Ирон Микеланджело

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæПосетительница на выставке в Московском музее современного искусства
Посетительница на выставке в Московском музее современного искусства - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Равдыст "Дыууӕ легендӕйы параллельтӕ. Едзиты Сосланбег ӕмӕ Нико Пиросмани" ӕрбайгомы хӕдразмӕ Нырыккон аивады мӕскуыйаг музейы йӕ куратор Людмила Андреева ауагъта журналисттӕн пресс-тур.

Сабеты Аланӕ, Sputnik

Едзиты Сосланбег кӕд нымад у фыццаг ирон скульпторыл, уӕддӕр йӕ куыстытӕн Мӕскуыйы равдыст уыдзӕн фыццаг хатт. Уӕрӕсейаг столицӕмӕ цӕгатирыстойнаг паддзахадон музейӕ ӕрластой ирон нывгӕнӕджы 24 куысты.

Выставка Ушанга Козаева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон нывгӕнӕг Козаты Ушангы равдыст байгом Мӕскуыйы

Едзиты Сосланбеджы ном адӕмы хсӕн хъуыстгонд нӕу, фӕлӕ сфӕлдыстадон ӕхсӕнады йӕ куыстытӕ сты тынг популярон, уыдон удцырын кӕнынц бирӕ ӕвзонг нывгӕнджыты. Скульптор ныххӕцыд йӕ фыд — дургусӕджы дӕсныйадыл ӕмӕ ӕрӕвнӕлдта мемориалон объекттӕ аразынмӕ, хӕдзӕртты систӕ монументалон бавӕрдтӕй фӕлындынмӕ. Афтӕ ма куыста ингӕнты цыртытыл дӕр. Рӕстӕджы цыдимӕ Сосланбег райдыдта аразын адӕймаджы фигурӕтӕ дӕр ӕмӕ цадӕггай бафтыд нывгӕнӕг-пластикы аивадыл.

"Нырма уал йӕ куыстытӕ уыдысты тъӕпӕн рельефтӕ, стӕй сӕ фӕкъуыпдӕр кодта. Куыд рагон нывгӕнджытӕ, зӕгъӕм, Микеланджело, афтӕ Едзийы фырт дӕр тырныдта дурӕн йӕхи формӕ бахъахъхъӕнынмӕ. Уый-иу Микеланджелойау ралвӕста дурӕй адӕймаджы буары формӕ", — радзырдта равдысты куратор Людмила Андреева.

Уый банысан кодта, тынг ахсджиаг кӕй у бахъахъхъӕнын Едзиты Сосланбеджы цыртытӕ, кӕцытӕ ныртӕккӕ сты гом арвы бын ӕмӕ сӕ пырх кӕны рӕстӕг.

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæЕдзиты Сосланбеджы скульптурӕ "Хъынцъымгӕнӕг зӕд"
Скульптура Скорбящий ангел Сосланбека Едзиева на выставке Параллель двух легенд. Сосланбек Едзиев и Нико Пиросмани в Московском музее современного искусства - Sputnik Хуссар Ирыстон
Едзиты Сосланбеджы скульптурӕ "Хъынцъымгӕнӕг зӕд"

Равдыст ауадзыны хъӕппӕрис равдыста зындгонд ирон нывгӕнӕн Соскъиты Владимир, кӕцы у скульптор сфӕлдыстадӕн ӕнувыд табугӕнӕг.

Равдыст "Дыууӕ легендӕйы параллельтӕ. Едзиты Сосланбег ӕмӕ Нико Пиросмани" байгом уыдзӕн 13 декабры 19:00 сахатыл Нырыккон аивады мӕскуыйаг музейы ӕмӕ адарддӕр уыдзӕн 2017 азы 15 январы онг.

Ног хабӕртты лентӕ
0