы Мурӕт майрæмбоны æрцыд Хуссар Ирыстонмæ, фембæлд президент Тыбылты Леонидимæ æмæ аныхас кодта йæ табугæнджытимæ.

ЦХИНВАЛ, 9 дек — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ стыр ӕнӕрхъӕцӕй æнхъæлмæ кастысты Гасситы Мурӕт æмæ Денис Лебедевы тохмæ, ацы ныхмæлæудмæ республикӕйы кастысты стырæй-чысылæй, загъта президент Тыбылты Леонид чемпионимӕ йӕ фембӕлды рӕстӕджы.

IBF версимæ гæсгæ дунейы чемпион Гасситы Мурӕт йæ тренер Сланты Виталий æмæ йæ командæимæ майрæмбоны æрцыд Хуссар Ирыстонмæ. Цхинвалы спортсменты йæхимæ райста Тыбылты Леонид.

"Ирон боксы скъола рахызт дунейон æмвæзадмæ. Ды дæ рæзгæ фæлтæртæн цæвиттон. Дунейы цæрæг ирон адæм бæллыдысты дæ уæлахизмæ æмæ сын сæ ныфс нæ фæсайдтай", — загъта президент.

Тыбылты Леонид бузныджы ныхæстæ загъта тренерæн æмæ йӕ командæйы уæнгтæн, кæцытæ балæууыдысты Гасситы Мурӕты фарсмæ, боксерæн та йæ цӕст бауарзта ног уæлахизтæ æмæ æнтыстытæ йæ карьерæйы.

Президент схорзæхджын кодта Гасситы Мурӕт æмæ йæ тренер Сланты Виталийы Кады Ордентæй.

Гасситы Мурӕты ныхæстæм гæсгæ, йӕ тохы уыйбӕрц æмзæххонтæ куы федта, уæд "æгæрыстӕмæй стыхст".

Леонид Тибилов награждает Мурата Гассиева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент схорзӕхджын кодта Гасситы Мурӕт ӕмӕ Сланты Виталийы Кады ордентӕй

"Нæ мæ фæндыд мæ адæмы фæхудинаг кæнын æмæ мын бантыст", — загъта чемпион.

Тренер Сланты Виталий банысан кодта, ирон адæм тынг кæй баххуыс котой Мурӕтæн. Фиагдоны нæлгоймæгты моладзандоны моладзантæ сӕрмагондӕй ацы тохы тыххӕй арвыстой Мæскуымæ Мадымайрæмы уазныв. Мурӕт йæхæдæг та алкæцы тохы размæ дæр къулыл бакæны ирон тырыса æмæ æрмæстдæр уый фæстæ райдайы йæ тренировкӕтӕ.

Президентимæ фембæлды фæстæ уазджытӕ ацыдысты ПККЗ "Чермен"-мæ.

Боксеры сӕдӕгай сӕрыстыр фонаттӕ ногӕй ӕрӕмбырд сты залы, цыран сабаты, фыр хъыллист ӕмӕ хъӕрӕй ныффӕсус уӕвгӕйӕ, ӕнхъӕлмӕ кастыты Мурӕты уӕлахизмӕ. Аплодисменттӕ, арфӕтӕ ӕмӕ бузныджы ныхӕстӕ ногӕй райхъуыст чемпионы адресыл.

Хуссар Ирыстоны Гасситы Мурӕты хонынц ирон боксы легендӕ, ӕвзонг боксертӕй та йӕ алкӕцы дӕр йӕхицӕн уыны цӕвиттойнагӕй.

Ӕрӕмбырдуӕвджыты фарстытӕн дзуаппытӕ дӕтгӕйӕ, боксер банысан кодта, йӕ уӕлахизтӕ иууылдӕр кӕй нывонд кӕны Ирыстонӕн, кӕцы уый, куыд ӕппӕт ирон адӕмы, нӕ дих кӕны хуссар ӕмӕ цӕгатыл.

"Уæлдай эмоцитæ мæм уыцы уæлахизы фæстæ нæ уыд. Æз бирæ рæстæг цыдтæн уыцы тохмæ, цæттæ кодтон мæхи æмæ алцыдæр банкъардтон хуымæтæгæй. Тох куыддæр фæцис æмæ тæрхонгæнджытæ нымайын куы райдыдтой, уæд мын мæ тренер загъта, æз кæй рамбылдтон æмæ уый тыххæй уыдтæн сабыр", — загъта спортсмен.

Æрæмбырдуæвджыты ма цымыдис кодта, куыд æрвиты Мурӕт йæ хуымӕтӕг бонтӕ, цы хæринæгтæ уарзы иууыл фылдæр æмæ куыд банысан кодта йæ уæлахиз. Ацы фарстытæн Гасситы Мурӕт дзуапп радта цыбырæй: "иннæтæй ницæмæй хицæн кæнын".

Бокс. Бой между Д. Лебедевым и М. Гассиевым - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент: Гасситы Мурӕтмæ æнхъæлмæ кæсынц Хуссар Иры

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, куыд алы профессионалон спортсменæн, афтæ уымæн дæр йæ æрвылбоны фылдæр хай ацæуы тренировкæтыл. Сæрибар рæстæг æй фæнды йе ‘мгæртты æмæ æввахс хиуæттимæ æрвитын, йæ уæлахизтæ та нысан кæны хæдзары.

Мурӕт ма бузныджы ныхæстæ загъта, киноконцертон зал "Чермен"-мæ абон чи ‘рбацыд, чи йын æнхъæлмæ каст æмæ куывта йæ уæлахизæн, уыцы адæмæн.

Уый ма дзырд радта, кæй тырндзæн ног уæлахизтæм Ирыстоны кадæн. Æвзонг спортсментæн та йæ зæрдæ загъта сæхиуыл æууæндын æмæ ‘нæсæтгæйæ тырнын сæ бæллицтæм.

Ног хабӕртты лентӕ
0